Цхинвалы уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн Тедеты Альберт æмæ Владимиры номарæн гом чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæ уагъд цыдысты дыууæ боны дæргъы спортивон галуан «Олимп»-ы æмæ сæ хайад райстой 149 богалы. Уыдон уыдысты куыд Хуссар Ирыстон, афтæ Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Мæскуыйæ.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн арфæ ракодта Президент Бибылты Анатоли. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта ацы ерысты стыр нысаниуæг.

«Бузныг зæгъын мæ фæнды ерысты организатортæн. Азæй азмæ сæ æмвæзад кæны бæрзондæй бæрзонддæр. Æнæхъæн дунейы коронавирусы пандеми кæй ис, уый аххосæй тас уыд – ерыстæ уагъд куынæ æрцыдаиккой, уымæй. Фæлæ рæзгæ фæлтæрæн, чемпионаты ахсджиагдзинад æмбаргæйæ, уынаффæ рахастам, цæмæй чемпионат уагъд æрцыдаид. Ныр мах кад кæнæм æрмæст æвзонг богалтæн нæ, фæлæ ма Европæ, дунейы æмæ Олимпион хъæзтыты уæлахиздзаутæн дæр, кæцытæ нæм уазæгуаты  æрцыдысты Цхинвалмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Ерысты хайадисджытæн ма арфæ ракодта уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер, РХИ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Тедеты Дзамболат.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы  арфæйы фыстæг ерысты хайадисджытæн бакаст Цæгат Ирыстон-Аланийы спорт æмæ физикон культурæйы министр Хуыгаты Алан. Æвзонг спортсментæн ма арфæ ракодтой Олимпион хъæзтыты уæлахиздзаутæ Рæмонты Сослан æмæ Абдулрашид Садулаев. «Ивгъуыд аз ам куы уыдыстæм, уæд Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболатæн ныфс бавæрдтам алы хатт дæр-иу кæй æрцæудзыстæм ерыстæм, цæмæй уæлахизтæм сразæнгард кæнæм ерысты хайадисджыты. Бузныг зæгъын нæ фæнды Хуссар Ирыстоны цæрджытæн Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, афтæ хорз ныл кæй сæмбæлынц, уый тыххæй», – загъта Абдулрашид Садулаев.

Ерысты уазджыты, дунейы спорты стъалыты ‘хсæн уыдысты Европæйаг хъæзтыты уæлахиздзау, Олимпион хъæзтыты призер Гозымты Хетæг, Олимпион хъæзтыты призер Тыджыты Таймураз, дыууæ хатты дунейы чемпион Сидахъты Зауырбег, дунейы чемпионтæ Цæболты Хетæг, Байты Давид, Магомед Курбаналиев, Фæрниаты Ирбег, Æлдаттаты Ибрагим, Абдусалам Гидасиов, Махач Муртазалиев, дунейы чемпионаты æвзист призер Зассеты Ален. Европæйы чемпионтæ Тусхъаты Азæмæт, Найфонты Артур, Анзор Хизриев æмæ æндæртæ.

Ерыстæм ма æрбацыдысты Тедеты Альберты мад Чехойты Оля æмæ Тедеты Владимиры лæппу Роберт. Чемпионаты хайадисджытæн ма арфæ ракæнынмæ  æрбацыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æмæ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь. 

Чемпионаты лæвæрд æрцыд майданты 23 комплекты. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кубоктæ æмæ æхцайы премитæй.     «Хуыздæр техникæ»-йы сæрмагонд приз райста Плиты Вадим. Уый схорзæхджын кодта Олимпион чемпион Абдулрашид Садулаев. Иннæ Олимпион чемпион Рæмонты Сослан та «Уæлахизмæ тырнындзинад»-ы приз радта Коцты Арсенæн. Ноджы ма иу сæрмагонд призæй та УФ-йы сгуыхт тренер Тедеты Марик схорзæхджын кодта Болататы Дзамболаты. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.