Рагон бердзенаг философ Гераклит  фыста, зæгъгæ, зæрдæхæлардзинад дæр у стыр курдиат, фыссæг, музыкант æмæ нывгæнæджы курдиатау, адæймагæн æрдзы лæвар вæййы, æрдз, дам æй куынæ схай кæна адæймагæн, уæд, дам дзы цæрæнбонтæм уыдзæнис æрмист, æнæхай. Чизоны, стыр философы ацы ныхæстæ искæмæ раст нæ фæкæсой, фæлæ мæ абон цы дзæнæттаг адæймаджы рухс ном æрæмысын фæнды, уымæн йæ цардвæндагыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд уыцы ныхæстæ алкæмæ дæр раст фæкæсдзысты, уымæн æмæ йын æрдз æнæвгъау схай кодта  царды иууыл ахсджиагдæр миниуджытæ – стыр адæймагдзинад, зæрдæхæлардзинад æмæ куыстуарзондзинад. Мæ уацы уын цы диссаджы хæларзæрдæ адæймаджы кой  кæнын, уый цардæй ахицæн дыууиссæдз боны размæ.

Пухаты Светланæ Пъетры чызг райгуырд горæт Цхинвалы интеллигентон бинонты ‘хсæн.  Æвзонг чызг ахуыргæнæг кæй суыдзæн, уый чысылæй аскъуыддзаг кодта. Йæ ахуыргæнджытæ йын афтæ тынг бауарзын кодтой хъомылгæнæджы дæсныйад æмæ æндæр професси райсыныл хъуыды дæр нал акодта. Тынг хорз нысæнттыл нæ горæты 3-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты. Уым дæр ахуыр кодта тынг хорз æмæ институт дæр каст фæцис æнтыстджынæй. Райста уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы дæсныйад. Йæ диплом йæ къухмæ куы райста, уæд ма йæхицæй амондджындæр кæй æнхъæлдта.

Уайтагъд кусын райдыдта нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Æвзонг специалист æппæт тыхтæй дæр æрæвнæлдта рæзгæ фæлтæрæн йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй амонынмæ æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Раст ыл цыма базыртæ баззад, уыйау фæллайын нал зыдта æмæ æнæхъæнæй дæр аныгъуылд йæ ахсджиаг хъомыладон куысты. Уæдмæ амондагур чызг ссардта йæ амонд. Йæ цард баиу кодта ацы скъолайы ахуыргæнæг Зæгъойты Исахъимæ. Зæнæгæй сын рацыд дыууæ хъæбулы – чызг æмæ лæппу. Чызг Эллæ кусы Дзæуджыхъæуы æфсæддон госпиталы дохтыр-терапевтæй, лæппу Инал та кусы барадхъахъхъæнæг органты. Дыууæ дæр сты сæ ныййарджытау хæрзæгъдау æмæ зæрдæхæлар. 70-æм азты райдианы  дыууæ цардæмбалы кусын райдыдтой нæ горæты 9-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст вæййынц. Куыстуарзаг æмкъæйттæ дыууæ зиууонау цæсгомджынæй, сæ зонындзинæдтæ амонгæйæ, уæхскуæзæй архайдтой рæзгæ фæлтæры хæрзиуæгæн. Схъомыл кодтой ахуыргæнинæгты бирæ фæлтæртæ. Сæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ систы зынгæ адæймæгтæ, куыд зонады, афтæ политикæйы æмæ æндæр къабæзты дæр. Исахъ 1981 азы нысан æрцыд 9-æм скъолайы директорæй æмæ ахуырадон уагдонæн æнтыстджынæй разамынд кодта суанг 2003 азмæ. Сæ хорз куысты тыххæй дыууæ цардæмбалæн дæр сæ ном хъуыстгонд уыд, зыдтой æмæ сын кад кодтой нæ горæты цæрджытæ.

Светланæ ахуыргæнæгæй бакуыста 40 азы бæрц, суанг цалынмæ йе ‘нæниздзинад нæ фæцудыдта æмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Йæ фæрцы йæ ахуыргæнинæгтæ æрмæст бындурон зонындзинæдтæ нæ истой уырыссаг æвзаг æмæ литературæйæ, фæлæ ма ахуыр кодтой æцæг адæймæгтæ суæвыныл. Арæх-иу дзырдта, зæгъгæ, мах хъуамæ сывæллæтты хъомыл кæнæм раст, цæмæй сæ сомбон бæллиццаг уа. Диссаг ма у уый дæр, æмæ-иу кæцыфæнды зынхъомылгæнæн ахуырдзауы зæрдæмæ дæр фæндаг кæй ссардта. Уыд домаг, раст æмæ уыцы иурæстæджы фæлмæн æмæ уарзæгой адæймаг. Йæ цæсгомджын куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд алыгъуызон паддзахадон хорзæхтæй. Дæргъвæтин азты дæргъы æвæллайгæ хъомыладон куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд «Куысты ветеран»-ы кадджын ном. Йæ цард уыд ирд, йæ уарзон ахуырдзаутæн æппæт йæ зонындзинæдтæ æмæ уарзондзинад лæвар кæнгæйæ. Уый йæ фæстæ ныууагъта кады ном, абоны онг дæр йæ хорзы кой фæкæнынц, куыд йæ коллегæтæ, афтæ йæ ахуыргæнинæгтæ дæр.

Цхуырбаты Валентинæ, 9-æм астæуккаг скъолайы географийы ахуыргæнæг: «Ныртæккæйы уæззау дуджы Светланæйы хуызæн сылгоймæгтыл арæх нал сæмбæлæм. Уымæн æрдзæй лæвæрд уыдысты адæймаджы æвæрццаг миниуджытæ. Йæ хъæр ныхас никуы ничи фехъуыста. Æз æй рагæй фæстæмæ зыдтон. Уыд æнахуыр хæларзæрдæ, уæздан, сабыртæ, зондджын æмæ хиуылхæцгæ сылгоймаг. Ахæм сылгоймæгтæн абарæн ис Нарты Сатанаимæ. Куыд ахуыргæнæг, афтæ дæр уыд тынг хорз специалист. Цæмæй фæнды йæм ма бахатыдаиккой йæ коллегæтæ, йæ хиуæттæ, алы хатт дæр-иу сæ фарсмæ æрбалæууыд. Тынг дзы аргъуц кодтой куыд йæ ахуыргæнинæгтæ, афтæ йе ‘мкусджытæ дæр. Цалдæр хатты уыдтæн йæ уроктыл æмæ-иу сæ райстон стыр æхцондзинад».

Цхуырбаты Джульеттæ, ХИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг, философон зонæдты кандидат: «Светланæ Пъетры чызг уыд нæ уарзон ахуыргæнæг. Æрбацыд нæм, 4-æм къласы ма куы ахуыр кодтам, уæд æмæ цалынмæ 8-æм къласы каст фестæм, уæдмæ уыд нæ къласон къухдариуæггæнæг. Йæ фæрцы нæ кълас нымад цыд скъолайы иууыл хуыздæр рауагъдон къласыл. Уый фæстæ та нын къласон къухдариуæггæнæг уыд йæ цардæмбал Зæгъойты Исахъ. Светланæ Пъетры чызг афтæ хорз зыдта йæ предмет, афтæ хорз ахаст ын уыд йæ хъомылгæнинæгтæм, æмæ уый фæстиуæгæн нæ къласы ахуырдзаутæ – æдæппæтæй 28 адæймаджы, иууылдæр райстой уæлдæр ахуырад. Уарзта йæ предмет, йæ ахуыргæнинæгты æмæ йæ уыдон дæр уарзтой æмæ йын кад кодтой иууылдæр. Æгæрыстæмæй, нæ къласы лæппутæй æвзæр чи ахуыр кодта Светланæйы æрбацыдмæ, уыдон дæр бирæбæрцæй фæхуыздæр кодтой сæ ахуыр æмæ-иу сæ ныййарджытæ скъоламæ æрбацыдысты бузныджы ныхæстæ йын зæгъынмæ. Тынг райгонд дзы уыдысты се ‘ппæт дæр, зæгъгæ, дæ фæрцы нæ сывæллæттæ хуыздæрырдæм фæивтой сæ алы хъуыддаджы дæр. Уый мын афтæ тынг бауарзын кодта йæ предмет, æмæ фыццаг каст фæдæн ХИПИ-йы филологон факультет. 26 азы ба-куыстон нæ горæты скъола-интернаты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыр-гæнæгæй. Мæ уроктæ уагътон, куыддæриддæр сæ Светланæ Пъетры чызг уагъта, афтæ, ома, йæ методтæм гæсгæ æмæ никуы фæрæдыдтæн. Уый уыд æцæг ирон сылгоймаг, уæздан, уæзбын, хиуылхæцгæ æмæ куырыхон адæймаг. Мæ зæрдæйы мын ныууагъта арф фæд, куыд иттæг хорз ахуыргæнæг æмæ хæрзæфсæрм сылгоймаг, афтæ».

Лохты Жаннæ, 9-æм астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг: «Светланæ Пъетры чызг куыд уæздан бинонтæй рацыд, афтæ уыд йе ‘ппæт цард дæр уæздан æмæ рæсугъд. Стыр кад ын уыд алы ран дæр. Фыруæздан æмæ интеллигентон адæймаг, алкæмæн дæр – зондамонæг. Аудгæ ахаст æрмæст йæ ахуырдзаутæм нæ дардта, фæлæ йæ коллегæ-тæм дæр. Йæ хъомылгæнинæгты мадау рæвдыдта. Йæ цардæмбал Зæгъойты Иса-хъимæ кæрæдзийы аккаг уыдысты, адджынæй фæцардысты. Сæ дыууæ хъæбулы дæр сæхийау уæздан æмæ æгъдауджын рацыдысты. 2008 азы августы тугуарæн хæсты рæстæджы Калинины уынджы сæ хæдзарыл сæмбæлд егъау снаряд æмæ сæ дыууæуæладзыгон хæдзар цъыбырттысыгъд бацис. Цы сæ бон уыд саразын. Кас-тысты сæ цæрæнбонты фыдæбæттæ, уыцы нымæцы сæ фырты машинæ куыд судзынц, уымæ. Ацы цау тынг бандæвта дыууæ цардæмбалы æнæниздзинадыл. Светланæйы адресыл аккаг ныхæстæ ссарын мæ бон нæу».

Йæ хъуыддаджы æцæг дæсны, рæзгæ фæлтæрты æнувыд хъомылгæнæг, ныййарджыты æмæ коллегæты уарзон адæймаг, хорз æмбал, сыхаг æмæ уарзæгой ныййарæг мад алкæмæн дæр уыд уарзон адæймаг. Уый йæ царды иу адæймаджы хъыджы дæр никуы бацыд æмæ царды та афтæ стæм хатт вæййы. Ацыд цардæй Хорз Адæймаг, кадджын ахуыргæнæг, кæцы йæ зæрдæйы хъармдзинадæй бирæ азты дæргъы рæвдыдта  йæ хъомылгæнинæгты. Йæ ном ын зонынц æмæ хъуыды кæнынц  9-æм астæуккаг скъолайы мингай рауагъдонтæ. Ныр уый 40 боны размæ бацыд йæ уарзон цардæмбалмæ æмæ мæрдæнцойад ссардта йæ фарсмæ. Бузныг, ахуыргæнæг! Дæ ном рох нæ уыдзæн дæ коллегæтæ, дæ бирæ хъомылгæнинæгтæй, чи дæ зыдта, уыдонæй.

Рухсаг у!

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.