Æрæджы Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты конференцитæ уадзæн залы Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры директор Уалыты Мæдинæйы брифинджы ныхас цыдис паддзахадон драмон театры къухдариуæгад «Ерман» номимæ ресторан кæй бакодтой, æмæ уый нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ растыл кæй нæ банымадтой, уый фæдыл. Мæдинæ райдианы æрдзырдта ацы фарсты алыварс, стæй сдзуапп кодта, информацийы фæрæзты кусджытæ йæм цы цалдæр фарсты радтой, уыдонæн.

Райдианы уал мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ кæд Уалыты Мæдинæ йæ раныхасы информацион фæрæзты кусджыты бафæдзæхста, зæгъгæ, ацы фарсты фæдыл нæ хъуыдытæ хъуамæ уой æмхуызон, уæддæр мæнмæ цы хъуыдытæ сæвзæрд, уыдонæн  æнæзæгъгæ нæй. Уымæн æмæ мыхуыры кусæг хæсджын у, цæмæй алы факт æмæ фарсты тыххæй дæр араза хатдзæгтæ æмæ искæй пайдайæн, кæнæ æфхæрыны тыххæй нæ, фæлæ фысса æмæ дзура, æрмæстдæр раст цы у, уый.

 Рагæй фæстæмæ театры тыххæй адæмы ‘хсæн цы алыгъуызон хъуыдытæ ныффидар, уыдонæй иу у, театры агъуысты къулыл, æгæрстæмæй, театр фыст уа, уый дæр æнæмæнгхъæуæг кæй нæу. Уымæн æмæ алчи дæр хæсджын у, цæмæй зона, театр  фыдæлтæй фæстæмæ нæ адæмы ‘хсæн цы хорз æгъдæуттæ ис, уыдон парахатгæнæг кæй у, уый.  

Дыккаджы та мæ уый фæнды зæгъын, æмæ кæд рестораны  схуыдтой «Ерман», ныффыстой йæ ставд хъæрнывтæй театры сæйрагдæр бахизæнтæй иуы сæрмæ, уæд та «Ерман»-ы бæсты хъуамæ уыдаид, театримæ æнгом бастдзинад кæмæн ис, ахæм ном. Ирыстоны цъус не сты, рагон æмæ кадджын ном чи хæссы, ахæм хъæутæ æмæ йæ уæд, гæнæн ис, уыдонæй кæцыйы фæнды номæй дæр схуыдтаиккам. Фарст скъуыддзаг куы цыд, уæд æмбæлд бæстондæр ахъуыды кæнын, компетентон адæймæгты бафæрсын. Афтæ куы бакодтаиккой, уæд фарст афтæ не сдзырддаг уыдаид.

Нæ республикæйы цæрджытæ цалдæр азы æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты, цæмæй цы уарзон театр басыгъд, уый ногæй арæзт æрцæуа æмæ та йæм раздæрау цæуой, кæсой спектакльтæм, улæфой культурон æгъдауæй. Кæд уыцы хъуыддаджы барухс сты сæ зæрдæтæ, театр арæзт æрцыдис, æвдыст дзы цæуы спектакльтæ, æндæр мадзæлттæ, уæддæр хæрз æрæджы катæйттыл фесты, театры къулыл ахæм фыст фенгæйæ. Алырдыгæй хъуысын райдыдта  æнæразыдзинады ныхæстæ. Активонæй пайда кæнынц интернет-фæрæзтæй дæр

Нæ адæмæн ацы театр у иунæг. Арæзт æрцыд адæмы тыххæй, сæ хæрзиуæгæн æмæ театрмæ цы фарстатæ хауы, уым хъуамæ хынцыд цæуой сæ домæнтæ. Ноджы ма йæ зæгъон, театр у, цæмæй адæм улæфой культурон æгъдауæй, исой æхцондзинад, фылдæр кæной сæ зонындзинæдтæ. Ресторан та у цæлгæнæн бынат. Фæлæ адæмы зæрдæмæ сæйраджыдæр нæ фæцыд, театры къулыл «Ерман» фыст кæй ис, уый.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ театрмæ хæcтæг ис кафе «Винченцо», тагъд арæзт фæуыдзæнис уазæгдон «Ирыстон». Уым дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзæнис ресторан. Иу армытъæпæныйас бынаты цымæ æртæ рестораны æгæр бирæ у, афтæ мæм кæсы.                                                                       

 ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.