Цхинвалы районы Къостайыхъæуы Хъабанты бинонты фермерон хæдзарады  тыххæй цалдæр хатты ской кодтон. Сæ фæллойадон æнтыстытыл мæ цæст куы ахæссын, сæ æдзухон хæрзиуæгон архайд сын куы фенын, уæд та мæ бафæнды уыдоны тыххæй цалдæр ныхасы зæгъын.

Афтæ бирæ рæстæг дæр нæ уæвынад кæны ацы хæдзарад, фæлæ куыстуарзаг адæймаг йæ куыстмæ бæрндзинады цæстæй куы кæса, уæд ын кæддæриддæр уыдзæн æнтыст, йæ куысты фæстиуджытæй рухс кæндзæн йæ зæрдæ. Хъазбег æмæ йе ‘ртæ фырты сæ хæдзарады фæллой кæнынц иузæрдионæй, зындзиæдтæ мурмæ дæр нæ дарынц æмæ уымæ гæсгæ иу æнтыст иннæйы фæдыл æфты сæ къухты. Сæ зæххы фадыджы ныссагътой фæткъуы , кæрдо, бал, атъамийы талатæ æмæ ныридæгæн райдыдтой тыллæг дæттын, афтæ ма сæнæфсир дæр. Цух нæ вæййы сæ зæххы фадыг  памидор, джитъри æмæ æндæр цæхæрадоны культурæтæй дæр, базилынц сæм хорз æмæ тыллæгæрзадæй барухс вæййы сæ зæрдæ. Ивгъуыд аз сарæзтой 6-хатæнон цæрæн хæдзар, хъæуы ма дзы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ мидæгæй. Сæхи тыхтæй æруагътой рухсы хахх æмæ ныр ууыл дæр нал тыхсынц. Дзæвгар фыдæбон кодтой доны цухдзинады тыххæй, кæстæр фырт Батрадз дард ранæй дон ласгæ кодта æмæ тынг тыхстысты. Сфæнд кодтой уыцы хъуагдзинад дæр аиуварс кæнын æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта сæхи тыхтæ æмæ фæрæзты фæрцы. Ныр пайда кæнынц, йæ гъæдмæ гæсгæ иттæг хорз чи у, ахæм нуазыны донæй, пайда дзы кæнынц хардз кæнынæн дæр. Батрадз фæкæсы сыхæгтæм дæр, баласы сын йæхи техникæйыл. Æнæмæнгхъæуæг уыд æркæнгæ тыллæг æмбæлон бынаты бафснайын æмæ уый дæр срæвдз кодтой. Уый фæрцы се ‘ркæнгæ хъæууонхæдзарадон культурæтæ бабæстон кæнынц ацы егъау бынаты.

   Сæ зæххы фадыг нырмæ уыд 0,40 га, фæлæ ма йæм ноджыдæр бафтыдтой æмæ йæ иумиаг фæзуат у 0,70 га. Ацы бонты кусынц йе ‘рæмбонд кæныныл æмæ  дзы уæд та райдайдзысты хуыдæттæ аразын.

ФОСДАРДЫ КЪАБАЗ

Хæдзарадмæ хъуццытæ ис 4, уыдонæй уал ноггуырд родтæ ис дыууæйæн æмæ сты хæрзхаст, æввахс рæстæджы ма ноггуырдтæм бафтдзæн ноджыдæр иу ахæм. Сæ хъуыдыйы ис, цæмæй стурты нымæц дæр фæфылдæр кæной. Нæу æнцон хуыдарды куыст кæнын, бирæ тых домы йæ хицауæй, фæлæ зындзинæдтæй нæ тæрсынц хæдзарады уæнгтæ ацы къабаз рентабелон скæныныл. Дзæргъытæ сæм нымадæуы 8 æмæ уыдонæй æхсæзæн æввахс рæстæджы уыдзæн хъыбылтæ. Сæ фæнд у, цæмæй хуыты нымæц фæфылдæр кæной æмæ иууыл иумæ уыдзысты 12 дзæргъы. Хъыбылтæй фæлхасгæнджытæ ахастой 30, сæ домæнтæ ма сæххæст кæндзысты 20 фæлхасгæнæгæн. Хæдзарад кæны фысдарды куыст дæр æмæ азæй-азмæ сæ нымæцыл æфты. Ныртæккæ сæм фыстæ ис 140 æмæ уæрыччытæ та 70. Уалдзыгон хъарм бонты кæрдæг хорз сырæзт æмæ сæумæрайсомæй суанг изæрмæ фæхизынц сæрвæты.

   ÆФСИРОН КУЛЬТУРÆТÆ

 Ацы фермерон хæдзарад йæ уæвынадæй фæстæмæ алы аз дæр байтауы æфсирон культурæтæ æмæ сæ тыллæгæрзадæй барухс вæййы сæ зæрдæ. Раст у, ивгъуыд аз тыхджын ихуард кæй уыд, уый фæстиуæгæн хуымты тынг бахъыгдардта æмæ сæ тыллæг нæ райста. Ивгъуыд аз Мæздæджы сфæрæз кодтой мæнæуы хорз мыггаг, уый æртæ азы дæргъы дæтты хъæздыг тыллæг, стæй та йæ ногæй хъæуы баивын. Уæд фæззæджы рæстæгыл фæцырд сты æмæ фæззыгæнд мæнæу байтыдтой 12 гектары фæзуатыл, ауалдзæджы та сын хъæбæрхоры культурæ тыд æрцыд 15 га. Байтыдтæ цæмæй æмбæлон æгъдауæй рæзой, хызт уой алыгъуызон зианхæссæг уырынгонтæй, уый тыххæй дæр сæххæст кодтой агротехникæйы фæткойтæ. Хæдзарады уæнгтæм дарддæры куысты хуыздæр фæстиуджытæ бафтын кæныны тыххæй ис бирæ фæндтæ æмæ сын уæд æнтыстытæ.

                                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.