РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй уагъд æрцыд  хицауады рабадт, цыран уынаффæ цыд закъоны проекттæ райсыныл æмæ республикæйы иуæй-иу министрадтæ æмæ Ленингоры районы администрацийы кадрон ивындзинæдтыл.

Райдианы Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филипп Хицауады уæнгтæн фехъусын  кодта йæ дыууæ хæдивæджы Дриаты Гамлет æмæ Бараташвили Александр сæ куысты бынæттæй ссæрибар кæй æрцыдысты. «Бараташвили Александр йæхи сæрмагонд куырдиатмæ гæсгæ цæуы сæрибаргонд», – банысан кодта Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг. Уый бавдыста сæрибаргонд бынæттæй сæ иуы нысан кæй æрцыд Цъинагары хъæуы администрацийы сæргълæууæг Быценты Вадим. Хацырты Филипп куыд загъта, афтæмæй Быценты Вадим рæстæгмæ æххæст кæндзæнис дыууæ куыст дæр, цалынмæ Цъинагары хъæуы администрацийы ног сæргълæууæг нысан кæной, уæдмæ.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæ-нуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæгæй та нысан æрцыд æвзонг специалист Гуыцмæзты Илья. Зæгъойты Эдуарды хъуыдымæ гæсгæ, Гуыцмæзты Илья у, уыцы бынаты аккаг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстонæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст объекттæм хъæуы сæрмагонд хъусдард здахын, цæмæй æмбæлон æмгъуыдмæ лæвæрд цæуой эксплуатацимæ æмæ иу азæй иннæмæ ма хизой. Уый тыххæй та хъæуы фидар контролгæнæг. «Гуыцмæзты Илья æхсæз азы нæ министрады кусгæйæ, йæхи æвдисы æууæнкджын æмæ æмбаргæ специалистæй. Уымæ гæсгæ министрады уынаффæмæ гæсгæ раразмæгонд цæуы ацы бынатмæ», – загъта Зæгъойты Эдуард.

Уый фæстæ æркастысты  «Паддзахадон хъусдард æххæст кæнгæйæ юридикон цæсгæмттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты бартæ хъахъхъæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектмæ.

Закъоны проектыл уынаффæ кæныны фарст хаст æрцыд радон рабадтмæ, уымæн æмæ проектмæ  бахæсгæ ивындзинæдтыл æмбæлон куыст нæ бакодта. Фæлхасгæнджыты паддзахадон хъусдарды комитет.

Æркастыты ма коммуналон лæггæдты тыххæй фиддонтæ фидыны ныллæг æмвæзады актуалон фарстмæ дæр.

Ацы фарсты фæдыл сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади бахаста фæндон, цæмæй арæзт æрцæуа æхсæнведомствæйон къамис, кæцы контроль кæндзæн электроэнерги нысанмæздæхтæй пайда кæныны æмæ фиддонтæ афоныл фидыны фарстатæм. Къамисы сæргълæууæгæй нысан æрцыд Бекъойты Геннади. Къамисы скондмæ ма хаст æрцыдысты Парламенты Сæрдары хæдивæг Тедеты Руслан, Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, Арæзтадон, экологион æмæ технологион цæстдарды комитеты сæрдар Къуылыхты Таймураз æмæ профилон уагдæтты къухыдари-уæггæнджытæ – æдæппæт аст адæймагæй.

Хицауады Сæрдар банысан кодта фиддонты фарст кæй у Президенты сæр-магонд хæслæвæрд.

«Махæн стыр хæстæ ис «Интер РАО»-йы раз. Ивгъуыды ныл цы хæстæ уыд, уыдонæй дæр нæма сраст стæм. Ныр нæ сæйраг нысан у, цæмæй мауал æруадзæм ног хæстæ. Æз растыл нымайын æхсæнведомствæйон къамисы сырæзт, къамисæй курæг дæн, цæмæй мæм систематикон æгъдауæй дæттой хыгъд», – загъта Пухаты Эрик.

Уазæгты марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.