Гуырдзыстоны меньшевиктӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн ӕгӕрон хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой, сабыруарзаг ирон адӕмӕн ӕнцойад нӕ лӕвӕрдтой, мардтой ӕмӕ сӕ куынӕг кодтой, цӕрӕнбонты цы гӕвзыкк фӕллӕйттӕй буц уыдысты, уыдон сын хастой, зынджы хай сæ кодтой. Зынгӕ ирон фыссӕг Хъуылаты Созырыхъо йӕ радзырд «Ӕртындӕсӕй иумӕ»-йы афтӕ фыста: «Мӕнӕ диссаг! Цъунар, Тъбет ӕмӕ Къусреты хъӕутӕ кӕм уыдысты, уым хӕдзар нал зыны, ӕнӕбары цъӕх фӕздӕг ма бады сӕ сӕрмӕ». Ахӕм цъаммар ӕмӕ ӕбуалгъ митӕ кодтой ирон адӕмӕн уыцы заманы ӕмӕ сӕ абоны бон дӕр куы фехъусӕм, уӕд зӕрдӕ йӕхи риуы къултыл бахойы. Меньшевикты ‘рдыгæй фыдӕвзарӕнты бахауд Цъунары хъӕуы цӕрӕг ӕвзонг сылгоймаг Уанеты Машо дӕр. Уый чызгӕй уыд Зары хъӕуӕй ӕмӕ йӕ амонд та баиу кодта Лохты Дауытимӕ. Бӕргӕ амондджынӕй ӕрвыстой дыууӕ уарзӕгой уды сӕ цард, ноджы сын а-дунемӕ фондз чызг ӕмӕ иу лӕппу куы фӕзынд, уӕд тынгдӕр аныгъуылдысты сабыр царды фӕллой кӕнынӕй, фӕлӕ… О, фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цардӕй ахицӕн йӕ сӕры хицау. Сӕрӕн сылгоймаг йӕхи нӕ ауагъта, рад йӕ хъӕбулты цинӕй ӕмӕ сӕ хъомыл кодта. Фӕлӕ та ногӕй ӕндӕр хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ тухиаджы бонтӕ райдыдта ӕвзарын меньшевикты азарӕй. Машо кӕд дзӕвгар фыдӕбӕттӕ ӕмӕ мӕстыты бахауд, уӕддӕр фӕцард 96 азы. Уыцы ӕнӕферохкӕнинаг цауты тыххӕй-иу арӕх ӕрыфтыдта ныхас кӕстӕртӕн, фӕстагмӕ та-иу сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй ахӕм фыдбылызтӕй нырӕй фӕстӕмӕ алчи дӕр уа хызт. Ацӕргӕ сылгоймаджы уыцы цаутӕй ӕппынӕдзух фарста йӕ фырты фырт Лохты Джамбулат ӕмӕ ӕвзонг лӕппу хорз бахъуыды кодта лигъдоны тыхст бонтӕ. Ӕз бахатыдтӕн журналист Лохы фыртмӕ, цӕмӕй мын рахабар кӕна йӕ ӕнайы мысинӕгтӕ.

– Дӕлӕ Цъунары хъӕуы астӕу уыд къӕнцылар ӕмӕ уырдӕм арӕх цыдысты цӕрджытӕ исты хабар базоныны тыххӕй. Уыдаид сӕрды райдиан, афтӕ хъуыст алыгъуызон ныхӕстӕ, Гуырдзыстоны меньшевиктӕ ӕрбалӕбурынвӕнд кӕй кӕнынц, уый тыххӕй. Иу бон та сӕумӕрайсом уыцы бынатмӕ бацыдысты адӕм удаистӕй, лӕппуты сӕрӕндӕртӕй иутӕ зӕгъӕм, Лохты Иликъо, Бигъуылаты Христафор, Бӕззаты Иликъо, Мамиты Илакъре, Гиуӕрга, Хаситы Никъолоз ӕмӕ ӕндӕртӕ, ацыдысты Никозы хъæуы ӕрдӕм, иннӕтӕ та сӕ хъус адардтой Аунеуы хъӕумӕ. Хъуамӕ базыдтаиккой, ӕцӕг сӕм хӕцынмӕ ӕрбацӕуынц, уый. Уадид фӕстӕмӕ фездӕхтысты, уымӕн ӕмӕ хӕстмондаг ӕфсӕд-тӕн сӕ хъӕлӕба ӕмӕ цъӕхаст дардмӕ хъуыст. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ лӕппутӕм уыд хуымӕтӕджы хъаматӕ, кӕмӕдӕр та дзы сагой уыд. Уыдон та ифтонг уыдысты хӕцӕнгарзӕй ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ алӕууыдысты, сӕхи бааууон кодтой.

– Мӕ фыды мад Машо йӕ бирæ зӕнӕг – фондз чызг Сашӕ, Нуци, Олича, Нушкъи, Маро ӕмӕ йӕ иунӕг фырт Уахтъанджы йӕ разӕй акодта Зармӕ. Фырадӕргӕй ма цы акодтаид, уый зонгӕ дӕр нал кодта, фӕлӕ ма уӕддӕр йӕ хъуджы дӕр скъӕтӕй ракодта. – Тыхст адӕймаг дон ӕнӕмӕнг бацагуры, уӕлӕ уыцы дурын уӕды рӕстӕджы мигӕнӕн у, – амоны йæм Джамбулат – ӕмӕ йӕ Машо донӕй байдзаг кодта ӕмӕ уый дӕр се мбал баци. Нӕ йӕ ферох, зӕды ӕмбӕрзӕн кӕй хуыдтой, уый дӕр ӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой. Ли-дзынц цӕрджытӕ, сӕ тыхст ӕмӕ удаистӕй бӕстӕ скъуыдтӕ кодта. Додоты хъӕумӕ схӕццӕ сты, афтæмæй сӕ знӕгтӕ ӕрбаййӕфтой, бӕхты мыр-мыр, хотыхджынты ӕнӕхъола хъӕлӕбайӕ хъустӕ къуырма кодтой.

36-аздзыд сылгоймаг сдыгъуырццӕг, йӕ сабитӕй кӕстӕр чызгыл цыд ӕртӕ азы, хистӕрыл та –  16, цъиуджын карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын куыд ӕрныуӕрды, афтӕ сӕ йӕхимӕ ӕрбаввахс кодта ӕмæ йӕ дӕндӕгтӕ  кӕрӕдзийыл хойын райдыдта. Уӕдмӕ меньшевиктӕй сӕ иу бӕхӕй ӕргӕпп кодта, хистӕр чызджы бӕхы фӕсарц авӕрдта ӕмӕ размӕ йӕ ных сарӕзта. Хо ӕмӕ ӕфсымӕр 10-аздзыд Сашӕ ӕмӕ 7-аздзыд Уахтъанг иунӕгӕй аззадысты, иннӕтӕ та хъӕдмӕ балыгъдысты ӕмӕ афтӕмӕй фӕхицӕнтӕ сты. Фӕлӕ уӕддӕр дыууӕ рӕзинаджы нӕ фӕтыхстысты, ӕдасдӕр бынатмӕ балыгъдысты ӕмӕ ӕрӕмбӕхстысты. Ӕризӕрмилтӕ, рахызтысты ӕддӕмӕ, цыма ацы бынаты адӕймаг йӕ къах дӕр никуы ӕрӕвӕрдта, афтӕ уыд сабыр. Фӕлмӕцыд «бӕлццӕттӕ» сӕхи баввахс кодтой, уырдӕм ӕввахс цы холладжы ӕмбырдгонд уыд, уымӕ ӕмӕ уайтагъд афынӕй сты, райсоммӕ чысыл лигъдӕттӕ сӕ къах дӕр нал атылдтой.  Куы райхъал сты, уæд сӕ цӕстытӕ ӕууӕрдгӕ кӕсынц ӕмӕ дӕлӕ дыууӕ ацӕргӕ сылгоймаджы сӕ цурмӕ ӕрбахӕццӕ сты, уыдон та Принеуы хъӕуӕй уыдысты, радтой сын нартхоры кӕрдзын, бацамыдтой сын фӕндаг Зармӕ. Фӕлӕ та кӕсынц ӕмæ та ногӕй меньшевикты къорд сӕ разы ӕрбалӕууыдысты. Уыдонӕй сӕ иу зӕрдӕхӕлар разынд, бӕхӕй ӕргӕпп кодта, къухмӕрзӕнӕй сӕкӕры къӕрттытӕ радта чысыл сабитӕн, чизоны йӕхицӕн дӕр ахӕм къаннӕг сабитӕ уыд ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта. Сывӕллӕттӕ Зар, Зар куы кодтой, уӕд сӕ фембӕрста ӕмӕ сын фӕндаг бацамыдта. Уӕд цӕуын райдыдтой ӕмӕ тых ӕмӕ фыдӕй бахаудтой хъӕумӕ, бинонтӕ баиу сты ӕмӕ ма мады цинӕн кӕм уыд кӕрон, ӕрмӕст маст кодта, йӕ хистӕр чызг кӕй нал разынд, ууыл.

Фӕуӕлахиз Советон хицауад Хуссар Ирыстоны, адӕм ног цардарӕзтыл ӕрлӕууыдысты. Иу бон Лохты кулдуар чидӕр ӕрбахоста, идӕдз Машо йӕ тиутӕм фӕдзырдта ӕмӕ дыууӕ барӕджы фынгыл ӕрбадтысты. Уыдон разындысты Сачхерейы районы Чорчанайы хъӕуӕй, йӕ хистӕр чызджы йын кӕдӕм фӕхастой, уыцы хъӕуӕй. Машойы уадултыл ӕхсызгон мидбылхудт ахъазыд, цины цӕссыгтӕн нал уыд кӕрон дӕр. Ахӕм фыдӕбӕттӕ ӕвзарын кодтой меньшевиктӕ Хуссар Ирыстоны сабыр цӕрджытӕн дыууынӕм азты.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.