Уыцы хабар æрцыдис ивгъуыд æнусы. Цæвиттон, хæххон хъæу Хъобаны дон тынг раивылд, йемæ рахафта рагон зæппæдзтæ дæр. Æмæ незаманты зæронд адæмы мæрдты бæсты цард кæй уырныдта, уымæ гæсгæ мардæн йемæ ныгæдтой æхсызгон хъæугæ дзаумæттæ, мигæнæнтæ. Уыдæттæ ивылд дон ракалдта ингæнтæй, диссаджы мигæнæнтæ бронзæйæ. Уыйадыл Хъобаны хабар айхъуыст æгас дунейыл. Хъобайнаг уæлмæрдты мигæнæнтæ æмæ дзаумæттæ стыр дисы бафтыдтой дунейы номдзыд ахуыргæндты æмæ нывгæнджыты. Алы бæстæты музейтæ дæр бабæллыдысты уыцы æрттивгæ мигæнæнтæй сæ равдыстытæ саив кæнынмæ.

Иуцасдæр рæстæджы фæстæ ахæм æнахуыр мигæнæнтæ разындис æндæр рæтты дæр. Гъе афтæ рабæрæг рагон культурæ. Куыд зонæм, афтæмæй культурæ кæрæй-кæронмæ иууылдæр у адæймаджы къухæй, адæймаджы зондæй рацæугæ. Уымæ хауынц аргъæуттæ дæр æмæ зарджытæ дæр, бæстыхæйттæ дæр æмæ дзаумæттæ дæр, суанг кусæнгæрзты онг, иу ныхасæй, адæймаджы царды цыдæриддæр хъæуы, уыцы дзаумæттæ иууылдæр хауынц культурæмæ.

Хъобайнаг бронзæ мигæнæнты сарæзтыл æппынкъаддæр цæуы æртæ мин азæй фылдæр. Уыцы рагзаманты Централон Кавказы цæрæг адæмæн сæ ном бæлвырд-бæрæг нæу. Уымæ гæсгæ, зæппæдзтæй цы мигæнæнтæ рахаудис, уыдоны схуыдтой хъобайнаг культурæ, сæ саразджыты та – хъобайнæгтæ. Сæ цæрæнбынæттæ уыдысты хæххон дæлвæзтæ æмæ хохрæбынтæ.

Хæдзæрттæ арæзтой уис æмæ бæласы къалиутæй быд каутæй, æмæ сæ сæрстой æлыгæй. Уынгты зæхх та æмбæрзтой уираг дурæй. Сæрвæтты хызтой фысвосы дзугтæ, хъомвос æмæ бæхты рæгъæуттæ. Уымæн æмæ сæ цард уыди фосæй. Фæлæ хоры куыст дæр кодтой сæ къаннæг хуымзæххы гæппæлты. Тыдтой еуу, хъæбæрхор, мæнæу.

Нæлгоймæгтæ уарзтой цуан кæнын. Дардтой хъæхъхъаг куыйтæ, уайтагъд-иу сырды чи ссардта, ахæмтæ, стæй-иу сырды фехстой фатæй.

Хъобайнæгтæ уæлæдарæс хуыдтой уæлдзæрмттæй, кæнæ хи уæфт тæбынæй. Уыдысты дæсны дурынгæнджытæ, æлыгæй арæзтой алыхуызон мигæнæнтæ рæсугъд нывæфтыдтимæ. Гæрзарм адæм амал кодтой æрхуыйы æрзæт дæр æмæ дзы тайын кодтой сыгъдæг æрхуы.

Хъобайнæгтæ дæр иннæ рагон адæмты хуызæн æрдзимæ уыдысты æнгом баст. Уæлдай хъыгдард æй нæ кодтой, йæ рæсугъддзинæдтæ йын цы фæзмыдтой æмæ йæ лыстæг цы иртæстой, æндæр, Уый фæрцы хъобайнаг гæрзарм адæм систы æцæг нывгæнджытæ. Сæ къухæй конд мигæнæнтæй рауадис аивады алæмæты уацмыстæ.

Дæсны нывгæнджытæ архайдтой айдагъ бронзæйæ. Хъобайнаг бронзæ та у æрхуы къалаимæ æмхæццæ. Ахæм æмтадæй арæзтой кусæнгæрзтæ, хотыхтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Уæды заман нæма зыдтой æфсæйнагимæ архайын. Бронзæ та æнцондæр кусæн уыд, стæй хъæддыхдæр, фидардæр æрмæг.

Абоны онг дæр ма хъобайнаг уæлмæрдты дæлзæхх æнæхъæнæй лæууынц уæды конд фæрæттæ, къæпитæ, æхсырфтæ, хъаматæ. Музейты мидæг рæбинаг бынæттæ бацахстой адæймæгты æмæ цæрæгойты гуыртæ бронзæйæ. Уымæй фæстæмæ уыцы рагон рæттæ, æргъæвджытæ æмæ цæппæртæ, цыма сæ хицæуттæм æнхъæлмæ кæсынц, раст афтæ зынынц. Сæ фылдæр сты нывæфтыд. Фендзынæ сыл куыйты, хайуанты, сагты, кæсæгты, мæргъты, кæлмыты нывтæ. Алы нывæфтыд дæр дзы у цыдæр хъуыды æвдисæг, ис ын йæхи ахадындзинад, йæхи нысаниуæг. Æмæ бамбарæн дæр вæййы, йæ кæнæг цы зæгъынмæ хъавыд йæ нывæфтыдæй, уый.

Æвæццæгæн, хъобайнæгты уырныдта, калммæ цыдæр уæларвон тых ис, хуыцауы, тæфаг æм хæццæ кæны, уый. Уымæ гæсгæ, рагон адæм сæ хæсыл нымадтой цыфæнды зынтæй дæр маргдзых калмæй цыкурайы фæрдыг байсын. Ирон адæммæ та уыцы фæрдыджы хабар абон дæр цæры, хуыдтой йæ амондхæссæг æмæ бæллыдысты йæ самал кæнынмæ.

Уæхæдæг зонут, адæймаджы зæрдæ кæддæриддæр рухс кæны аивадæй. Гъе, æмæ нын нæ цæст абон дæр рæвдауынц хъобайнаг культурæйы мигæнæнтæ сæ аив кондæй, сæ рæсугъд нывæфтыдтæй. Мингай азты сæрты нæм æрхызтысты рагон адæмы къухæй конд алæмæты бынтæ, сæ ном фидæны бирæ фæлтæртæн æнустæм ныууагътой.

Мангол æмæ тæтæры ханты, стæй та Тимуры бырсты фæстæ аланты бæстæ баззадис дæрæнæй. Адæмæй дæр бирæ фæцагъды, аирвæзти ма дзы искуы-иутæ. Æмæ уыдон сæрæвæрæн скодтой ногæй хиуыл схæцынæн, цард аразынæн. Уымæй райдыдта сæ фæндаг ирон адæмæн XV æнусы.

Истори кæцыфæнды адæмæн дæр у бæрзонд асиныл хæрдмæ хизæгау. Сабыр цардмæ, амондмæ, рæстдзинадмæ. Фæлæ алы къæпхæнмæ дæр хизынц, бирæ фыдæбæттæ æвзаргæйæ, тугуарæн хæстытæ æййафгæйæ, иутæ иннæты фæллой ссивгæйæ. Гуыргъахъ зынвадат фæндагыл бирæ алымыггаг адæмтæ скуынæг сты, фесæфти сæ кой. Чи та ма абон дæр цæуы уыцы фыдæбоны фæндагыл. Ирæттæ цы бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдоны азарæй сæ «асиныл» цалдæр къæпхæны дæлдæр æрхаудысты. Нал сæм æрмгуыстгæнæг баззад, нал – сæудæджер. Уымæн æмæ сæ сахартæ ныппырх сты, дур дзы дурыл нал баззадис. Уæдæ сæ къухæй фæхаудысты бæркаддæттæг лæгъз быдыртæ дæр æд цæттæ хæдзарæдтæ. Фехæлдис адæмы паддзахадон иудзинад.

Уыдæтты фæстæ ирæттæ къордгай ныйисты хæххон кæмтты, æрæнцадысты къаннæг зæххы гæппæлтыл. Æмæ алцæмæй дæр æххуыс кодтой сæ кæрæдзийæн. Æрмæст афтæмæй уыд аирвæзæн хæхбæсты.

Зонæм, Кавказы бæрзонд хæхты рæгътæ рарæнхъ сты ныгуылæнæй скæсæнырдæм Сау денджызæй Хъаспийы онг. Сæ цæгатварс фæхстæ сын схуыдтой Цæгат Кавказ, хуссарвæрстæ та – Фæскавказ. Ирон адæм цардысты Цæгат Кавказы дæр æмæ Фæскавказы дæр. Цæгатаг æмæ хуссайрæгтыл сæ дих кодтой æрмæстдæр хæхтæ.

Цæгат Ирыстоны ирæттæ цардысты фондз сæрмагонд комæй: Тæгиатæ, Куырттатæ, Уæлладжыр, Туалтæ æмæ Дыгургом. Уæвгæ та фæзындысты алы рæстæджыты. Сæ рагондæртæ сты Уæлладжыр æмæ Дыгургом. Фæлæ адæмы нымæц куыд рæзгæ цыдис, афтæ зынын байдыдтой иннæ кæмттæ дæр.

Таурæгътæм гæсгæ Куырттаты комæн сæрæвæрæн скодтой уæлладжырон дыууæ æфсымæры – Куыртта æмæ Тæга. Уалынмæ æфсымæртæ фæбыцæу сты, æмæ Тæгайы хæдзарвæндаг йæхи айста сыхаг коммæ. Уым æрбиноныг сты Тæгиатæ. Алы хицæн комы дæр уырныдта, иу бындурæй, иу фыдæлæй кæй равзæрдысты, уый. Уæлладжыр сæ фыдæлыл нымадтой Ос-Бæгъатыры.

Скифты кадæджы кæй кой кæнынц, уыцы паддзах Таргитайы хуызæн Ос-Бæгъатырæн дæр цардис æмæ уыдис æртæ фырты – Сидæмон, Цæразон æмæ Къусæгон. Æмæ скифты таурæгъы уæларвæй æрхаугæ сыгъзæрин дзаумæттæ æртæ æфсымæры кæстæр Колаксайы къухмæ куыд бацыдысты æмæ уый охыл паддзах куыд сси, афтæ Сидæмон, Цæразон æмæ Къусæгон дæр се ’хсæн байуæрстой сызгъæрин дзаумæттæ ахæм нысаниуæгимæ: дзуары лæг, хæстон æмæ хуымæтæджы кусæг. Уæды рæстæгмæ ирæттæм паддзах нал уыд. Æмæ сæ хъуыдис фæллой кæнын, знагимæ хæцын, стæй Хуыцаумæ кувын, Гъе афтæ амыдтой уыцы алæмæты сыгъзæрин дзаумæттæ дæр: кувын, хæцын æмæ кусын.

Хæххон кæмттæм бацæуæнтæ æхгæд уыдысты хъахъхъæнæн бæрзонд къултæй æмæ мæсгуытæй, Хъахъхъæнæн бынæтты бадтис радгæс хъалагъуртæ. Комæн йæ зæххыл цы æддагон бæлццон ахызтаид, уымæй домдтой фиддон. Фæдисы заман ком хæстмæ цыдысты æмхуызонæй. Алы бинонтæ дæр тохмæ æрвыстой сæ хуыздæр хæстоны.

Алы комы цæрджытæ дæр райдианты уыдысты æмсæр, æмбар. Алкæмæн дæр уыди зæххы хай райсыны бар. Ахсджиаг хъуыддæгтæ лыг кодтой адæмы тæрхоны. Хуыдтой йæ Ныхас. Уырдæм-иу æрæмбырд сты хъæуты æмæ мыггæгты минæвæрттæ тæрхон кæнынмæ. Стæй ма алы хъæуы дæр уыди йæхи чысыл Ныхас.

Куыдфæстагмæ кæмтты зынын байдыдтой сæрæндæр, тыхджындæр мыггæгтæ, фылдæр зæххытæ кæмæ уыд, уыдон. Æмæ ахæм тыхджындæртæй, бонджындæртæй аразгæ рауади мæгуырдæрты цард. Адæмон æмбырдтæн та куыдфæстагмæ къаддæргæнгæ цыди сæ ахадындзинад. Æмæ ницыуал ахъаз уыдысты æмсæрдзинад бахъахъхъæнынæн. Бонджын хъæздыгдæр кодта, мæгуыр – дæвдæгдæр.

Комы хицаудзинад Дыгургомы сæ къухмæ райстой Бадилайы байзæддæгтæ. Уыдон уыдысты авд мыггаджы æмæ сæ хуыдтой иу номæй — бадилатæ. Бадила йæхæдæг кæддæр Дыгурмæ бацыдис хъахъхъæнæгæй. Уым бакуыста иуцасдæр исбон æмæ йæхиуыл фæхæцыд. Бадиламæ иннæтæй хъауджыдæр хæцæнгарзæн уыди топп, адæммæ та æрмæст фаттæ. Уыйадыл Бадила сси хæстон раздзæуæг. Йæ байзæддæгтæ та æхсæнады æппæт хъомхизæнтæ банымадтой сæхи сæрмагонд исбоныл. Уыйадыл хъахъхъæнджыты фиддон нымад æрцыдис æнæмæнг хъалоныл.

Сæ бартæ фæпарахатдæр кæныны, сæ авналæнтæ æддæдæр айтындзыны охыл бонджын мыггæгтæ бырсын байдыдтой сыхаг кæмттæм, кæйдæр зæххытæм. Ахæм мадзæлттæй ссывтой бирæ исбон, истой уацайрæгтæ. Хæстытæ, тохтæ та мæгуырдзинад æфтыдтой фыццаджыдæр хуымæтæг фæллойгæнджытыл, хуымгæнджытыл.

Ирон адæмы рагæй дæр фæндыди хæларæй цæрын гуырдзыимæ, кæсæгимæ, мæхъхъæлимæ, балхъаримæ. Ирæттæй бирæ цыдис гуырдзыйы æфсадмæ.

Цыппар æнæхъæн æнусы фæцардысты ирон адæм хæххон кæмтты, уым цалдæр хайыл адих уæвгæйæ. Фæлæ сæ иудзинад уæддæр нæ фесæфтис, нæ йæ бауагътой фехæлын. Ирыстон сæ иумæйаг райгуырæн бæстæ уыди Тæгиатæн дæр æмæ дыгурæн дæр, хуссайрæгтæн дæр æмæ цæгатаг ирæн дæр.

 

Бзарты Руслан,

историон зонæдты доктор, профессор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.