Ирон дзырдаивадыл æрцыд стыр зиан — уæззау рынчыны фæстæ фæхъуыд поэт, прозаик, публицист Харебаты Леонид. Йæ цард æмæ сфæлдыстадон фæндаджы дзæвгар хæрдтæ æмæ уырдгуытæ уыдис, фæлæ сын алы хатт дæр быхста йæ ныфсы фæрцы. Уый ирдæй разынд йæ фыццаг поэтикон æмбырдгæндтæ «Æхсæрдзæн» (1961) æмæ «Мæ уарзт»-ы (1964).

Харебаты Петрейы фырт Леонид райгуырдис 1932-æм азы цыппурсы мæйы 12-æм бон Къахеты, Лагодехы районы Хуыцъейы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ фыдæлтæ уырдæм хуыздæр цардæнхъæл алыгъдысты, фæлæ сæ зæрдæ уадиссаг ницæмæй барухс. Фыдыбæстæй иппæрд адæм сыгъзæринæй цы зæххытæ балхæдтой, уы­доныл дидинæг не ‘фтыдтой. Леонид дæр мадæй хæрз са­би­йæ баззад сидзæрæй. Фыд дыккаг ус æркодта, фæлæ йæ­хи­­цæн дæр рацæрын нæ бантыст, фæхъуыд хæрз æвзонгæй — 41-аздзыдæй. Фидæны фыссæг сабийæ фæцух мад æмæ фы­ды уарзтæй, уыд хиуæтты æвджид. Куы — … «фырæфсæст» дзы нæ уыдис, фырæстонг дæ уыйбæрц дæр куы хъуыдаид.

Фидæны фыссæджы кæд йæ фадат нæ амыдта, уæддæр зындзинæдты ныхмæ ныллæууыд фидарæй æмæ сын нæ куымдта асæттын. Йæ фадæттæ йæ куыд амыдтой, афтæ йæ уд радта чиныгмæ. Гуырдзы Къахеты цæрæг адæмæн нæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæныны бар кæй нæ лæвæрдтой, уый тыххæй астæуккаг скъола каст фæцис гуырдзиаг æвзагыл. Уæддæр æй йæ мадæлон æвзаджы уарзт йæхимæ тынгдæр æлвæста. Йæ ма­ды æхсыримæ фыццаг уый ахъардта йæ туджы, йæ уды уый тæлфыд. Поэзи йыл йæхимæ куыд тынгдæр хæ­цыд, афтæ йыл мадæлон æвзаджы уарзт йæ Фы­ды­зæххырдæм æнцад тынгæй-тынгдæр. Ахæм уарзтимæ бацыд 1952-æм азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ ахуыр кæ­нынмæ. Каст æй куы фæцис, уæд 1962-æм азмæ куыста ахуыргæнæгæй. Стæй рахызт мыхуыры куыстмæ. Дæс азы бæрц уыд газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы, сырæзт бæрнон нымæрдары хæдивæджы онг. Уыйфæстæ куыста типографы директорæй, чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй, стæй йæ акодтой Хуссар Ирыстоны драмон театры директорæй. Фæс­тæдæр раивта рауагъдады сæйраг редакторы бынатмæ, 1992-æм азы та ссис йæ директор. Уыд газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор, стæй — Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг. Уыд куль­ту­рæйы сгуыхт кусæг. Хицæн рæстæджыты хорзæх­джын æрцыд майдан æмæ Кады грамотæтæй. Йæ райгуыр­дыл 70 азы юбилей­мæ райста РХИ-йы орден «Кады нысан». Йæ лæггæдтæн æвдисæн — йæ чнгуытæ «Æндæр у мæ сагъæс» (1968), «Фæцис мæ уалдзæг» (1974), «Мæ уды сагъæстæ» (1981), «Мæ уды хуызтæ» (2010) æмæ æндæр æмбырдгæндты.

Поэты Ирыстоны уарзт дзурын кодта, гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы нæ фыдбоны сыхæгтæ ирон адæмæн цы фыддзи­нæдтæ арæзтой, уыдон ныхмæ дæр.

Фыссæджы сфæлдыстады аккаг бынат бацахстой йæ романтæ «Уарзт æмæ денджыз», «Сыгъдысты зæрдæтæ», стæй сабитæн фыст æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, кадджытæ. Йæ уацмыстæ йын уæлдай цымыдисон æмæ зæрдæмæдзæугæдæр кæнынц, фæлмæн юмор дзы кæмæ фæхæццæ, уыдон. Бирæтæ дзы ивд æрцыдысты сыхаг адæмты æвзæгтæм.

Рухсаг у!

Ирыстоны Фысджыты цæдис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.