1-æм марты Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат йæхимæ райста Уæрæсейы федералон таможнæйон службæйы минæвæртты, сæ сæргълæууæг Цæгат Ирыстон Аланийы таможнæйон управленийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Троцкий, афтæмæй.

Фембæлд хаста кусæгон характер æмæ нымад æрцыд семинар-æмбырдыл. Ам дзырд цыд таможнæйон пункт Дæллаг Зæрæмæджы цы проблемæтæ фæзыны, кæцытæ баст вæййынц, Хуссар Ирыстоны амалиуæггæнджытæн хæлцадон продукци ласыны рæстæджы, таможнæйы кусджытимæ цы ныхдуртыл сæмбæлынц, уыцы фарстытимæ.

Куыд зонæм, афтæмæй ахæм проблемæтыл хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджытæ Дæллаг Зæрæмæджы таможнæйон пункты æвзарынц æрвылаз дæр.

Республикæйæн æддейæ амалиуæггæнджытæ цы хæлцадон продукттæ балхæнынц реализацийы тыххæй, уыдонæн æнæмæнгхъæуæг документаци кæй нæ вæййы, уый тыххæй таможнæйон пунктыл хизгæйæ уыдонмæ вæййы алыгъуызон претензитæ. Сæ продукци цы машинæтыл вæййы, уыдон суткæгай фæлæууынц таможнæйон пункты. Куыд зонæм, афтæмæй та ахæм проблемæйæн бынат уыд цалдæр боны размæ дæр. Ныр та амалиуæггæнджытæ цалдæр боны æнхъæлмæ кастысты, кæд сын ратдзысты бар сæ уæргътæ раласынæн. Ацы фарст скъуыддзаг æрцыд æрмæстдæр РХИ-йы бæрнон адæймæгты фæрцы.

Ацы фарсты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Цæгат Ирыстон-Аланийы таможнæйон управленийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Троцкой: «Фæстаг цыппар азы ацы фарсты фæдыл уагъд æрцыд цалдæр æхсæнадæмон æмбырды. Фæлæ, куыд зонæм, афтæмæй алцæмæн тагъд аскъуыддзаггæнæн нæй. Проблемæйы райхалыны фарст ис таможнæйон службæйы боныфæткы. Уæргъты консалидацийæн ис йæхи фæткойтæ. Ацы уæргътæ чи ласы, уыцы машинæты шофыртыл уый никуыд æндавы. Уæргътæ, ома, хæлцадон продукцийæн ис баиу кæныны фадат ахæм хуызы, цæмæй сын æнцонæй уа деклараци райсыны бар, цас къаддæр номенклатурæ æвдыст æрцæуа декларацийы, уыйбæрц амалиуæггæнæгæн, кæцы продукци ласы Хуссар Ирыстоны территоримæ, уыйбæрц пайдадæр уыдзæн, – дзырдта Сергей Троцкой.

Уымæй дарддæр ма Цæгат Ирыстоны таможнæйон службæйы минæвар куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы процедурæ практикон æгъдауæй афтæ растдæр у: «Уæрæсейы Федерацийы территорийыл æлхæд продукци фидар цæудзæн иу юридикон цæсгомыл, кæцы кусдзæн консолидацийыл, ома, организаци кæндзæн продуктты оптон ифтонгад», – дзырдта уый.

Уый ма банысан кодта, ныртæккæ амалиуæггæнджытæ уæрæсейаг базæртты кæй балхæнынц чысылнымæц, фæлæ уæрæх ассортименты продукттæ. Уымæ гæсгæ уый мах къуылымпы кæны.

Сергей Троцкой ма фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитет кæй бахатыд Цæгат Ирыстоны таможнæйон службæмæ, цæмæй ас-къуыддзаг кæнæм фарст æмæ лæмбынæг бакусæм гæнæнуæвгæйæ уыцы мадзæлттыл. «Мах æруынаффæ кæндзыстæм æппæт ацы фарстатыл æмæ æввахс рæстæджы реализаци æрцæудзæнис фарст».

Троцкойы хъуыдымæ гæсгæ, цæмæй фарст закъоны фæлгæтты  скъуыддзаг æрцæуа, уый тыххæй хъæуы дыууæ республикæйы Базарадон-сæудæджерадон палатæты, афтæ ма Хуссар Ирыстоны профилон министрадтæ æмæ ведомствоты хайадист дæр.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мураты ныхæстæм гæсгæ ацы вариант у иунæг, раст, раразмæгонд хъуыдытæй. Таможнæйон службæйыл æмбæлон процедурæтæ саразгæйæ фæстæдæр алы амалиуæггæнæг дæр хъуамæ деклараци кæна йæ базайрæгтæ.

Таможнæйон арæныл нæй Уæрæсейы фарсæй фыдызгъæл аласыны бар дæр, африкæйон йемынæйы тасы тыххæй. Ацы тобæ ма хауы харбызтæ æмæ цъæх культурæйы халсартæм. Иннæ хуызтæ, ома, хъæууонхæдзарадон продукцийы хуызтæ аласыныл ницы тобæтæ ис арæныл.

Семинар-æмбырды куысты ма хайад райстой, не ‘мбæстæгтæй Дæллаг Зæрæмæджы таможнæйон постыл хизгæйæ автомашинæтыл баласты «ввоз»-ы проблемæйыл чи фембæлы, ахæмтæ.

Уазæгты Къоста æмæ Хъотайты Инал куыд загътой, афтæмæй таможнæйыл хизгæйæ уыдонæн уыд ахæм проблемæтæ.

Нырмæ куыд зыдтой не ‘мбæстæгтæ, афтæмæй хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн, кæцытæн ис иудадзыг регистраци Уæрæсейы Федерацийы территорийыл, лæвæрд цæуы рæс-тæгмæ баласт (ввоз) автотранспортон фæрæзтæн. Фæлæ не ‘мбæстæгтæ куыд дзырдтой Троцкойæн, афтæмæй уыцы уагæвæрдтæ фæивтой. Ныр уыдонæй домдæуы, цæмæй сæхи сфыссой Уæрæсейы Федерацийæ.

Ацы фарст кæронмæ æмæ бæстон æмбæрстгонд не ‘рцыд не ‘мбæстæгтæн. Загъд æрцыд, кæй æрцæудзæн скъуыддзаг ацы фарст, фæлæ цæй мидæг уыдзæн Уæрæсейы таможнæйы æххуыс проблемæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы, уый нæ бамбарын кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы таможнæйон службæйы къухдариуæггæнæг.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.