Фæсарæнты æмфыдыбæстæйонты хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы хицауадон къамис æрæджы цытджын уавæрты схорзæхджын кодта не ‘мбæстæгты. Хорзæхтæ дæттыны церемони уагъд цыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады бæстыхайы.

Нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Туаты Тамарæ æмæ Хуссар Ирыстоны Шахмæтты федерацийы президент Саулохты Георгийы Уæрæсеимæ æмгуыстад рæзын æмæ бастдзинæдтæ фидар кæныны тыххæй схорзæхджын кодта Марат Кулахметов. Уæрæсейаг æххæстбарджын минæвар Кады грамотæ радта Туаты чызгæн, Саулохты Георги та хорзæхджын æрцыд Арфæйы фыстæгæй.

Йæ арфæйы ныхасы минæвар банысан кодта, зæгъгæ, зындгонд у, Туаты Тамарæ сывæллæттимæ кæй кусы æмæ æппæт амæлттæй дæр кæй архайы, цæмæй уыдон хайад исой алыгъуызон дунеон конкурсты, цыран популяризаци цæуы уырыссаг æвзаг. Уыцы куысты фæстиуæг вæййы фыццаг æмæ призон бынæттæ.

Кулахметовы ныхæстæм гæсгæ Тамарæ стыр уды хицау æмæ йæ куыстыл иузæрдион адæймаг у. Æхсызгонæй банысан кодта, ахæм адæм Хуссар Ирыстоны кæй ис, уый.

Туаты Тамарæ, уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг уæвгæйæ, егъау куыст кæны æвзонг фæлтæр хъомыл кæныныл, æппæт тыхтæй дæр архайы уырыссаг æвзаг æмæ уырыссаг культурæ размæ кæныныл.

Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварады къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов Тамарæйы тыххæй афтæ радзырдта, зæгъгæ, уый къорд хæттыты, программæ «Здравствуй, Россия»-мæ гæсгæ сывæллæтты акодта балцыты.

«Мах-иу бирæ хæттыты фехъуыстам сывæллæтты ныййарджытæй – кæд сывæллæттимæ Тамарæ цæуы, уæд мах æппындæр нал тыхсæм, уымæн æмæ йæ зонæм, нæ сывæллæттæ фæстæмæ кæй æрыздæхдзысты хорз æнкъарæн-тимæ», – банысан кодта уый.

Саулохты Георгимæ ахасты минæварады къухдариуæггæнæг банысан кодта йæ активон архайд, зæгъгæ, цы шахмæтты турниртæ уадзы, уыдоны фæдыл бирæ арфæйы ныхæстæ фæдзурынц алы кары адæм.

Уыдоны ‘хсæн уый рахицæн кодта, Георгийы къухдариуæгадæй хуссарирыстойнаг командæ хайад кæй райста æвзонг æмфыдыбæстæйонты 5-æм дунеон хъæзтыты. Уыдон уагъд цыдысты 2019 азы 31 майæ 6 июнмæ Ханты-Мансийскы. Уырдыгæй уырыссаг æвзагæй æрхастой фыццаг бынат. Сывæллæттæ сæхи равдыстой алы здæхты дæр аккагæй.

«Æрмæст «Симд» кæй сæххæст кодтой, уый дæр у стыр кады аккаг», – банысан кодта Скворцов.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы финансон æххуысы руаджы хуссар-ирыстойнаг командæ хъæзтыты архайдта сæрмагонд хуызджын дзаумæтты.

Туаты Тамарæ бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийы минæварад æмæ «Россотрудничество»-йы къухдариуæга-дæн, уымæн æмæ уыдон Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаджы рæзты хъуыддагмæ хæссынц егъау хайбавæрд.

Уæрæсейы Федерацийы минæварад æмæ «Россотрудничество»-йы æмгуыстад ахъаз кæнынц Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æхсæннацион,    æхсæнкультурон æмæ зонадон бастдзинæдтæ рæзын кæнынæн, афтæ ма уырыссаг æвзаджы фарс балæууынæн. Уый ахсджиаг у уырыссаг æвзаджы ахуыргæнджытæн.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, зонад æмæ культурæйы уæрæсейаг центры цур уырыссаг æвзаджы курсыты ахуыр-гæнæгæй кæй акуыста, уый йын уыд æгæрон фæлтæрддзинад, кæцы фæахъаз йæ профессионалон рæзтæн дæр.

 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.