Ленингоры район бирæ азты дæргъы Гуырдзыстоны юрисдикцийы бын уыд, æмæ уый егъау фæд ныууагъта куыд культурæйы къабазы, афтæ нæ республикæйы иннæ районты цæрджытимæ æмахастыты хъуыддаджы дæр. Ӕмбæхсинаг нæу, ныры онг дæр ацы районы цæрджыты минæвæрттæй кæцыдæртæ сæхи иппæрд кæй хатынц Хуссар Ирыстонæй, уымæн æмæ сыл интеграцийы процесстæ нырма нæ бандæвтой  кæнæ та сæ фæндгæ нæ кæны.

Ӕппæт проблемæтæ хынцгæйæ, ацы районы цæрджытæ бирæ азты дæргъы æвзæрстой зындзинæдтæ, уæлдайдæр та къуылымпыдзинæдтæ æвзæрстой Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорт райсыны тыххæй. Уымæн æмæ сæ фылдæрæн уыд Гуырдзыстоны æмбæстаджы паспорттæ, стæй сын æнгом бастдзинæдтæ уыд Гуырдзыстонимæ, пенситæ æмæ алыгъуызон паддзахадон æххуыстæ дæр истой уырдыгæй æмæ сæ нæ фæндыд се ‘фтиæгтæ фесафын. Афтæмæй сæ фæндыд сæ пайдайы хай Хуссар Ирыстонæй дæр атона кæнын. Ӕмбисонд куыд у: «Хъа-хъа иу ран кæны, æфтаугæ та – иннæ ран». Ныр ацы районы цæрджытæн сæ 80 проценты бæрц сты нæ республикæйы æмбæстæгтæ.

Ацы хъуыддаджы ма проблемæ сæвзæры, рæзгæ фæлтæры паспорт райсыны сæр куы бахъæуы, уæд, уымæн æмæ уыдон, юридикон æвзагыл дзургæйæ, райгуырдысты Гуырдзыстоны территорийыл. Проблемæ аиуварс кæныны тыххæй рабадт уыд Гражданствойы фарстаты фæдыл къамисæн. Рабадты æрдзырдтой ацы категорийы æмбæстæгты дарддæры хъысмæтыл æмæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй, ныридæгæн æнæххæст кары сывæллæттæй чи æнхъæлмæ кæсы фæсарæйнаг паспортмæ, уыдонæн бар радтой сæ райсынæн. Уымæй уæлдай ма бæстæйы Президент Указ бафыста, цæмæй ацы 43 сывæллонæн радтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад.

13-æм октябры РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты ми-нистрады кусджытæ Ленингоры районы милицийы управленийы бæстыхайы цытджын æгъдауæй 43 сывæллонæн радтой нæ республикæйы фæсарæйнаг паспорттæ, кæцытæн дарддæр фадат уыдзæнис иумæйаг æмбæстаджы паспорттæ райсынæн. Ацы хъуыддаг барæвдз кодтой Ленингоры районы администраци, кæцытæ развæлгъау бацæттæ кодтой æнæмæнгхъæуæг документтæ паспорт райсыны тыххæй æмæ сæ рæстæгыл арвыстой Æмбæстагдзинады фарстаты фæдыл къамисмæ.

Ленингоры районы паспортон-визæйон службæйы кусджытæ ныридæгæн егъау куыст кæнынц. Бынæттон цæрджытæй ма паспорт кæмæн нæй, уыдонæн алыварсонæй æххуыс кæнынц йæ райсынæн.  Кæд дзы ахæмтæ вæййы, кæцытæн сæ бон нæу æрбацæуын  кæнæ цæрынц дæрддзæф хъæуты, уæд уыдонмæ та бынатмæ ацæуынц ацы службæйы кусджытæ æмæ сын сисынц къамтæ, бацæттæ сын кæнынц æнæмæнгхъæуæг документтæ æмæ сын радтынц паспорт.

ДЖИОТЫ Алыксандр 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.