Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Знауыры районы Аунеуы зӕххытӕм ӕввахс хъуамӕ сагъд ӕрцӕуа ӕхсӕры талатӕ 350 гектары. Уыцы ахсджиаг хӕс йӕхимӕ райста фирмӕ «Аланты бындар»-ы генералон директор Тӕтӕраты Алан ӕмӕ уал ын бантыст 10 гектары фæзуатыл ныссадзын. Дарддӕр садзæн куыстытӕ хъуамӕ райдайой уалдзӕджы, куыддӕр кусынӕн бӕзгӕ бонтӕ скӕна, афтӕ. Ӕнӕаргъӕвгӕ куыстытӕ бакӕнынмӕ та хъӕуы развӕлгъау мӕр, техникӕ ӕмӕ кусӕгдых бацӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр сӕйраг у талатӕ бы-натмӕ фӕхӕццӕ кӕнын ӕмӕ уыцы  хъуыддаг дӕр рохуаты нӕ баззад. Ӕрӕджы ӕрластой ацы талатӕ 44500 иуӕджы æмæ сæ бафснайдтой ӕмбӕлон бынаты.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.