Афтӕ хуыдтой Хъесаты уӕздан ӕмӕ фӕрнджын лӕг Валодяйы. Чидӕриддӕр ӕй зыдта, уыдонӕй йӕ алчи дӕр уарзта, кад ын кодта. Нӕ дӕр цӕстмӕ, нӕ дӕр ӕфсӕрмӕй, нӕ дӕр исты ӕнхъӕлцау – зӕрдӕбын ӕмӕ зӕрдиагӕй. Алкӕй цӕсты дӕр бӕрзонд, алкӕй уды дӕр арф ӕвӕрд уыдис. Уымӕн ӕмӕ, цы царды фӕндагыл рацыд, уыцы фӕндагыл арфӕйаг фӕд ныууагъта ӕрмӕстдӕр, уыцы бӕстӕм дӕр ын «дӕ цӕст сау» ницӕмӕй зӕгъдзыстӕм – йӕ бакӕнгӕ хъуыддӕгтӕ нын цӕвиттойнаг ӕмӕ фӕзминаг сты…

Æмбарын ӕй, ацы фӕрнджын лӕгы тыххӕй ма исты ныффыссын фӕсхуымелойы хуызӕн рауайдзӕн, фӕлӕ цы бакӕнон… Афтӕмӕй та мӕм, Хуыцау ӕвдисӕн, бирӕ алыгъуызон фӕндтӕ уыдис нӕ фарны хистӕр, не мсис ӕфсымӕр Хъесайы-фырты 90 азы юбилей, цас гӕнӕн ис, уый бӕрц рӕсугъдӕй банысан кӕныны тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ мӕ комкоммӕ коллегӕ уыд, йӕ цард, йӕ куысты хабӕрттӕн комкоммӕ ӕвдисӕн уыдтӕн, фехъусӕггагӕй сӕ нӕ зыдтон. «Рӕстдзинад» ӕмӕ «Хурзӕрин» Æхсар ӕмӕ Æхсӕртӕгау фаззон ӕфсымӕртӕ сты. Гъе, ӕмӕ уыцы фаззон «ӕфсымӕртӕй» сӕ иуӕн бирӕ азты дӕргъы ӕнувыд лӕггад кӕнгӕйӕ адӕмы хуыздӕрты хсӕн барджын бынат чи ссардта, уыцы фӕрнджын лӕгӕн ӕфсымӕрон газеты йӕ юбилейы кой скӕнын уыцы газетӕн йӕ къухдариуӕггӕнӕгыл ӕмбӕлд.

Адӕм «уыцы дзуары хуызӕн лӕг» кӕй хуыдтой, уыимӕ фыццаг хатт лӕгӕй лӕгмӕ базонгӕ дӕн дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз азы размӕ, 1980 азы фӕззӕджы Цӕгат Ирыстоны гастролты уӕвгӕйӕ нӕ цӕгатаг театры коллектив ӕрдзы хъӕбысмӕ куы фӕхуыдтой, уӕд. Уӕд Валодя йӕ тӕккӕ зындгондыл уыдис, ӕз  та – цавӕрдӕр хӕххон дзигло, стӕй мӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц хистӕр  уыд, ӕмӕ ахӕм лӕгимӕ хӕлар уыдтӕн, зӕгъын мӕ цӕсгом хъӕцгӕ та куыд хъуамӕ бакӕна, фӕлӕ-иу кӕддӕр-кӕддӕр искуы куы амбӕлдыстӕм, ӕмӕ-иу мыл зӕрдиагӕй куы бацин кодта, уӕд-иу фырдиссагӕй арвмӕ сырӕзтӕн.

Æмӕ уыцы дӕргъвӕтин рӕстӕджы дӕргъы иууыл тынгдӕр цӕуыл дис кодтон Валодяйы тыххӕй – йӕ фыруӕздан ахаст, йӕ куырыхон зонд ӕмӕ тадзгӕ-баргӕ ныхасыхъӕдыл. Фыруӕздан ахаст та йын уыдис алкӕмӕ дӕр. Куыд хистӕртӕм, афтӕ – кӕстӕртӕм дӕр. Стӕй йын уӕлдай нӕ уыд, чи цы бынат ахста, бӕрзонддӕр кӕнӕ ныллӕгдӕр чи уыд… Адӕм ын иууылдӕр уыдысты иу ӕмвӕзадыл, цурон ныхас кӕнын куыд никӕй цур уарзта, афтӕ нӕ уарзта, исчи йын уӕлдай цыты митӕ кодтаид, уый дӕр. Æвӕццӕгӕн ыл кардӕй карстау уый тыххӕй сфидыдта хуыцауӕй кургӕ къухдариуӕггӕнӕджы  ном дӕр.

Никуы мӕ ферох уыдзӕн, нӕуӕдзӕм азты фӕстаг ӕмбисы нӕ мыхуыры фӕрӕзтӕ сӕфты къахыл куы ныллӕууыдысты, уӕд ма журналы куыстон. Зӕгъын, сӕрсӕфӕн былӕй чи фӕцӕйхауы, уый ма ӕххуысӕнхъӕл кӕрдӕджы халмӕ дӕр куы фӕлӕбуры – ӕмӕ ацыдтӕн Дзӕуджыхъӕумӕ, журналы тиражы иу гыццыл уд уӕддӕр бауадзыны ныфсӕй. Æмӕ мӕ къухы бафтыд, уыцы рӕстӕгмӕ журнал «Мах Дуг» цал адӕймаджы рафыстой, уымӕй йӕ бирӕ фылдӕр адӕмӕн рафыссын кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххуысы къух мӕм чи фӕдаргъ кодта, уыдоны фӕрцы. Уыдонӕй иу уыд Хъесаты дзуары хуызӕн лӕг Валодя. Кӕд сӕхӕдӕг дӕр бӕллиццаг уавӕры нӕ уыдысты, уӕддӕр мын баххуыс кодта зӕрдиагӕй, дыууӕ боны дӕргъы Джыгкайты Шамилимӕ мемӕ фӕрацу-бацу кодтой иу организацийӕ иннӕмӕ, ӕмбӕлдыстӕм адӕмимӕ, ӕмбарын сын кодтой нӕ уавӕр.

Бирӕ азты дӕргъы «Рӕстдзинад» ӕмӕ «Хурзӕрин»-ы хсӕн цы традици ныффидар, ӕрвылаз дӕр дыууӕ коллективы хсӕн сфӕлдыстадон фембӕлдтытӕ уадзыны тыххӕй, уыцы фӕрнӕйдзаг хъуыддаг кӕд раздӕры редактортӕ Хъаныхъуаты Валодя ӕмӕ Куымӕридтаты Алейӕ райдыдта,  уӕддӕр ацы традицийы ахсджиагдзинадӕн Хъесайы-фырт бирӕ бӕрзонддӕр нысаниуӕг лӕвӕрдта. Ныхас-иу нӕм куы ӕрхауд ацы темӕйы фӕдыл, уӕд-иу алы хатт дӕр уыцы тӕхудыгӕнӕджы хъӕлӕсӕй афтӕ бакодта: «Чизоны Хуыцауы бафӕнда ӕмӕ ма нӕ ӕндӕр коллективтӕ дӕр бафӕзмой».

Чизоны не мбӕлы, уыцы традици дӕргъвӕтин рӕстӕджы дӕргъы цӕмӕн ныцауӕзт, уыцы фарстыл ӕргом ныхас ӕрӕфтауын, фӕлӕ бӕстӕ алцызонджытӕй ӕгӕр байдзаг ӕмӕ сӕ хъуыддаг кӕм нӕ вӕййы, уым дӕр пахуымпартӕй агӕпп ласынц!..

1999 азы мӕ Цыбырты Людвиг ацы бынатмӕ куы снысан кодта, уӕд мын йӕ сӕйраг фӕдзӕхст уый уыди, зӕгъгӕ, нӕ газет ӕмӕ нӕ цӕгатаг ӕфсымӕрты сӕйраг газет «Рӕстдзинад»-ы хсӕн цы традици ныффидар, ууыл къух сисӕн нӕй, цыфӕнды уӕззау уӕвӕры ма уӕм, уӕддӕр. Æмӕ сӕ фӕхуыдтам уыцы аз, нӕ фембӕлд уыди Мзиугомы, кӕд ихсыдкъух ӕмӕ афтиддзыпп уыдыстӕм, уӕддӕр нын республикӕйы къухдариуӕгад нӕ къух алцӕмӕй дӕр сарӕзта, цӕмӕй фембӕлд ацыдаид ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл, зӕрдӕхудтӕй мацӕмӕй баззадаиккам не фсымӕртӕ ӕмӕ но хоты раз. Традицимӕ гӕсгӕ уыцы фембӕлды фӕстӕ аз та уыдоны рад уыд фембӕлд сорганизаци кӕнын. Никӕй бауырндзӕн, кӕд уыцы заманы алцӕмӕй дӕр къуылымпытӕ ӕвзӕрстам, уыцы нымӕцы бастдзинады хъуыддаджы дӕр, уӕддӕр Валодяимӕ, ӕппынкъаддӕр, къуыри дыууӕ хатты ныхас кодтам нӕ радон сфӕлдыстадон фембӕлды тыххӕй. Æмӕ уыцы фембӕлд рауад ноджы парахатдӕр ӕмӕ цымыдисондӕр, ӕмбӕлгӕ та фӕкодтам Хетӕджы къохы.

Уӕдмӕ ӕрбалӕууыд газет «Рӕстдзинад»-ы 80 азы юбилей, кӕцы бындуронӕй фӕивта бирӕ цыдӕртӕ. Юбилеймӕ ма цалдӕр боны куыд хъуыд, афтӕ та мӕм Валодя фӕдзырдта. Нӕ ныхасы сӕр уыд, Хуссарӕй кӕй фӕхуыдтой, юбилейы чи хъуамӕ раныхас кӕна, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй. Куыд мын загъта, афтӕмӕй, дам, республикӕйы хицауӕн йӕхи нӕ равдӕлдзӕн ӕмӕ йӕ бӕсты арфӕйы ныхас зӕгъдзӕн администрацийы сӕргълӕууӕг Мамиты Инал. Æз та – кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «Хурзӕрин»-ы номӕй. Æмӕ ацыдыстӕм. Юбилей ирон театры бӕстыхайы уыд, фӕлӕ уал ӕз, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, бауадтӕн нӕ фысымтӕм, редакцимӕ. Валодяйы тынг  тыхстгъуызӕй баййӕфтон. Кабинеты дыууӕрдӕм рацу-бацу кодта, зындис ыл, дзурын дӕр ын зын кӕй уыд, фӕлӕ йын ӕнӕдзургӕ дӕр нӕ уыд ӕмӕ ӕрӕджиау, уыцы мӕстӕлгъӕдӕй, афтӕ бакодта: «Иу ныхасӕй, куыддӕр рӕсугъд нӕ рауад, нӕ хъуыддӕгтӕ чысыл фӕивтой… Хицаумӕ уыдтӕн, сӕрмагондӕй мӕм  фӕдзырдта… иу ныхасӕй, юбилейон изӕры Хуссарӕй раныхас кӕндзынӕ ӕрмӕстдӕр ды. Афтӕ бафӕндыд нӕ хицауы ӕмӕ цы нӕ бон у, мемӕ хӕлар у, зоныс ӕй, фӕлӕ йын йӕ ныхасыл «нӕ» куыд хъуамӕ зӕгъӕм». Ахӕм тыхст уыд ӕмӕ йӕ фӕрсгӕ дӕр нал бакодтон, цӕмӕн афтӕ рауад, уый тыххӕй. Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, мӕхӕдӕг уымӕй тынгдӕр стыхстӕн… Уый та куыд, паддзахады сӕргълӕууӕджы адмистрацийы сӕргълӕууӕгӕн нӕ уыдзӕн ныхасы бар, фӕлӕ – мӕнӕн… Уый та нысан кодта, бынтондӕр кӕмӕ не нхъӕлмӕ кастӕн, ахӕм маст бавзарын, кӕд дзы ӕз ницы азымджын уыдтӕн, уӕддӕр. Цалынмӕ театрмӕ хӕццӕ кодтам, уӕдмӕ мын машинӕйы бадгӕйӕ фергомдӕр кодта йӕ ныхас: фӕхъыг, дам, ис нӕ хицау… Кӕд, дам, кӕй  фӕхуыдтон, уыдоны, ам уӕвгӕйӕ, нӕ равдӕлд нӕ бӕрӕгбоны хайад райсынмӕ, уӕд ма, дам, администрацийы сӕргълӕууӕджы дӕр цы тыхсын кӕнӕм…

Юбилейон изӕры цы бирӕ арфӕйы ныхӕстӕ райхъуыст, уыдонӕн сӕ иу хай уыдысты Валодяйӕй йӕхи адресыл. Иуӕй уымӕн, ӕмӕ йын алчи дӕр уыдта йӕ зӕрдиаг куыст, йӕ фӕрнджын архайд, иннӕмӕй та зыдтой уый дӕр, ӕмӕ юбилейы фӕстӕ йӕ куыст кӕй хъуамӕ ныууагътаид – йӕ кармӕ гӕсгӕ, ӕндӕр дзы ницы аххосаг уыди… Æмӕ алчи дӕр архайдта, фадатӕй спайда кӕнгӕйӕ ма уыцы дзуары хуызӕн лӕгӕн рӕвдыд ныхӕстӕ зӕгъыныл. Йӕхӕдӕг ӕнӕхъӕн изӕр фӕбадт ӕнкъардӕй. Адӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуыды кодтой, ома,  йӕ куыст кӕй хъуамӕ ныууадза, уый тыххӕй у афтӕ ӕнкъард. Фӕлӕ нӕ – уый йӕхи фӕндон уыд, республикӕйы къухдариуӕгады раз фарст йӕхӕдӕг сӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ ссӕрибар кӕной йӕ бынатӕй, ӕмӕ ӕрхӕндӕг цӕмӕн хъуамӕ уыдаид уый тыххӕй.

Фӕлӕ афтӕ хъуыды кодтой, чи йӕ уыдта, уыдон. Уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ зыдтой, уыцы изӕр Валодя афтӕ ӕнкъард цӕмӕн уыдис, уый аххосаг. Æз ӕй зыдтон. Валодяйӕн тынг зын уыд, йӕ удӕй фылдӕр цы Ирыстоны уарзта, уыцы Ирыстоны дыууӕ хайы хсӕн иууыл бӕрзонддӕр ӕмвӕзадыл афтӕ кӕй рауад, уый. Уӕлдай зын та йын уый уыд, уыцы ӕнӕзӕрдӕхцон хабары хайадисӕг кӕй уыд… Юбилейон изӕры фӕстӕ дӕр ма нӕм ӕрхауд ныхас уыцы темӕйыл. Дзасохы-фырт нӕ дыууӕйы дӕр иуварс акодта, мӕнӕн уал бузныджы ныхӕстӕ фӕдзырдта – диссаджы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхас, дам, ракодтай… Фӕлӕ йӕ иттӕг хорз бамбӕрстон, адӕмӕй нӕ уый тыххӕй кӕй нӕ ахибар кодта, цӕмӕй мӕнӕн бузныджы ныхӕстӕ зӕгъа – «хуссайраг» ӕвдисӕн ӕй хъуыд…  Цыма, йӕхимӕ йын сӕрмагондӕй куы фӕсидт, уӕд ын нӕ уыдис ахӕм фарст радтыны гӕнӕн, уыйау мӕ цуры бафарста Валодяйы: «Мыййаг искуы нӕ хуссайраг ӕфсымӕрты истӕмӕй бафхӕрдтат?» Ома газеты. «Ницӕуыл, Хуыцау нӕ бахизӕд ахӕмтӕй. Цы нӕ бон у, уымӕй архайӕм нӕ Ирыстонӕн йӕ хуссар хайы проблемӕтӕ рӕгъмӕ хӕссыныл. Бӕргӕ, ӕххуысхъом куы уаиккам, фӕлӕ нӕ нӕ къух цӕмӕй амоны, уымӕй сӕ фарсмӕ балӕууынмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ стӕм. Æгӕрстӕмӕй ма нӕ редакцийы ног штат дӕр бакодтам, цӕмӕй нын уым, бынаты нӕхи сӕрмагонд уацхӕссӕг уа, ӕмӕ нӕ куыст ӕнӕкъуылымпыйӕ цӕуа». Ног штаты кой фехъусгӕйӕ Дзасохы-фырт йе рфгуытыл бӕрзонд схӕцыд: «А-а, даже так… и вот такое отношение к нам…

Кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, цыма нӕ рагон традици бирӕ рӕстӕджы дӕргъы кӕй банымӕг, уый газет «Рӕстдзинад»-ы ног редактор Фидараты Булаты  аххос уыд, фӕлӕ – ада-гъа… Фидараты Булатӕн Ирыстоны хуссар хаймӕ уазал ахаст куы уыдаид, уӕд нӕ бацархайдтаид Цӕгат ӕмӕ Хуссары журналистты цӕдисты хсӕн Хӕлардзинад ӕмӕ ӕмгуыстады тыххӕй бадзырд ӕрфыссыныл.

Булат сӕйраг редактор куы сси, уымӕй иу мӕйы фӕстӕ уыд нӕ фыццаг фембӕлд. Зӕрдиагӕй мын дзырдта, цӕмӕй фембӕлдаиккам, фӕхоныны, фысымиуӕг кӕныны хӕс дӕр райста йӕхимӕ, фӕлӕ традицимӕ гӕсгӕ мах рад уыд фембӕлд сорганизаци кӕнын, уымӕн ӕмӕ фӕстаг фембӕлды нӕ фысымтӕ уыдон уыдысты ӕмӕ куыд хъуамӕ бахастаин мӕ сӕрмӕ, цӕмӕй нӕ дыууӕ хатты фӕд-фӕдыл уыдон фӕхуыдтаиккой? Мӕгуыргуртӕ куынӕ стӕм, мыййаг – иу ма та дзы сӕрыстырдзинад куы хуыйны! Нырма махыл ӕмбӕлд сӕ фӕхонын, фӕлӕ… Нӕ рагон традици нын скойы аккагыл дӕр ничи банымадта… Дзырд, дӕ уазӕджы цӕмӕй фӕхынцай, ӕрмӕст ууыл нӕ цӕуы – ахӕм хъуыддӕгтӕ хивӕндӕй аразгӕ не сты, уымӕн ӕмӕ йын, боныфӕстагмӕ, официалон, ӕхсӕнпаддзахадон нысаниуӕг ис.

Æмӕ рӕстӕгмӕ банымӕг нӕ рӕсугъд, нӕ бафӕзминаг традици, фӕлӕ цард цӕуы ӕмӕ амонд хӕссы. Фӕлӕ нын уыцы амондхӕссӕг цард ахӕм амонд никуыуал ӕрхӕсдзӕн, цӕмӕй ма Хъесаты Валодяйы уӕздан мидбылхудт ӕмӕ йӕ зондджын, йӕ уырзӕй ӕвзӕрст дзырдтӕ нӕ удтыл царвау батайой… Фӕлӕ нын ныууагъта рухс фӕд. Ныууагъта нын кӕрӕдзи уарзыны, хуыздӕр кусын ӕмӕ хуыздӕр цӕрыны традицитӕ. Ӕмӕ, кӕд нын уыцы дзуары хуызӕн лӕг ӕцӕгӕй уыд тынг зынаргъ, уӕд ын йӕ рӕсугъд традицитыл нӕ къух макуы сисӕм…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Къамы: Хъесаты Валодя, Цыбырты Людвиг æмæ Дзассохты Алыксандримæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.