Республикæ Арцахы Президент Бако Саакянæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады, адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын дæуæн æмæ дæ адæмæн национ бæрæгбон – Арцахы Æндидзынады боны цытæн.

1988 азы 20 февралы цаутæ арцахаг адæмæн систы фæсæттæн. Фидардзинад æмæ æнæбасæтгæ удыхъæд равдисгæйæ, Арцахы сабырадуарзаг адæм æрлæу-уыдысты хæдуагæвæрды тыххæй сæ барты реализацийы фæндагыл.

Абон Республикæ Арцах йæ паддзахаддзинад бахъахъхъæныны фæдыл ахъуыдыгонд æмæ фидар позици бакусгæйæ, цæуы æхсæнадон-политикон стабилондзинады фæндагыл, дунеон банымад цадæггай йæ къухы æфтгæйæ.

Фидарæй мæ уырны, Хуссар Ирыстон æмæ Арцахы ‘хсæн хæларадон æмæ æмгуыстадон ахастытæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц кæрæдзийыл æууæндын æмæ æххуыс кæныныл,  дарддæр дæр ахъаз уыдзысты нæ адæмты интерестæн.

Ацы нысаниуæгджын бон дын мæ зæрдæ зæгъы, цытджын Бако Саакойы фырт, фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ дæ хъуыддæгты, Арцахы æфсымæрон адæмæн та  сабырдзинад æмæ фæрныгад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.