Алы наци дæр йæхирдыгонау у уникалон, уымæн æмæ  сæ алкæмæн дæр ис йæхи æгъдæуттæ æмæ традицитæ. Сусæггаг нæу, алкæцы наци дæр хъæздыг кæй у канд йæ традицитæ æмæ æгъдæуттæй нæ, фæлæ ма сын сæхи националон дарæс – ирд, колоритон костюмтæ кæй ис, уымæй дæр. Тынг рæсугъд костюм ис нæ ирон адæмыхаттæн дæр. Ирæттæ рагæй фæстæмæ дæр стыр аргъ кæнынц се ‘гъдæуттæн, хъахъхъæнынц сæ традицитæ, афтæ ма сæрыстыр сты сæ националон дарæсæй дæр.

Ирон адæмы националон костюмы фасон, йæ ирд æмæ хуызджын хуызтæм нæ кæсгæйæ у аив, хиуылхæцгæ. Фыццаджыдæр уымæн, æмæ ирон адæммæ алы хуызы дарæс дарын æмбæлоныл нымад нæ цæуы. Ивгъуыд рæстæджыты хъуымац ссарæн зын кæй уыд, уымæ гæсгæ ирон сылгоймæгтæ хъæугæ хуызтæй ахуырстой, цы хъуымац-иу сæм уыдис, уый, цæмæй дзы хуыдтаиккой националон дарæс. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ахорæнтæ дæр кæй арæзтой сæхæдæг.

Ныры рæстæджы дуканиты цы бирæнымæц хъуымæцты хуызтæ ис, уыдон нын фадат дæттынц хъуымац равзарынæн. Фæлæ абон кæд фабрикæйы уагъд хъуы-мацæй пайда кæнынц, уæддæр костюм раздæрау вæййы хи къухтæй хуыд. Ирæтты националон костюмтæн ис бирææнусон истори, афтæ ма йын ис стыр нысаниуæг. Традицион уæлæдарæс æрмæст дарæсæй конд нæу, фæлæ ма йæм хауынц алыгъуызон фæлындзæнтæ. Фасон йæхæдæг практикон æгъдауæй ивд не ‘рцыд æмæ абоны онг дæр бахъахъхъæдта йæ сæйраг характерон æууæлтæ. Ныры рæстæджы ирон сылгоймаджы костюмæй фылдæр хатт пайда кæнынц чындзæхсæвты, кæцытæ æххæст фæцæуынц æппæт традицитæм гæсгæ. Ныртæккæ националон дарæс практикон æгъдауæй алы ран дæр нымад цæуы, куыд бæрæгбонон дарæс, афтæ. Икъаты Аланæйы ныхæстæм гæсгæ наци-оналон дарæс тынг цæуы йæ зæрдæмæ.  «Кæй зæгъын æй хъæуы, рæстæг дæр тынг фæивта, фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæ нырыккон чындзытыл сæ чындзæхсæвты хъуамæ уа ирон националон чындздзон къабатæ. Уый тыххæй нæ, æмæ сæ чындзæхсæвæн ирон колорит радтой, фæлæ цæмæй уой æцæг ирон чындзы хуызæн, нæ фыдæлтæм куыд уыдис, афтæ.

Æвæццæгæн мæм уымæ гæсгæ фæзынд ахæм бæллиц дæр, цæмæй мæхи къухтæй хуыйон ахæм дарæс. Националон дарæсы популярондзинад чысылгай рæзы Ирыстоны хуссар хайы дæр. Бæрæгбонты нæлгоймæгтыл арæх фенæн вæййы националон хæдæттæ, чызджытыл – нырыккон стилыл хуыд къабатæ. Сæ уындæй адæймаджы зæрдæ хурварс абады»,- банысан кодта Икъаты Аланæ.

Уый нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ хуыйын райдыдта хæрзчысылæй. «Чысылæй дæр тынг уарзтон къухæй истытæ архайын. Судзинмæ æвналыны бар мын куыддæр радтой, афтæ райдыдтон цыдæртæ хуыйын. Сывæллæтты рæвдауæндонмæ куы цыдтæн, уæд-иу куклæтæн бахуыдтон чысыл къабатæ. Ахуыры рæстæджы нын иу хатт радтой ахæм хæслæвæрд, цæмæй нæ  цахæм фæнды, ахæм къабатæ бахуыдтаиккам. Растдæр мæм уæд фæзынд уыцы хъуыды, цæмæй бахуыйон ирон националон костюмы элементтæм гæсгæ къаба», – загъта Аланæ.

Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Йæ куысты процесс æмæ фæстиуджытæ чызджы зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты, æмæ аскъуыддзаг кодта йæ дарддæры куыст ацы здæхтыл адарддæр кæнынмæ. Аланæйы къабатæ сæ фылдæр сты даргъ, тынг аив æмæ рæсугъд, æвдисынц ирон сылгоймаджы хæдæфсармдзинад.

«Ирон сылгоймаджы бакаст растдæр ахæмæй уынын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ирон сылгоймаг хъуамæ уа хæдæфсарм, æгъдауджын æмæ  йæ кондæй дæр хъуамæ бæрæг уой ацы вазыгджын миниуджытæ».

Икъаты чызг æрмæст хистæр кары адæймæгтæн нæ хуыйы националон уæлæ-дарæс, фæлæ ма сывæллæттæн дæр.

«Сывæллæттæн дарæс хуыйын мын стыр æхцондзинад хæссы. Фыццаг гыццыл къаба куы бахуыдтон, уæд ын йæ къам Инстаграмы сывæрдтон, тынг мæ цымыдис кодта адæмы цæстæнгас. Алкæй зæрдæмæ дæр тынг фæцыдис æмæ уый фæстæ райдыдтон закъазтæ исын дæр. Культурæйы министрады сын равдыст дæр уыд. Растдæр мæм уый фæстæ бахатыдысты цалдæрæй, цæмæй районты хореографон коллектив-тæн бахуыдтаин кафæн костюмтæ. Ахæм стыр закъазтæн, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ тых хъæуы. Мæ хъуыдыйы ис дард-дæр уыцы здæхты дæр бакусын, афтæ ма фæнд кæнын фидæны хи коллекцитæ саразын æмæ равдыстытæ сорганизаци кæнын. Уырны мæ, националон къабатæ кæй суыдзысты актуалон æмæ, æгæ-рыстæмæй, европæйаг дарæсæй популярондæр», – зæгъы Икъаты чызг.

Ирон дарæсæй дарддæр ма Аланæ хуыйы хуымæтæджы дарæс дæр – европæйаг стилыл хуыд къабатæ æмæ костюмтæ дæр. Тынг хорз уаид æмæ ирон националон дарæс æрвылбонон куы суаид.

Кокайты Зарина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.