Нæ республикæйы районты милицийы фадыгон инспектортæ фембæлдысты цæрджытимæ æмæ сын æрдзырдтой 2019 азы бакæнгæ куысты тыххæй. Ахæм фембæлдтытæ фæцæуынц æрвылаз дæр æмæ ма дзы иннæ азтæм абаргæйæ ацы аз хайад райстой Парламенты депутаттæ дæр. Ӕмбырды хайад райстой Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Пухаты Мераб æмæ ма министрады æндæр профилон кусджытæ, афтæ ма бынæттон администрацийы минæвæрттæ. Фадыгон инспекторты докладты фæстæ цæрджытæ æрдзырдтой сæ проблемæтыл, сæ тыхстдзинадыл æмæ сын бæрнон кусджытæ сдзуапп кодтой сæ ахсджиаг фарстатæн.

Фадыгон инспектортæ сæ раныхасы æрдзырдтой оперативон уавæры тыххæй, цахæм фыдракæндтæ æмæ бархалæн цаутæ æрцыдис æмæ цахæм мадзæлттæ ист цæуынц фæтк æрæвæрыны фæдыл. Бамбарын кодтой æрæмбырдуæвджытæн, милицийы кусæгæн цахæм бартæ ис, куыд скъуыддзаг цæуынц адæмы цардуагон æмæ конфликтон фарстатæ æмæ куыд хъæуы фæкъаддæр кæнын фæткхалæн цауты нымæц.

Иумийагæй сисгæйæ районты 2019 азы фыдракæндтæ æмæ фæткхалæн цаутæ фæкъаддæр сты иннæ азтæм абаргæйæ. Уымæ æнæкæсгæйæ милицийы кусджытæ æдзухдæр сæ хъус дарынц æхсæнадон фæткмæ, адæмæн амонынц закъоны фæлгæтты архайын æмæ сæ фæдзæхсынц, цæмæй сæхи бахизой антиæхсæнадон цард кæнынæй. Профилактикон куыст кæнынц нозтуарзаг æмæ наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй чи пайда кæны, уыцы гоймæгтимӕ. Уымæй уæлдай ма æдзух бæрæг кæнынц, раздæр ахæстоны чи бадтис, кæнæ тæрхондон азымджыныл кæй банымадта, фæлæ бадзырдмæ гæсгæ ахæстоны чи нæ бады, уыцы æмбæстæгты. Ацы профилактикон куыст эффективон æмæ æнæмæнгхъæуæг уымæн у, æмæ фæткхалджыты фылдæр хай вæййынц ацы категориты гоймæгтæ.

Милицийы кусджытæ ма азы дæргъы бафæдзæхстой районты амалиуæггæнджыты æмæ магазингæсты, цæмæй æннæххæст кары сывæллæттæн ма уæй кæной тамако æмæ карз нозт. Бархалджытæ баййæфтой административон æфхæрд. Рæстæгæй-рæстæгмæ ма зылдысты скъолатыл дæр æмæ скъоладзаутимæ ныхас кодтой наркомани, алкоголизм æмæ æндæр темæтыл.

Гуфтайы хъæуы цæрджытæ хъаст кæнынц, зæгъгæ, хъæуы астæуты цы автомобилон трассæ цæуы, уый стыр фыдбылыз хæссы адæмæн, фӕлӕ ныр цалдӕр азы дӕргъы ницы мадзӕлттӕ ист цӕуынц ацы проблемӕ аиуварс кӕнынӕн. «Фæндаджы фæрсты арæзт нæй тратуартӕ æмæ бынæттон цæрджытæ бар-æнæбары ахизынц фæндагмæ æмæ бахауынц фыдбылызы. Фæстаг рæстæджыты нæм 3 адæймаджы бахаудтой автомашинӕты бын ӕмӕ фӕмардысты. Уӕлдай тӕссаг у сывӕллӕттӕн, уымӕн ӕмӕ хъӕуы астӕуккаг скъола дӕр ис фӕндагмӕ ввахс. Мах фыстӕджытӕ арвыстам алыгъуызон инстанцитӕм фӕйнӕ цалдӕр хатты, фӕлӕ нырма ницы дзуапп райстам», – банысан кодта йӕ раныхасы Гуфтайы хъӕууон администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Феликс.

Теделет ӕмӕ Синагуры хъӕу-ты цӕрджытӕ та тыхсынц зымӕ-гон фӕндагыл. Фӕндагсыгъдӕг-гӕнӕн техникӕ Синагуры хъӕу-мӕ нырма нӕ ныххӕццӕ вӕййы хафгӕ, афтӕмӕй азилы Карзманы хъӕуы рдӕм ӕмӕ Теделеты хъӕумӕ та къуыригӕйтты нӕ вӕййы фӕндаг.

Хуссар Ирыстоны хъӕуты цӕрджытӕ фос бӕргӕ дарынц, фӕлӕ сын фыййау нал цӕуынц. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг та стыр зиан хӕссы куыд хуымгӕндтӕн ӕмӕ цӕхӕрадӕттӕн, афтӕ ма автомобилон транспортӕн дӕр. Республикӕйы фӕндӕгтыл тынг арӕх ӕрцӕуы аваритӕ хӕдза-рон фосы аххосӕй ӕмӕ зиан ӕрхӕссынц машинӕйы хицауӕн дӕр ӕмӕ хъӕууон цӕрӕгӕн дӕр. Ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн ис ӕрмӕстдӕр иу хос, – саразут уӕ фос хизынӕн рад ӕмӕ уын дзӕгъӕл мауал цӕуой. Милицимӕ арӕх ӕрбацӕуынц хъӕстмӕ, зӕгъгӕ, ме стур, кӕнӕ мӕ хуы фесӕфтис. Ӕмӕ ма сӕ давгӕ куы кӕниккой, уӕд милицимӕ хауы къӕрныхты ӕрцахсын. Фӕлӕ фылдӕр хатт уыцы сӕфт фос бавӕййынц сырдты хӕлӕттаг. Афтӕмӕй нӕм сырд дӕр арӕх у, – адӕмы тынг тыхсын кӕнынц. Ӕмбырдты баныфс ӕвӕрдтой цӕрджытӕн, зӕгъгӕ, бахатдзысты профилон службӕтӕм, цӕмӕй цуан скӕной хъӕддаг сырдтыл ӕмӕ сын сӕ нымӕц фӕкъаддӕр кӕной.

Уымӕй уӕлдай ма горӕт Къуайсайы ӕмӕ кӕцыдӕр хъӕуты ис дзӕгъӕл куыйтӕ. Уыдонӕй бынӕттон цӕрджытӕ тӕрсынц ӕмӕ сӕ бон ӕдӕрсгӕ цӕуын нӕу. Хатынц бынӕттон администрацитӕм, кӕцытӕ сын ӕрвыл-хатт ныфс бавӕрынц ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕй, фӕлӕ абоны онг дзӕгъӕл куыйты нымӕц нӕма фӕкъаддӕр ис. Ӕмӕ та тыхст адӕм  бахатынц милицимӕ. Закъонмӕ гӕсгӕ та милицийы кусӕгӕн куыдз амарыны бар ис ӕрмӕстдӕр искӕмӕ куы лӕбура, уӕд.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.