Хуссар Ирыстоны культурæйы рæзты фæндæгтыл дзургæйæ, нæй ахизæн ирон сценæйы дæсны, режиссер, Гуырдзыстоны сгуыхт артисткæ Цæбиты Михакъайы чызг Залиханы иувæрсты.

Цард æмæ æрдз диссаг сты, кæмæ фæкомкоммæ вæййынц, уый сфæлындзынц зондæй, уындæй, кондæй. Уый æтте ма йæ бафтауынц царды рæсугъд фæндæгтыл дæр.

Ирон адæм абоны-бон дæр амондджыныл нымайынц ахæм хæдзары – ус æмæ лæг фæрæты хъæдæй барст кæм æрцыдысты, зæнæджы хæрзтæ кæмæ æрхаудтой, мыггаг æмæ нацийæн хæрзгæнæг чи у, цæхх æмæ къæбæрыл уæздан чи у, йæ уазæджы æгадæй чи нæ арвыста.  Ахæм диссаджы хæдзарвæндагæй рацæугæ уыдысты Залихан, стæй уæд йе ‘фсымæр, РХИ-йы адæмон артист Цæбиты Руслан.

Михакъа уанелаг уыд, дзырдзæугæ æмæ куырыхон лæгыл нымад, канд сæхи хъæуы нæ, фæлæ æгас Цъалагомы дæр. Уыд комбæсты фысым, йæ уазæджы æгадæй никуы аздæхта. Стыр аргъ ын кодтой Гаглойты Рутен, Никъала, Гафез, Плиты Арон æмæ Дзаттиаты Алыксандр, Хъуылаты Созырыхъо.

Залихан гуыргæ сахар Цхинвалы ракодта 1914 азы. Йæ сабион бонтæ дæр ам арвыста. Йæ ахуыры фæндæгтæ алыгъуызæттæ уыдысты: нырма ахуыр кодта Тбилисы ирон фæллойадон скъолайы, стæй та Цхинвалы, каст фæцис рабфак 1935 азы.

Йæ сабион дугмæ æрхаудтой фыццаг геноциды азтæ, тохы бонтæ ног сæрибары царды сæрыл, ног рæзгæ советон дуг. Æрдз бирæ хорздзинæдтæй схайджын кодта Залиханы, цæрдæг æмæ алцæмæ тырнæг уыд, сценæ чысылæй бауарзта, хъæлæс ын фидар уыд, йæхи æппæрста драмкъордтæм дæр.

Стыр цинимæ фæраст 1936 азы Ленинградмæ, Островскийы номыл театралон институтмæ. Йемæ уыдысты, фæстæдæр нæ театры ном бæрзонд чи систа – Гаглойты Зинæ, Варя, Таугазты Гаврил, Хъайырты Владимир, Мæхъиты Владимир, Цæбиты Варя, Саулохты Мухтар, Цоциты Нинæ æмæ æнд. развзаргæ фæлтæр.

Йæ институт каст фæцис 1941 азы. Уæдæй райдыдта йæ арфæйаг куыст нæ театры, уым æй æрæййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст.

Уыцы хæсты бонтæ æмæ нæ театры куыст – уый дардыл дзуринаг у. Зæгъын хъæуы, уыцы азты Залиханæн зын, фæлæ хъару æвдисæн азтæ кæй уыдысты. Уыд театры аивадон къухдариуæггæнæг.

Егъау уыд Залиханæн йæ æхсæнадон куыст дæр. 1946 азы нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы аивæдты хайады сæргълæууæгæй. Ныр ын хуыздæр фадæттæ фæцис, цæмæй ирон аивад алы къабазы дæр сырæза æмæ слæууа йæ къахыл. Уый тыххæй фæсхæсты азты бирæ тых, бирæ кусын хъуыд. Куыста культурæйы хайады сæргълæууæгæй дæр.

Арæхстджын уыд куысты, йæ бæрны уæвæг хæс бæрзонд æвæрдта, цæсгомджын ахаст ын уыд. Уыдта уыдæттæ уæды хицауад æмæ йæ ракодтой бæрнон партион куыстмæ 1956 азы. Уæд нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны обкъомы партийы агитаци æмæ пропагандæйы хайады сæргълæууæгæй.

Куыстуат-иу размæ ракæнын кæм хъуыд, уырдæм-иу æрвыстой Залиханы. Нæ музейы куыст хуыздæрхъуаг кæй уыд, уый хынцгæйæ, хицауад Залиханы снысан кодта директорæй.

Залихан йæ куысты фæллад нæ зыдта, алы ран дæр цæсгомджынæй куыста, куыста фæлæ йæ зæрдæ та театры уыд, хуыздæр æмæ тыхджындæр бынатыл нымадта сценæ æмæ дзы куыста актерæй дæр æмæ режисерæй дæр.

  Нæ театры сценæйыл цы фæлгæндзтæ ахъазыд, уыдон  алыгъуызæттæ уыдысты. Нырма уал уый, æмæ канд национ пьесæты фæлгæндзты нæ, арæхстджын уыд тæлмацгонд пьесæты фæлгæндзты змæлд равдисынмæ дæр.

 Ирон драматургийы хæзнатæй Залихан кæм хъазыд, уыдон уыдысты: Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран» (Ныфс); Саулохты М., «Нарты Батрадз» (Косерхан), Хъуысаты Хъасболаты «Æлгъыст», Саулохты М. «Хандзериффæ» (Хандзериффæ).

Курдиатджын уыд тæлмацгонд пьесæты хъазгæйæ дæр. Цы фæлгæндзтæ сарæзта, уыдон цæствæрæн фесты йæ рæстæджы. Ахæм пьесæтæ та сты: Шиллеры «Уарзондзинад æмæ мæнгарддзинад», Мольеры «Скапены митæ», Крон æмæ  Вишневскийы «Æмвæтæнæй денджыз фæйлауы», Островскийы «Теркуард», Максим Горькийы «Царды бынмæ», С. Шаншиашвилийы «Арсена» æмæ æнд.

Залихан ирон аив дзырды дæсны кæй уыд, ууыл дзурæг сты æртæ ахсджиаг      хъуыддаджы: уыд режиссер, уырыссагæй ирон æвзагмæ тæлмацгæнæг, ирон хъайтарон зарджытæ æххæстгæнæг.

Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта: Суровы «Цъæх уынг», С.Михалковы  «Мæн фæнды нæхимæ», Бердзенишвилийы «Фидыдады бæлыуæттæ», Симоновы «Уырыссаг адæм», «Æнхъæлмæ мæм кæс», В.Вишневскийы æмæ Кроны «Æмвæтæнæй денджыз фæйлауы» æмæ æнд.

Ирон  хъайтарон зарджытæм чи рæхст, йæ бон сæ сисын кæмæн уыд бæрзонд æм-вæзадмæ сылгоймæгты ‘рдыгæй, уыдонæй иу уыд Тогызты Наталья – Цæгат Иры, иннæ та Цæбиты Залихан – Хуссар Иры.

Нæ мæ сты рох абоны-бон дæр, Залихан-иу куы систа Чермены, Бæтæйы фыртты, Таймуразы, Тотырадзы, Тотиты Акимы æмæ æндæрты хъайтарон зарджыты. Хорз уаид, Залиханы рухс ном ссарыны тыххæй нæ телеуынынад Залиханы хъайтарон зарджытæ куы радæттит, цæмæй нæ адæм бамбарой, нæ хъыллистгæнæг зарджыты æмрæнхъ нæм кæй ис ирон хъайтарон  зарджытæ дæр. Уыдон махæн номгæнæг кæй сты, уый хъуамæ ма рох кæнæм, адæм сæм рагæй кæй нал байхъуыстой, уый та бæрæг у, сæ нæмттæ дæр сын кæй нал зонынц, уымæй.

Уæлдæр æрцыд загъд, Залихан кæй уыд арæхстджын режиссер дæр. Ууыл та дзурæг сты, цы пьесæтыл бафыдæбон кодта, рæгъмæ кæй рахаста, уыдон – Кавказаг (Хъæцмæзты Илья) «Исахъ», Брытъиаты Елбыздыхъо «Амыран», Хъуысаты Хъ. «Æлгъыст», Саулохты М. «Нарты Батрадз» æмæ «Хандзериффæ»,  Шиллеры «Уарзондзинад æмæ мæнгардзинад», Мольеры «Скапены митæ», Æфсымæртæ Туртæ æмæ Шейнины «Капитаны Бахметов» æмæ æнд.

Ацы фадыджы арæхстджын кæй уыд, ууыл дзурæг у иу стыр хъуыддаг: 1944 азы Æппæтцæдисон æвзонг режиссерты сфæлдыстадон æркасты Залиханæн лæвæрд æрцыд 1-аг категорийы режиссеры ном. Йæ фыццаг сæвæргæ спектакль та Залиханæн у Саулохты Мухтары «Нарты Батрадз».

Уыцы азты ацы темæйæн, Батрадзы фæлгондзæн, егъау нысаниуаг кæй уыд, уый раст загъд æрцыд йæ рæстæджы: «Героикон адæм, героикон хъуыддæгты фæлдисæг, сæ сæр никуы æркъул кæндзысты тыхгæнджыты раз. Кардимæ чи ныббырса сæрибаруарзаг адæммæ, уый кардæй йæ мæлæт ссардзæн, – ахæм хъуыды бавæрдта Залихан спектакль «Нарты Батрадз»-ы (Ирон театр, Цхинвал 1968 аз).

Залиханы саразгæ фæлгæндзтæ: Ныфс (Брытъиаты Е. «Амыран»), Косерхан (Саулохты М. «Нарты Батрадз»), Софья (М.Горький «Царды бынмæ»), Леди Мильфорд (Ф.Шиллеры «Уарзт æмæ фыдæх»), Марта (С. Шанишвили «Арсена») æмæ æнд. Йæ рæстæджы цæстæвæрæн фесты, адæм сæ тынг æввахс айстой сæ зæрдæмæ.

Залихан театралон аивадæн арæхстджынæй хъомыл кодта разгæ фæлтæры, цайдагъ сæ кодта зард, кафт, фæндыр цæгъдын, драмкъордты архайыныл.

Архайдта ууыл, цæмæй фæсивæд ивылой аивады хаххыл цы ахуыргæнæндæттæ ис, уырдæм, бирæ тых хардз кодта нæ театр æмæ ансамбль «Симд» схотыхджын кæныныл.

Залихан зæрдæрухс уыд хæдзары ‘рдыгæй дæр. Йæ цардæмбал  Санахъоты Владимир – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, дзæвгар ордентæ æмæ майданты хицау, Дзауы райкомы I-секретар, районон (æххæсткомы сæрдар – фæцардысты хъæрмудæй, схъомыл кодтой чызг æмæ лæппу – Инал æмæ Альда абон дæр сты нæ Ирыстонæн бафæзминаг кæстæртæ.

Кæронбæттæны зæгъын хъæуы: Залиханы ном нæ культурон фронты ‘рдыгæй æгæр рохуаты аззад. 2014 азы йæ райгуырды 100 азы бон нæ хъусты иувæрсты ацыд. Абон та йæ райгуырдыл æххæст кæны 105 азы æмæ ныл зæгъын æмбæлы, чи уыд Залихан, цы сарæзта, цы радта йæ адæмæн.

Бирæ сты йæ лæггæдтæ ирон аивадон культурæйы рæзты, уæхскуæзæй фæкуыста алыгъуызон бæрнон бынæтты. Йæ рæстæджы йын саккаг кодтой алыгъуызон хорзæхтæ, схызт сгуыхт актеры æмвæзадмæ, йæ тых, йæ зонд никуы бахæлæг кодта йæ адæмæн.

Йæ царды фæстаг бонтæм никуы ныууагъта йе’хсæнадон куыст. Уыдис не ‘хсæнад «Зонынад»-ы сæрдары хæдивæг, Хуссар Ирыстоны театралон æхсæнады президиумы сæрдар.

 2008 азы геноцид нал æрæййæфта, нæ федта йæхи цæстæй, цытæ æрцыд Хуссар Ирыл, куыд басыгъд, цы лæппуты фесæфтам, куыд басыгъд йæ уарзон театр, йæ хъæбултæ æнæ хæдзар æмæ фæллойæ куыд баззадысты – басыгъд йæ хæдзар æд фæллæйттæ, цытæ фæкуыста,   уыдон    се ‘ппæт дæр.

Залиханы ном æрымысинаг у театрæн дæр æмæ культурæйы министрадæн дæр. Йæ хæдзары къулыл – Цоциты Нинæ æмæ Хетæгкаты Владимиры фарсмæ бакæнын хъæуы мемориалон фæйнæг.

Сты иу хæдзарæй, куыстой иумæ, театр уыд сæ авдæн дæр æмæ сæ хæдзар дæр. Уыцы хæдзар нæ театрæн ис музейы раны. Уым ма цардысты Джыгкайты Ваня, Медойты Заретæ æмæ Гаглойты Варя дæр.

Мысинаг сты махæн, нæ ивгъуыд хъуамæ зонæм:

ПЛИТЫ Гацыр

РХИ-ы зонæдты къабазы

 сгуыхт кусæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.