РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмбырд ауагъта Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ ГУП «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæггæнæг Гæбæраты Аланы хайадистæй.

Мадзалы уынаффæ цыд ацы азы Инвестпрограммæйы реализацийы райдайынмæ цæттæгæнæн фарстатыл, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министрады æмæ Арæнгæрон æмгуысткæнынады фæдыл УФ Президенты управленийы  минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы Президент Бибылты Анатоли Хицауадæн хæстæ куы радта, уый фæстæ.

Хицауады Сæрдар Арæзтады министрадæн радта хæслæвæрдтæ, куыд куыстыты заказгæнæг, афтæ,  ГУП «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæгадæн та – куыд сæйраг подрядон, афтæ, цæмæй  цыбыр æмгъуыдмæ бадзырдтæ саразой  газдихгæнæн хызæгты куыстытæ сæххæст кæныны тыххæй.

«2018 азы Инвестпрограммæ реализацийы рæстæджы цы хорз темптæй куыстæуыд, уыдон нæ халгæйæ, хъуамæ рæстæгыл æрæвналат ацы азы куыстытæ æххæст кæнынмæ. Развæлгъауы бæрæггæнæнтæм гæсгæ зæгъæн ис, æнæ бафæстиатæй райдайынæн нын кæй ис уавæртæ», – загъта Пухаты Эрик.

Æмбырды хайадисджытæ уынаффæ кодтой Цхинвалы 8 уынгыл газдихгæнæн хызæгты реконструкцийы фарстатыл, кæцытæ хæрзарæзт æрцæудзысты 2019 азы, афтæ ма уынаффæ кодтой куысты графиктыл дæр.

Хицауады Сæрдар æрсидт подрядон организацитæм, цæмæй лæмбынæгæй сæ хъус дарой арæзтадон процессы гъæдмæ æмæ объектты закъазгæнджытимæ документаци рæстæгыл бацæттæ кæнынмæ.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.