Зассеты Сослан – 9-æм къласы ахуыргæнинаг

Гуырдзыстоны фыдгæнджытæ Ирыстонмæ куы ‘рбабырстой, нæ хъæутыл нын арт куы бандзæрстой, Цхинвалы нæмыджы бын куы фæкодтой, уыдæттæ се ‘ппæт мæ зæрдыл нал лæууынц, фæлæ дзы цыдæртæ бахъуыды кодтон. Цæрын Хъайтарты уынгыл, арæх нæм хаудысты нæмгуытæ. Иу рæстæджы цыд тынг æхстытæ, мæн æмæ мæ хистæр æфсымæр Михаилы нæ мад тагъд-тагъ ныккодтта ныккæндмæ. Бадтысты ма дзы хистæр сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ цалдæрæй. Уым цас рæстæг фестæм, уый нæ зонын, фæлæ афæлмæцыдтæн. Иу рæстæджы фæтарстæн тынг æхстытæй æмæ кæугæйæ мæ мады фарстон, гуырдзиæгтæ нæ йеныр амардзысты? Куыддæрты мæ æрсабыр кодта. Уæдмæ æхстытæ дæр фæлæууыдысты, ныккæнды бадджыты ныхас дæр федыхстдæр ис. Сабыргай мæ мады хъæбысæй рахызтæн.  Фæндыд мæ æддæмæ рахизын, фæ-лæ тæрсгæ дæр кодтон. Иу рæстæджы ныккæнды дуар ын чысыл базыхъхъыр кодтон æмæ уырдыгæй ракас-тæн. Уынг уыд тынг змæстытæ. Нæ хæдзары раз цы бæлæстæ ис уыдон къалиуты фылдæр лæууыдысты зæххыл. Æддæмæ куы рахызтæн уæд мын ме ‘нгас сæхимæ аздæхтой нæмгуыты згъæлæнтæ.  Кæцæйдæр хъуыст танкты, хæцæнгæрзты æхстыты хъæлæба, фæлæ уыцы уысм нæ уынг уыд сабыр æмæ рахызтæн фæндагмæ. Тагъд-тагъд нæмгуыты згъалæнтæй цалдæр фелвæстон æмæ фæстæмæ кæртмæ балыгътæн. Нæмгуытæ, ныккæндæй чи схызт, уыдонæн дæр фенын кодтон, бадис сыл кодтой æмæ тызмæггомау цыдæртæ  дзырдтой. Хъавыдтæн уыцы нæмгуыты нывæрынмæ, Ирыстоны уæззау бонты-иу æрымысынæн, фæлæ сæ кæм нывæрдтон, уый мæ ферох, нал сæ арын. Ныр уæззау бонты хъæбатырдзинад чи равдыста, чи фæмард, уыдонæн кæндзынæн кад, æмæ сæ мысдзынæн.

Уыцы зын бонтæй рацыд дæс азы, ныр фембаргæдæр дæн, æмæ бамбæрстон, хæст цы у, уый. Хæсты цаутæй цыдæртæ бахъуыды кодтон, цыдæртæ та мæ мад æмæ фыд, мæ хæстæджытæ æмæ ме ‘мкъласонтæй базыдтон æмæ куы сыстыр уон, искуы кусын куы райдайон, уæд, æппæт дæр араздзынæн уый тыххæй, цæмæй макуыуал уа хæст.

Хъотайты Ванесса – 6-æм къласы ахуыргæнинаг.

Мæнмæ афтæ кæсы æмæ æппæтæй тæссагдæр зæххыл у хæст. Уый æз бамбæрстон мæ фыд Алыксандры ныхæстæй. Ууыл фынддæс азы куы цыд, уæдæй нырмæ уыд Ирыстоны хъахъхъæнæг лæппуты ‘хсæн. Уанаты астæуккаг скъолайы цы бирæ гуырдзиаг хæстонтæ æрцахстой, уыдон горæтмæ чи æрласта, æмæ сæ Театралон фæзуаты сæ зонгуытыл чи æрлæууын кодта, уыдонæй иу уыд мæ фыд. Йæ фыды алчи дæр уарзы, фæлæ йæ æз фылдæр уарзын йæ бинонтæ, хиуæттæ, йæ адæм æмæ йæ бæстæйы сæрвæлтау йæ удыл дæр кæй нæ ауæрста, уый тыххæй. Цалынмæ гуырдзы æмæ иры хæст цыдис, уæдмæ хæдзары арæх нæ уыд, фæлæ-иу куы ‘рбацыд, уæд -иу мын бирæ диссæгтæ фæдзырдта, фылдæр нæхиуæтты хъæбатырдзинæдты тыххæй. Мæнæн уый уыд æхсызгон æмæ-иу фæстæмæ куы здæхт, уæд-иу, исты йыл æрцæуа, уымæй тæрсгæ дæр нал кодтон.  Хæсты рæстæджы рамбæхс-бамбæхсæй дарддæр ницы федтон, фæлæ мæм мæ фыды ныхæстæм гæсгæ афтæ кæсы, цыма алы тохы дæр мæхæдæг истон хайад.

Æмбарынхъом куы фæдæн, уæд та адæмы ныхæстæй ноджы хуыздæр бамбæрстон гуырдзиаг фыдгæнджытæ нæ адæмæн цы фыдмитæ кодтой, уый æмæ сæ æз никуы ферох кæндзынæн, мæхæдæг дæр сæ дзурдзынæн æндæртæн. Уы-цы фыдбылызы хæсты чи бабын, уыдон рухс нæмттæ та æз алы хатт дæр мысдзы-нæн. Сæ кады æмæ хъæбатырдзинæдты тыххæй та алы хатт дæр араздзынæн æвзонг адæймагмæ, скъоладзаумæ цы ‘мбæлы, уый.

Джиоты Нодар – 6-æм къласы ахуыргæнинаг.

2008 азы августы хæсты цауты кой арæх фехъусын, æмæ мæ алы хатт дæр дисы æппары, кæд мах карæнтæ се ‘ппæт дæр хорз зонынц хæст цы стыр æнамонддзинæдтæ æмæ фыдбылызтæ æрхæссы уый, уæд сæ цæмæннæ зонынц, хæст йæхæдæг чи райдайы, уыцы стыр адæймæгтæ. Цæмæн сæ бафæнды æмæ искæй кæстæр бабын уа, бирæтæ цæрæнбонты цы хæдзæрттæ фæаразынц, уыдон басудзой, сахъатджынтæй баззайой адæм?

2008 азы хæрзчысыл уыдтæн, хæстæй цы базыдтон, уыдонæн сæ фылдæр хъусгæ фæкодтон, фæлæ дзы арæх цыдæртæ æрæ-мысын мæхæдæг дæр. Æхстытæ-иу куы сытынг сты, нæмыгæй-иу хи бахизын куы хъуыд, уæд-иу арæх афарстон мæ мады, зæгъгæ, йеныр та чи æхсы? Цæмæй ма тарстаин, æрсабыр уыдаин уый тыххæй мын арæх йæ дзуапп уыд, уый нæхиуæттæ сты, зæгъгæ. Йæ дзуапп-иу мын уыд æхсызгон æмæ кæд уæнгты уыд тас, уæддæр-иу тæрсгæ-ризгæйæ гæзæмæ бахудтæн.

  Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.