Ацы  зӕрдӕхӕлар  ӕмӕ куыстуарзаг сылгоймаг Дзауы районы Ӕхсӕрджыны хъӕуы райгуырд, йæ алӕмӕттаг ӕрдзы хъæбысы арвыста йе ‘взонджы бонтӕ. Йӕ ахуыры азтӕ куы ахицӕн кодта, уӕд кусын райдыдта хуыйӕгӕй Къуайсайы хуыйæн цехы. Уым цасдӕр рӕстӕг акусыны фӕстӕ йӕ йӕ амонд ӕрхаста Цхинвалы горӕтмӕ – йӕ цард куы баиу кодта Джусойты лӕппуимӕ.

Фӕстӕдӕр куыстуарзаг сылгоймаг кусын райдыдта го-рӕты бастдзинады постхӕссӕгӕй. Йæ хӕрзиуӕгон архайдӕй уый цины ӕнкъарӕнтӕ хӕссы канд ӕмбӕстӕгтӕн нӕ, фӕлӕ йӕхицӕн дӕр. Уый афтӕ у ӕнӕмӕнгдӕр, ӕндӕра сын се ‘рвылбонон арфӕйаг куыстӕй райгонд нӕ уыдаиккой цӕрджытӕ. Йӕхӕдӕг дӕр сыл цинзӕрдӕйӕ не ‘мбӕлид. Ахӕм куыстуарзаг ӕмӕ йӕ хъуыддагыл ӕнувыд адӕймаг у Хуыгаты Лизӕ дӕр ӕмӕ постхӕссӕгӕй намысджынӕй бафӕллой кодта 50 азы. Сӕ зӕгъын ӕнцон у, фӕлӕ ӕрвыл-бон дӕр цыфӕнды боныгъӕды дӕр посты ӕрвитӕггӕгтӕ рӕстӕгыл ӕмбӕлын кодта сӕ хицӕуттӕм. Постхӕссӕджы уӕззау хызынимӕ-иу балӕууыд алы хӕдзары дуармӕ ӕмӕ сын хаста цины хабӕрттӕ. Абон дӕр ма йӕ хорзы кой фӕкӕнынц, газеттæ, журналтæ, посты ӕрвитӕггӕгтӕ кӕмӕ хӕццӕ кодта, уыдонӕй бирӕтӕ. Уыцы азты дӕргъы Лизӕ йӕхӕдӕг дӕр ссис мыхуыры ӕнувыд хӕлар ӕмӕ дзы нӕ хицӕн кӕны абоны бонмӕ дӕр. Рафыссы ӕмӕ кӕсы газеттӕ «Хурзӕрин», «Южная Осетия», «Республика»  ӕмӕ журнал «Фидиуӕг».

Уыцы бон дӕр ын йӕ разы баййӕфтон газет «Хурзӕрин» ӕмӕ газеты тыххӕй дзырдта йӕ тӕлмӕнтӕ. Кӕд дӕргъвӕтин рӕстӕджы редакцийы коллектив уӕззау уавӕрты фӕкуыста, ӕййӕфта зындзинӕд-тӕ, уӕддӕр газет кӕддӕриддӕр ӕмбӕлд йӕ рафысджытыл. Ныртӕккӕ газеты рубрикӕтӕ алыгъуызон сты, дзӕвгар дзы вӕййы, газеткӕсӕг ӕхсызгонӕй кӕуыл сӕмбӕлы, уыцы авторты уацтӕ. Уыдон Хуыгианы хъуыдытӕ сты.

Ныййарӕг амондджын йӕхи фӕхоны, йӕ зӕнӕг раст фӕн-дагыл лӕуд кæмæн вӕййынц, сӕхицӕн ӕмӕ ӕхсӕнадӕн дӕр хӕрзиуӕг куы фӕхӕс-сынц. Райы Лизӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ йӕ чызг æмæ йæ лæп-пуйæ – Иренӕ ӕмӕ Анатоли сӕ ныййарӕг мадӕн сты ныфсы хуртӕ. Цины малы ленк кӕнынц фырт ӕмӕ чызг дӕр сӕ зӕнӕгӕй, Анатолийы хистӕр чызг Викӕ каст фӕци нӕхи университет ӕмӕ ныртӕккӕ цӕры Америчы, иннӕ чызг Оля та у кинорежиссер. Иренӕйӕн та ис ӕртӕ хъӕбулы: зӕнӕджы хистӕр Миленӕ кусы бӕрнон бынаты, йӕ фырт ахуыр кӕны уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны, иннӕ та нырма æнахъом у. Ӕмӕ рухс кӕны ӕнайы зӕрдӕ цотӕй, ӕгайтма амонд хӕссынц сӕхицӕн ӕмӕ сӕ нанайӕн дӕр.

Махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕмӕ нӕ цӕст уарзы ирон мыхуыры ӕнувыд хӕлар Хуыгаты Лизӕйӕн царды ноджы фылдӕр хорздзинӕдтӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ кӕстӕртӕн дӕр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.