Бæрæг куыд у, афтæмæй хуыдард у пайдадæттæг къабаз æмæ йæм нæ республикæйы хицæн æмбæстæгтæ здахынц æмбæлон хъусдард, ис сын зæрдæ кæмæй рухс кæна, ахæм æнтыстытæ дæр. Стурвосдард æмæ фысдарды куыстæй дарддæр ма хуыдарды куыстмæ дæр æмбæлон ахаст дары Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Хъабанты Хъазбег дæр. Зæгъын хъæуы, фосдарды ацы къабаз рентабелон скæнын æнцон нæу, бирæ тых æмæ хъару домы йæ хицауæй, хъуамæ ма æййафой зылдцух æмæ уæд куысты фæстиу-джытæй рухс кæндзæн зæрдæ. Фæлæ Хъабанты бинонтæ – Хъазбег æмæ йе ‘ртæ фырты нæ тæрсынц зындзинæдтæй æмæ æппæт сæ хъарутæ здахынц хуыты нымæц фылдæр кæ-нынмæ. Алы мадæл хуыйæн дæр сын ис хицæн бынат, сæ бын-тæ æдзухдæр вæййынц сыгъдæг, рæстæгыл сын дæттынц холлаг.

Хæдзарады дзæргъытæ нымадæуы æртæ æмæ уал сæ хъыбылты нымæц у 37. Райсгæ цотмæ зылдæуы хорз æмæ, бонæй бонмæ æфты сæ уæзмæ æмæ та сæ æввахс рæстæджы барухс уыдзæн куыд сæхи, афтæ фæлхасгæнджыты зæрдæ дæр. Хъабанты Хъазбеджы хъуыды у, цæмæй ноджыдæр фæфылдæр кæна йæ хуыты нымæц.

              Хуыбиаты Никъала   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.