Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын цæрджытæ!

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын Джиуæргуыбайы боны цытæн!

Ацы ахсджиаг традицион бæрæгбон, кæцы нысан цæуы алы ирон хæдзары дæр, рагæй фæстæмæ ссис æппæтадæмон, алыгъуызон адæмыхаттыты минæвæртты иугæнæг.

Рагзамантæй, Джиуæргуыба уыд райгуырæн зæхмæ уарзондзинад, хорз зæрдæ, ирон адæмы рæдау æмæ уазæгуарзондзинады символ.

Уаз Уастырджи, Ирыстоныл аудæгмæ кувгæйæ, нæ цытджын хистæртæ фæкурынц æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ æввахс хиуæттæн, бинонтæн, Фыдыбæстæйы адæмы монон бындурты хъахъхъæнджытæн амонд.

Уадз, уыцы куывдтытæ фехъуысæт æмæ æххæст æрцæуæт! Уадз æмæ алкæйы хæдзары, алы бинонтæм дæр уа хæрзиуæг, æмуддзинад æмæ дидинæфтыд! Ирыстоны хъахъхъæнæд Стыр Хуыцау æмæ Уаз Уастырджы!

Мæ цæст уын уарзы сабырад, циндзинад æмæ фарн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Сæрдар  Пухаты Эрик

 

***

Хъæууон хæдзарады цытджын кусджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй уын арфæ кæнын Хъæуон хæдзарады кусæджы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон æнгом кæны, зæххы куыст чи кæны æмæ йыл чи цæры, хæлцадон сæудæджерады куыстуæтты чи архайы, фосдарды æмæ халсæртты куыст чи кæны, хъæууон хæдзарады рæзтыл чи архайы, æппæт уыдоны.

Абоны бон Хицауад бирæ тыхтæ хардз кæны, цæмæй ацы фадыг суа инвестортæн иууыл зæрдæмæдзæугæ, æмæ схиза нырыккон æмвæзадмæ. Хъæууон хæдзарады фадыгимæ баст проекттæ фыццаг рады райсынц паддзахадон æххуыс. Цæмæй хъæуы цард фæхуыздæр кæнæм, уый тыххæй арæзт цæуынц фæндæгтæ, электроифтонгады хызæгтæ, ахуырады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны объекттæ. Фæлæ нæ нырма бирæ хъæуы саразын, æнæмæнгхъæуæг у активонæй ног технологитæй пайда кæнын, аграрон кондад æмæ куысты ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнын. Æппæт уыцы фарстатæ иумæйагæй скъуыддзаг цæуынц профилон министрадты. Ныфс мæ ис, йæ зæхх чи уарзы æмæ йæм хъус чи дары, уыцы хъæууон цæрджытимæ нæ бон кæй суыдзæни æппæт нæ разылæууæг хæстæ аскъуыддзаг кæнын.

Зынаргъ хæлæрттæ! Бузныг уын уæ зын куысты тыххæй!

Мæ цæст уын уарзы бирæ тыллæг, хорз боныгъæдтæ, афтæ ма æнæниздзинад, циндзинад æмæ фидæны ныфс.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар

Пухаты Эрик

 

АРФÆТÆ ЦЫБЫРТЫ ЛЮДВИГÆН

Цытджын Людвиг Алексийы фырт.

Арфæ кæнын дæуæн – зынгæ паддзахадон æмæ политкон архайæгæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Президентæн, дæ райгуырæн боны цытæн.

Зынгæ ахуыргонд-этнограф, дæ адæмы æцæг патриот, ды бирæ азты дæргъы лæггад кæныс ирон адæмæн. Дæ фæллой, курдиат æмæ стыр адæймагон миниуджыты фæрцы, дæуæн Ирыстон æмæ Уæрæсейы зонадон æхсæнады ис  хорз ном.

Ды стыр хайбавæрд бахастай нæ бæстæйы паддзахиуæгад сфидар æмæ сæндидзын кæныны хъуыддагмæ, æппæт дæ тыхтæ радтай йæ хæдбардзинад банымайыны тыххæй.

Ныфс мæ ис, дæ царды хъæздыг фæлтæрддзинад, активон зонадон æмæ æхсæнадон архайд дын, дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзысты, райгуырæн Ирыстонæн лæггад кæныны хъуыддаджы.

Дæ райгуырæн боны дын, цытджын Людвиг Алексийы фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстытæ».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

 

***

Цытджын Людвиг Алексийы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ дын сæрмагоднæй мæхи номæй арфæ кæнын дæ райгуырæн боны цытæн!

Хуссар Ирыстоны раз дæ лæггæдтæн аргъ скæнæн нæй. Зынгæ ахуыргонд, æнкъарæг ахуыргæнæг, куырыхон политик, ды стыр хайбавæрд бахастай æрмæст зонад æмæ культурæмæ нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæзтадмæ, хæдбар республикæ сæндзидзын кæныны къæсæрыл.

Дызæрдыггаг нæу, царды дæ хъæздыг цардуагон фæлтæрддзинад, активон зонадон æмæ æхсæнадон архайд дын дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзысты, Ирыстоны адæмæн лæггад кæнынæн.

Дæ Райгуырæн боны дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидигæ хъарутæ, бирæ азты сфæлдыстадон куыст æмæ бинонты фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Сæрдар Пухаты Эрик

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.