24-æм январы Пухаты Эрикы сæргълæудæй цы æмбырд ауагъдæуыд, уый райдыдта кадртæ снысан кæнынæй. Æрæджы ногæй арæзтæрцæуæг паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон хъусдарды службæ «Югоссельхознадзор»-ы сæргълæууæг Мæргъиты Алан йæ дыууæ хæдивæджы бынатмæ бавдыста Гуыцмæзты Маирбег æмæ Æлборты Таймуразы кандидатурæтæ æмæ сыл сразы сты хицауады уæнгтæ. Уыдонæн сæ дыууæйæн дæр сæ куыст раздæр дæр баст уыд хъæууон хæдзарадимæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй афæдзы райдианæй РХИ-йы Парламент паддзахады сæргълæууæджы уынаффæйæ ссис профессионалон. Профессионалон парламентмæ кусынмæ кæй ахызт, уымæ гæсгæ хицауады уæнгтæ схъæлæс кодтой, цæмæй республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры фыццаг хæдивæг Плиты Агуындæ сæрибар æрцæуа йæ куыстæй.

Хицауады уæнгтæ æруынаффæ кодтой æндæр ведомствоты дæлбар хицæн куыстуæттæ æмæ организациты бакæныны фарстытыл дæр. Паддзахадон унитарон куыстуат Цхинвалы дзулфыцæн комбинат лæвæрд æрцыд Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты дæлбармæ. Афтæ нымад æрцыд хуыздæрыл, цæмæй ацы куыстуатимæ баст проблемæтæ скъуыддзаг цæуой æнтыс гæйæдæр.

РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса та фæндон бахаста, цæмæй скъолайы агъоммæ паддзахадон уагдон, Ленингоры Сывæллæтты хæдзар лæвæрд æрцæуа Ахуырад æмæ зонады министрады дæлбармæ. Министры хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ Сывæллæтты хæдзары фарстытæ скъуыддзаг кæнын, сæйраджыдæр, хауы сæ ведомствомæ. Хицауады уæнгтæ схъæлæс кодтой ацы фарсты фæдыл æмæ  скъуыддзаг æрцыд æвæрццагæй.

Хицауады рабадты ма скъуыддзаг æрцыд, цæмæй арæзт æрцæуа паддзахадон ахуырадон уагдон «Ленингоры сывæллæтты цæхæрадон». Фарсты фæдыл Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Гулиты Владимир куыд фехъусын кодта, афтæмæй райцентры Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт æрцыд сывæллæтты ног цæхæрадон, уырдæм раконд æрцæудзысты, цы дыууæ зæронд цæхæрадоны дзы уыд, уыдоны сывæллæттæ æмæ ликвидаци æрцæудзысты, куыд скъолайы агъоммæ ахуыргæнæн уагдæттæ, афтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы бæстыхæйттæй та спайда кæндзысты æндæр нысæнттæн.

Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой цæрджытæн социалон æххуыс кæныны фæдыл фæндæттæ дæр. Скъуыддзаг æрцыд, цæмæй уæлдæр æмæ астæуккаг специалон ахуыргæнæн уагдæтты, боны хайадты чи ахуыр кæнынц, æмæ ифтонгхъуаг бинонтæй, хæстон архайдтыты фæмардуæвæг бинонтæй чи сты, социалон æгъдауæй æндæр æнæифтонг категоритæм чи хауынц, уыцы ахуыргæнинæгтæ исой паддзахадон социалон стипенди фæфылдæргонд бæрцæй, ома, 880 сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта финансты министр Хæбæлаты Азæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй ацы стипенди исдзысты иттæг хорз ахуыр кæныны тыххæй стипендиимæ.

Социалон æххуысы иу хуызы тыххæй ма Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгийы бавдыстмæ гæсгæ уынаффæ райстæуыд – цæмæй æрвылмæйон æххуыс 2000 сомы лæвæрд цæуа алы дыккаг æмæ уый фæстæ райгуыргæ сывæллонæн ацы аз 1 январæй, цалынмæ йыл 1,5 азы сæххæст уа, уæдмæ. Раздæр ахæм æххуыс лæвæрд цыд æртыккаг æмæ уый фæстæ райгуыргæ сывæллонæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.