Паддзахад Аланийы разамонæг Гаглойты Алан знон паддзахадон хорзæхтæ радта нæ республикæйы алы фадгуыты кусджытæн.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, сымахæй алчидæр фыдæбон кæны, чи цы куысты лæуд ис, уым. Æмæ уыцы фыдæбонæй рухс кæнынц бæстæйы разамынады, æхсæнады æмæ нæ фидæны фæлтæрты.

«Дыууæ райсомы иу райсомы хуызæн нæ вæййынц, фæлæ уæ алы райсомы дæр уадз уæд цин æмæ хъæлдæзæг хабæрттæ хæссæг.

Рæстæг уæззау у, нæ зæрдæ ’хсайы Ирыстоны хъæбултæм, уыдонæй бирæтæ ныртæккæ Донбассы зæххыл тох кæнынц сæрибардзинады сæрыл. Махæй бирæтæ чи — хъæбулмæ, чи — мадызæнæгмæ, чи — цардæмбалмæ æнхъæлмæ кæсы тохы быдырæй æрыздæхынмæ», — дзырдта Президент.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, уын мæ зæрдæ зæгъы уыцы хорздзинад, æмæ алкæй хъæбул дæр сæрæгасæй æмæ æнæнизæй йæ уæзæгыл куыд сæмбæла.

Уæрæсейы территорийыл знон Адæмты иудзинады бæрæгбон нысан кæй цыд, уый тыххæй Бæстæйы разамонæг раарфæ кодта уæрæсейаг æмбæстæгтæн, мадзалы хайадисджытæн æмæ æмткæй Хуссар Ирыстоны æхсæнады минæвæрттæн.

Уый фæстæ Гаглойты Алан йæ Барамындæй Хæлардзинады орден, майдантæ, Кадджын нæмттæ, Кады грамотæтæ æмæ Арфæйы фыстæджытæ цытджын уавæрты радта мадзалы хайадисджытæн. Уыдоны æхсæн уыдысты ХИПУ-йы профессорон-ахуыргæнджыты сконд, культурæ, юстицийы минисртад, Стандартизаци æмæ метрологийы управлени, Социалон фонд, Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъусдард здахыны фæдыл комитеты кусджытæ.

Хорзæхджынтæй иу — Коцты Жаннæ бузныг загъта æмæ ныфс бавæрдта, чи цы хъуыддаджы лæуд у, уым кæй архайдзæн фæстиуæгджын æмæ продуктивонæй, цæмæй нæ куыст уа æнтыстджын.

Жаннæ бæстæйы разамонæгæн балæвар кодта, фæстаг цыппар азы цы Демографийы фæдыл фундаменталон иртасæнтыл куыста, уыцы чиныг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, демографийы фæдыл ахæм иртасæн куыстытæ Ирыстоны дыууæ хайы нæ уыд дæргъвæтин азты дæргъы.

Президент уый банымадта æнтыстджын куыстыл, зæгъгæ, царды алы фадыг сæндидзын кæныныл куыст цæуы, æмæ уый æхсызгон у. Фæлæ нæ демографи ныллæг æмвæзадыл куы уа, уæд уыцы хæрзиуæгон куыстытæ кæмæн кæнæм.

Ноджыдæр арфæйы ныхæстæ загъта Гаглойты Алан хорзæхджынтæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.