Ирæттæ рагӕй фӕстӕмӕ хӕстон адӕм уыдысты, ирон лӕг йӕ хӕдзар, йӕ бинонты, йӕ райгуырӕн зӕхх бахъахъхъӕнын кӕддӕриддӕр нымадта йӕ сӕйраг хӕсыл. Ӕмӕ историмӕ куы акӕсӕм, уӕд райгуырӕн зӕхх бахъахъхъӕныны сӕр та арӕх хъуыд. Уымӕ гӕсгӕ, фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ алкӕцы ирон хӕдзары дӕр уыд хӕстон мигӕнӕн ӕмӕ-иу бахъуыдыйы рӕстӕджы ист ӕрцыд йе ‘вӕрӕнӕй. 1989 азы та гуырдзиаг фашисттӕ Хуссар Ирыстоны аныхъуырынмӕ куы ӕрхъавыдысты, уӕд та ирон адӕмы бахъуыд æхсæнгарз райсыны сӕр. Фӕлӕ нӕ, ӕвӕццӕгӕн, знаг уӕды хуызæн ӕгуыдзӕгæй никуы ӕрæййӕфта, уымӕн ӕмӕ нӕ хӕстонтӕм нӕ уыд ӕхсӕнгæрзтӕ ӕмӕ афтӕмӕй гӕрзифтонг знӕгтимӕ цыд ӕнӕмсӕр тох. Ӕхсӕнгарз ссарын уӕды дуджы уыд тынг зын ӕмӕ-иу кӕй къухты бафтыд, уый-иу уыцы хъуыддаг нымадта стыр ӕнтыстыл. Зӕгъӕм, Знауыры районы иу лӕг ауӕй кодта йӕ гал ӕмӕ дзы балхӕдта ӕхсӕнгарз. Ӕмӕ ахӕм цӕвиттонтӕ ӕрхӕссӕн бирӕ ис.

Ныр 11 азы рацыд 2008 азы хӕстӕй, цӕрӕм сабыр цардӕй ӕмӕ нын ӕввахс рӕстӕджыты тӕссаг нал у знӕгтӕй. Не ‘мбӕстӕгтӕй бирӕтӕм хӕстон архайдтыты фӕстиуӕгӕн баззад ӕхсӕнгӕрзтӕ ӕмӕ сын сты æфснайд хибахъахъхъӕнынӕн. Кӕд нӕ алырдыгӕй фӕдзӕхсынц, зӕгъгӕ, нӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ бахъахъхъӕндзысты, хотыхты сӕр нӕ нал хъӕуы, – уӕддӕр ничи хӕссы барвӕндонӕй йӕ ӕхсӕнгарз милицимӕ. Ӕмбисонд афтӕ у, – «басӕй чи басудзы, уый доныл дӕр «фу» фæкӕны». Ӕмӕ нӕ адӕм нал ӕууӕндынц ахӕм ныхӕстыл, ома та нӕ 1989 азы куыд фӕсайдтой ӕмӕ нӕ куыд «ауӕй» кодтой, афтӕ та нын куы бакӕной фидӕны дӕр.

Ацы фарсты мӕнӕн мæ бон нӕу ӕмӕ адӕмы разӕнгард кӕнон, цӕмӕй сӕ хӕстон мигӕнӕнтӕ иууылдӕр радтой милицимӕ. Фӕлӕ йӕ рӕстӕг куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ӕхсӕнгарз у фыдбылызхӕссӕг. Цал ӕмӕ цал ӕнамонд цау ӕрцыдис не мбӕстӕгтӕй кӕцыдӕр рӕуӕгсӕрты архӕйдтыты фӕстиуӕгӕн? Цал ӕрыгон лӕппуйы бабын ис бынтон ӕнӕхъуаджы? Ӕхсӕнгарз дарынӕн дӕр лӕгдзинад хъӕуы, уымӕн ӕмӕ мӕстыгӕр кӕнӕ фырхъал чи у, уый къухты ӕхсӕнгарз свӕййы мӕлӕтхӕссӕг. Уымӕй уӕлдай ма нуазаг, наркотикон буарадтӕй чи пайда кӕны ӕмӕ йӕ нуӕрттӕ кӕмӕн риссынц, уыдон дӕр сты фыдбылызхӕссӕг.

Ныр цалдæр азы дæргъы милици сиды цæрджытæм, цæмæй сæм цы цуангæнæн æхсæн-гæрзтæ ис, уыдон закъонмæ гæсгæ сæхиуыл сфидар кæной. Милицийы фадыгон инспекторты дæр ма бахæсджын кодтой, цæмæй сæм бынæттон цæрæг куы бахата, уæд ын баххуыс кæной йæ гæххæттытæ бацæттæ кæнынæн. Бирæтæ цæрынц дæрддзæф хъæуты æмæ сæ бон нæу цалдæр хатты горæт Цхинвалмæ æрцæуын æмæ ахæм уавæрты милицийы кусджытæ бацæудзысты сæ уавæры. Ӕхсæнгарз закъонмæ гæсгæ фидаргонд куы уа йæ хицауыл, уæд æнцондæр у милицийы кусджытæн дæр сæ контроль кæнынæн. Ӕрмæст нæй бар автоматикон мигæнæнтæ æмæ пистолеттæ законмæ гæсгæ хиуыл сфидар кæнын – æрмæстдæр цуанон æхсæнгæрзтæ.

Ӕхсæнгарз дарынæн бары гæххæттытæ райсыны тыххæй Хуссар Ирыстоны æмбæстагыл хъуамæ цæуа 21 азы. Бацæуын æй бахъæудзæн Мидхъуыддæгты лицензион системæмæ æмæ дзы хъуамæ ныууадза куырдиат. Уымæй уæлдай ма йæ бахъæудзæн РХИ-йы æмбæстаджы паспорт, цуанон билет æмæ медицинон бæлвырдгæнæн. Психикон низтæй рынчын ма хъуамæ уа, наркотикон буарадтæй ма хъуамæ пайда кæна, нозт ма кæна, ахæстоны макуы бада æмæ йын уа иугæндзон цæрæнбынат. Милицийы кусджытæ йын бабæрæг кæндзысты йе ‘хсæнгарзы æвæрæн бынат. Уый та хъуамæ уа æфсæнæй арæзт сейф, æмæ æвæрд уа хæдзары искæцы къулмæ фидаргондæй. Йæ дæгъæл æрмæстдæр хъуамæ уа æхсæнгарзы хицаумæ. Ӕхсæнгарз демæ куы ахæссай, уæд йæ бары гæххæтт дæр хъуамæ уа демæ, кæннод милицийы кусæгæн закъонмæ гæсгæ бар ис æмæ дын æй сконфискаци кæна. Рæстæгæй-рæстæгмæ та фадыгон инспектор бабæрæг кæны æхсæнгарзы хицауы, фены мигæнæны дарыны уавæртæ.

Ӕппæт ацы мадзæлттæ ист цæуынц цæрджыты æдасдзинады тыххæй æмæ не ‘мбæстæгтæ ацы хъуыддагмæ серьезон цæстæй куы кæсиккой, уæд фыдбылызтæ къаддæр уаид.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.