5-æм октябрь Ахуыргæнæджы боны кадæн бæстæйы Президент Гаглойты Алан йæхимæ фæхуыдта цалдæр педагогы Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министр Джиоты Ариянæйы сæргълæудæй æмæ сын сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн зæрдиагæй раарфæ кодта.

«Стыр бузныг уын зæгъын уæ фыдæбон, уæ хъарм ахасты тыххæй нæ кæстæр фæлтæртæм. Дуджы ивындзинæдтимæ ахуыргæнæн программæтæ дæр ивынц, фæлæ уæддæр иууыл фылдæр ахуыры процесс баст у ахуыргæнæгимæ, йæ профессионалондзинадимæ. Ӕз, куыд бæстæйы сæргълæууæг, афтæ æппæт дæр араздзынæн ахуырады къабаз хуыздæр кæныны сæраппонд. Фæлæ мæ ныфс сымах стут, – мæнæн иунæгæй ницы бантысдзæнис саразын. Рагæй фæстæмæ тынг сæрыстыр дæн нæ ахуыргæнджытæй æмæ мæ абоны бон фæнды, цæмæй уæ номæй æгас республикæйы педагогтæн раарфæ кæнон. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ, æмæ-иу уæ фыдæбоныл фæсмойнаг куыд никуы фæуат, уыцы арфæ уæ уæнт!», – загъта йæ арфæйы ныхæсты Президент.

Ахуырады къабазмæ æмæ фæсивæды хъомылады хъуыддагмæ ахуыргæнджытæ егъау хайбавæрд кæй хастой æмæ хæссынц бирæ азты дæргъы, æмæ ма Ахуыргæнæджы бон кæй нысан кæнынц, уый фæдыл Кады орденæй хорзæхджын æрцыдысты Багаты Федмар, Джыгкайты Алыксандр æмæ Бибылты Нелли.

Сæ куысты сгуыхтдзинад æмæ профессионалон архайды фæдыл нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæджы ном лæвæрд æрцыд Дзауы скъола-интернаты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Мурадаты Фатимæйæн æмæ Цхинвалы скъола-интернаты технологиты ахуыргæнæг Остъаты Заирæйæн.

Кæронбæттæны ахуыргæнджытæ сæхæдæг дæр арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загътой Гаглойты Аланæн, афтæ сæ кæй сбуц кодта æмæ сыл кæй баузæлыдис, уый тыххæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.