БЫДЫРÆЙ ХЪУЫСЫ ТРАКТОРЫ ХЪÆЛÆБА

Мæргътæ цин кæнынц уалдзæджы æрбалæудыл æмæ сæ хъæлдзæг зард æнæрынцойæ хъуысы. Фæлæ ацы хатт тынгдæр у сæ хъæлæба, быдырты цы трактортæ змæлынц, уыдонæн. Нæ сæ фæллайынц хъустæ, æмткæй – адæймаджы буар, цыма цахæмдæр симфони æххæст кæнынц, афтæ æмхуызонæй зæлынц æмæ адæймагæн дæттынц цахæмдæр æхсызгондзинад. Техникæйы уыцы архайдæй канд адæймаг нæ райы, фæлæ цыма æхсызгон у зæххæн дæр, афтæ нæм кæсы, афтæ кæсдзæн мæрæн йæхимæ дæр. Уымæн æмæ йæм фæзындысты йæ фæдисæттæ æмæ йæ рæвдауынц, йæ хуыз ын скалдтой. Уыдон сты дыууæ фермер-механизаторы Цхуырбаты Иван æмæ Бибылты Мэлс. Никæмæ æн-хъæлмæ кæсынц, фæлæ æрвылаз дæр сæ зæххы фадыджы сæххæст кæнынц алыхуызон куыстытæ уалдзæгæй суанг фæззæгмæ. Афтæ та у ныр дæр –  рагацау цы 28 гектары зæхх бахуым кодтой, уый ныр та схæмпус кодтой цыбыр æмгъуыдмæ. Ноджы ма сын ис бакусинаг иу ахæм зæххы фадыг æмæ дзы байтау-дзысты хъæбæрхор æмæ цъойы культурæтæ.

Раджы адард дæн дыууæ куыстуарзаг фермеры цурæй, фæлæ уæддæр хъустæ ахсынц се ‘нæрынцой куысты хъæлæба. Уый та нысан кæны, сæ фæззыгон най кæй уыдзæн бæркадджын.

 

КУЫСТ- СÆ УДÆНЦОЙ

Хъæуы чи схъомыл, чысылæй фæстæмæ хистæрты æдзухон куыст, чи – фæуыны, стæй кæстæр йæхæдæг дæр, йæ кармæ гæсгæ, ныййарджыты уæлхъус æххуысы тыххæй фæстæ чи нæ фæлæууы, уымæн æй амонын нал фæхъæуы. Уый нæ, фæлæ йын ноджы тынгдæр садджын вæййы, царды сой кæцæй цæуы, уыцы фыдæлты уæзæг æмæ дарддæр фæкæны хистæр фæлтæры хæрзиуæгон архайд. Хъæууон адæймаджы æрвылбонон тухитæй чи нæ фæтарст, фæлæ сæ йæ сомбоны цардарæзтæн чи равзæрста, уыдоны нымæцмæ хауы Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы цæрæг Цхуырбаты Иван дæр.

Иваны ныййарджытæ кæд интеллигенцийы ми-нæвæрттæ уыдысты, уæддæр, кæстæрты ахуыр-хъомыладон куысты æмрæнхъ хисæрмагонд хæдзарады дæр уыдысты цæвиттойнаг. Кæстæр та би-нонты царды хорзæй цы уыны, уымæй хъуамæ æнæмæнгдæр фæхайджын уа. Афтæ рауад Иваны фæллойадон цардвæндаг дæр æмæ дзы уый тыххæй буц сты йæ ныййарæг мад Нана, хиуæттæ æмæ хъæубæстæ. Бонзонгæ кæстæр 2007-æм азы слæууыд фермерон хæдзарады сæргъ. Кæй зæгъын æй хъæуы, райдианы алы хъуыддаг дæр æнцон нæ вæййы, фембæлы ныхдуртыл дæр. Фæлæ зæгъын хъæуы, Иван нæ фæтарст уыцы зындзинæдтæй æмæ йе ‘мбал фермеримæ тырныдтой къухы фылдæр фæстиуджытæ бафтын кæнынмæ. Тагъд рæстæджы «Тъбет»-ы фермерон хæдзарад слæууыд раззагдæрты рæнхъы æмæ сæ уый ноджы тынгдæр разæнгард кодта куысты æнтыстмæ.

Абоны бон «Тъбет»-ы хæдзарады хъаруджын фæл-лой чи кæны, уыдон сты Цхуырбаты Иван æмæ Бибылты Мэлс, фыййау, стæй хъугдуцæг Тасойты Аллæ. Цхуырбайы фырт куыд загъта, афтæмæй сæ хæдзарады стурты нымæц у 80, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 43. Ноггуырд родтæ кæмæн ис, уыцы хъуццыты нырма нæ дуцынц, цалынмæ сæ цот фæхъомылдæр уой, уæдмæ. Тасойты чызг дуцы 25 хъуджы сæрмагонд аппараты фæрцы, фæлæ сæм уæддæр фæхæццæ вæййынц дуцæджы æнгуылдзтæ дæр. Сæ продукци та реализаци кæнынц дзулфыцæн куыстуаты. Уалдзæджы æрбалæудимæ кæрдæг цъæх-цъæхид адардта æмæ уый та фæахъаз уыдзæн æхсырæрдыгъды рæзтæн.

 

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.