Фæстаг рæстæджы Знауыры районы Гуырдзыстонимæ арæныл уавæр фæкарздæр, Цънелисы хъæумæ хæстæг гуырдзиæгтæ сæ пост кæй сæвæрдтой, уый аххосæй. Уымæ гæсгæ уæлдай стырдæр хъусдард здæхт цæуы цæрджыты æдасдзинад æмæ социалон фарстытæм.

Ацы бонты арæнгæрон хъæуты цæрджытæн Президент Бибылты Анатоли бакодта материалон æххуыс. Хæлцадон продукттæй ифтонг æрцыдысты Цады бын, Балта, Метъех, Калет, Цънелис æмæ Лопаны хъæуты цæрджытæ.

Материалон æххуыс сæ хицæуттæм фæхæццæ кодта Знауыры районæй Парламенты депутат Икъоты Витали.

«Ацы хъæуты фылдæр цæрынц ацæргæ адæм æмæ сын тынг фæзын вæййы горæтмæ ацæуын, продукттæ балхæнын æмæ та фæстæмæ хъæутæм ацæуын. Уымæн æмæ ацы хъæутæ се ‘ппæт дæр дæрддзæф сты горæтмæ. Уымæ гæсгæ сын тынг æхсызгон у ахæм стыр æххуыс кæй райстой,» – загъта йæ Витали.

Хъæуы цæрджытæ дæр сæ рады зæрдæбын арфæтæ ракодтой Президент Бибылты Анатолийæн, ахæм хъусдард сæм кæй ис, уый тыххæй.

«Махмæ бирæ ис æвæрæз æмæ бирæ сы-вæллонджын бинонтæ дæр. Уыйбæрц продукттæй сæ сифтонг кæнын ахæм бинонтæн уыд стыр æххуыс. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм æххуыс мах фыццаг хатт нæ райстам. Уымæ гæсгæ райгонд стæм нæ республикæйы разамынадæй, ахæм хъусдард нæм кæй ис, уый тыххæй», – загъта хъæуы цæрæг Гæбæраты Тамилæ.

Цънелисы хъæуы цæрджытæн дæр зæрдæбынæй уыдысты сæ арфæтæ. Куыд загътой, афтæмæй сæм къуыри иу хатт æрцæуы автобус æмæ сæ цы продукттæ фæхъæуы, уыдон сын шофыр балхæны æмæ сæм афтæмæй æрхæццæ вæййынц. Ныр та уыйбæрц продукттæ райстой лæвар.

«Цы ма уа уымæй хæрзиуæгондæр хъуыддаг. Ацы аз дыккаг хатт райстам ахæм стыр æххуыс. Зæгъын хъæуы уый æмæ нæ уавæр-ты, тасы бын цæрын æнцон нæу. Гуырдзиæгтæ нæ хъæумæ хæстæг куы æрбынат кодтой, уæдæй фæстæмæ нæхицæн æнцойад нал ардтам. Æхсæв нæ хуыссæнуаты тæрсгæ-ризгæйæ фынæй кодтам. Фæлæ нæ республикæйы разамынадмæ,  куы бахатыдыстæм уæд уайтагъд, нæ цард нын сæдас кæныны тыххæй, райстой ахсджиаг мадзæлттæ. Уый тыххæй дæр стыр бузныг стæм нæ Президентæй», – дзырдтой хъæуы цæрджытæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.