Алы аз дæр 4 февралы æппæт дунейы нысан кæнынц онкологон низтимæ тох кæныны бон. (Word Caner Day)

Уымæн йæ бындурæвæрæг уыд ракимæ тох кæныны Æхсæнадæмон цæдис (Intrnational Union Against Cancel. UICC). Йæ сæвзæрды нысан уыд дунеон æмæхсæнады хъус дард ацы глобалон проблемæмæ аздахын.

 2000 азы 4 февралы ракимæ тох кæныны Æппæтдунеон саммиты  Парижы рахаст æрцыд Парижаг харти онкологон низтимæ тох кæныны тыххæй. Йæ нысан уыд зонадон куыстытæ бакæнын онкологийы низтæ бæрæг кæнын, ракы профилактикæ æмæ пациенттæн хуыздæр лæггад кæныны фæдыл.

Æрвылаз дæр ацы бон нысан фæцæуы алы æмæ алыгъуызон темæтимæ. 2008-2009 азты темæ уыд: «Сывæллæттæ æмæ фæсивæдæн тамакойы уæлдæф ныхъуырæн кæм нæ уа, ахæм алфæмблай саразын». 2016-2017 азты та уагъд цыд ахæм девизимæ: «Мах бон у. Мæ бон у».

Рак у иумæйаг ном 100-йæ фылдæр низтæн, кæцытæ, гæнæн ис фæзыной организмы кæцыфæнды хайыл дæр. Ракы характерон нысæнттæй сæ иу у буары аномалон чырæгты тагъд сæвзæрд. Ацы процесс фæхонынц метастазтæ, зæгъгæ. Метастазтæ арæх вæййынц адæймаджы амæлæты аххосаг.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны дунеон организацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 70 проценты онкологон рынчынтæн æнæмæнгхъæуæг вæййы тынон (лазерон) терапи. Астæуккаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ Уæрæсейы райсынц 30 процентмæ æввахс.

2009 азæй реализаци цæуы онкологион национ программæ, кæцыйы хайад исынц Уæрæсейы æппæт регионтæ дæр. 2018 азы кусын райдыдта национ программæ «Æнæниздзинад хъахъхъæнын». Йæ реализаци кæныны нысан у, цæмæй 2024 азмæ Уæрæсейы рынчынты амæлыны цаутæ фæкъаддæр уой алы 100 мин адæймагæй 200-йæ 180 адæймаджы онг.

Уыимæ иумæ медицинæ иу ран нæ лæууы, азæй-азмæ хуыздæр кæнынц ракимæ тох кæныны фадæттæ æмæ, гæнæн ис, цасдæр рæстæджы фæстæ фæзыной вакцинæтæ ацы тæссаг низы алы хуызтимæ дæр тох кæнынæн. Фæлæ уал нырма дохтыртæ зæгъынц, цæмæй нæхи ма иуварс кæнæм профилактикон мадзæлттæ уа-дзынæй, зианхæссæг буа-радтæй ма пайда кæнæм æмæ æнæниз цардуаг кæ-нæм.

Æнæниз ут!

Æрмæг бацæттæ кодта

ТЪЕХТЫ Аллæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.