Таможнæйон службæйы цытджын кусджытæ! Зынаргъ æмбæлттæ!

Айсут мæ зæрдиаг арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон — Республикæ Хуссар Ирыстоны Таможнæйон службæйы кусæджы боны цытæн. Паддзахадон таможнæйон службæ йæ сырæзынæй фæстæмæ йæхи равдыста арæхстджын æмæ фердæхтджынæй йæ разылæууæг хæстæ чи скъуыддзаг кæны, ахæм биноныг коллективæй. Таможнæйон комитеты кусджыты фæрцы æххæст кæны нæ республикæйы бюджет.

Зынаргъ æмбæлттæ! Нырыккон экономикон уавæр махæн нæ разы æвæры вазыгджын хæстæ. Стыр ныфс мæ ис, сымах кæй равдисдзыстут уæ бæрндзинад æмæ рæстдзинад, æнæауæрдонæй æдзухдæр кæй кусдзыстут уæ профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл. Уый та дарддæр уыдзæн нæ республикæйы хæрзиуæгæн уæ ахадгæ куысты бындур.

Ацы бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы амонд, фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ æнтыстытæ уæ куысты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

***

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ мæхи номæй арфæ кæнын таможнæйон службæйы кусджытæ æмæ ветерантæн Таможнæйы кусæджы боны цытæн. Таможнæйон службæ у паддзахадон управленийы системæйы ахсджиаг цæг. Уый ахадгæйæ скъуыддзаг кæны, республикæйы уæлдæр къухдариуæгад ын йæ разы цы хæстæ æвæры, уыдон. Уыцы хæсты нымæцы сты экономикон æдасдзинад хъахъхъæнын, паддзахадон бюджет æххæст кæнын, æмæ уый та ахъаз у экономикон, социалон æмæ хуссарирыстойнаг æхсæнады царды алы фадгуыты æндæр ахсджиаг фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн. Сæ хуыздæр профессионалон миниуджытæ æвдисгæйæ, сæ зонындзинæдтæ, хъæздыг фæлтæрддзинад æмæ куысты нырыккон мадзæлттæй пайдагæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны закъондæттынадыл бындуриуæггæнгæйæ, таможнæйон службæйы кусджытæ рæвдз æмæ гъæдджынæй æххæст кæнынц сæ хæстæ. Таможнæйон кусджыты нымæцы цы патриоттæ уыд, уыдон æхсæн бирæ уыд ахæмтæ, кæцытæ æд гæрзтæ хъахъхъæдтой нæ демократон бынтæ.

Ацы бæрæгбоны Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон службæйы æппæт кусджытæ æмæ ветерантæн зæгъын фидар æнæниздзинады, амонды, куысты ног æнтыстыты, фарны æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.