Фæстаг азты европæйаг лидертæм нæ хъус куы æрдарæм, уæд бафиппайдзыстæм, сæ фылдæр хай кæй сты ницызонæг, æнæхсæст адæймæгтæ. Уыцы миниуджытæ ирдæй разынынц, публикæйы размæ куы рахизынц æмæ сæ дзурыны сæр куы бахъæуы, уæд. Худгæ сыл ничи кæны, фæлæ ахæмтимæ куыд кусгæйæ у, уый хъуыдыйаг у.

Ӕрæджы Германы раздæры хъахъхъæнынады министр æмæ ныр та Еврокъамисы сæргълæууæг, Европарламенты доклад аразгæйæ, зæнджын хуызæй депутаттæн æмбарын кодта, зæгъгæ Уæрæсейæн санкциты фæстиуæгæн фæрæзтæ нал ис, йæ экономикон хъомысад бынтондæр сихсыд æмæ гæрзтæхсæн машинæтæй, уазалгæнæнтæй æмæ æндæр ахæмтæй исынц электрон чиптæ, цæмæй сæ сæ ракетæты нывæрой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы текст йæхи фыст нæ уыд – радтой йæм æй йæ куратортæ æмæ ма йæ хъуыд æрмæстдæр бакæсын. Фæлæ йæ ныхæсты тыххæй бæрндзинад йæхи йеддæмæ чи хæссы? Ахæм æнгæс «уагахаст» ис иннæ европæйаг политиктæ æмæ бæрнджын кусджыты фылдæр хаймæ дæр.

Сæрхъæн митæй абоны бон, æвæццæгæн, АИШ-ы президент Джо Байдены ничи аййафдзæн, фæлæ ам хъуыддаг æндæрхуызон у. Алкæмæн дæр æмбæрстгонд у, Байден бынтондæр кæй ницы скъуыддзаг кæны АИШ – æппæт хъуыддæгты – æрмæстдæр æй постхæссæгау рарвит-барвит кæнынц æмæ уынаффæтæ та æндæр чидæртæ хæссынц. Ацы хабар дæр хуымæтæджы нæу, цыдæр нысанæн арæзт уыдзæн, фæлæ нырма бæрæг нæу.

Абоны бон æгас дунейы зындгонд, зондджын политикон лидерты кой куы æрхауы, уæд фыццаг бынаты æнæмæнгæй авæрынц Владимир Путины. Ӕмæ, æцæгæйдæр, ныры дуджы иунæг ахæм политик дæр нæй, Путины хуызæн кад æмæ ном кæмæн ис. Æгас дунейы алкæцы æмбаргæ адæймаджы дæр фæнды, цæмæй йæ бæстæйы сæргълæууæг уа Путины хуызæн æмæ Уæрæсемæ тæхуды кæнынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ бæстæтæн ис аккаг лидертæ, сæ адæмы сæрхъызойтæ, йæ паддзахад размæ ракæнынмæ чи тырны, ахæмтæ. Уыдоны хыгъдмæ европæйаг бæстæты лидертæй, æвæццæгæн, бахауид æрмæст Венгрийы премьер-министр Виктор Орбан. Иннæ политиктæ, куыд Урсула фон дер Ляйен, Педро Санчес, Эммануэль Макрон, Олаф Шольц, Роберт Хабек, Анналена Бербок æмæ ма æндæртæ систы хынджылæггаг, сæ æдылы ныхæстæ æмбисондæн баззадысты. Æмбисæндтæ раст сты, «Хуыцау адæймаджы бафхæрынмæ куы æрхъавы, уæд ын фыццаг йæ зонд байсы».

Лæмбынæг куы æркæсæм, уæд ма рахатдзыстæм ахæм тенденци дæр – европæйаг лидерты фылдæр хайæн, кæцытæ скъуыддзаг кæнынц сæйраг политикон фарстатæ, нæй сывæллæттæ. Ацы хъуыддаг абонæй нæу – раздæры лидертæй дæр дзæвгар уыд ахæмтæ. Нымайгæ сæ куы кæнæм, уæд сæ номхыгъд дзæвгар у, фæлæ дзы уæддæр сæйрагдæрты кой скæнæм. Зæгъæм, Францы президент Эммануэль Макрон, Германы раздæр канцлер Ангела Меркель, Германы ныры канцлер Олаф Шольц, Нидерландты премьер-министр Марк Рютте, Румынийы президент Клаус Йоханнис, Швецийы премьер-министр Стефан Левен, Молдавийы президент Майя Санду, Европæйаг къамисы сæрдар Жан-Клод Юнкер, Италийы премьер-министр Паоло Сильвери, Стырбританийы раздæры премьер-министр Тереза Мэй, Литвайы президент Даля Грибаускайте æмæ афтæ дарддæр. Адон сты сæйраг политиктæ, фæлæ сын сæ министртæм æмæ хæдивджытæм куы æркæсæм, уæд уым дæр уавæр ахæм у.

Цæмæн афтæ у?

Фыццаг уал уый æмæ европæйаг хуымæтæг адæм аххосджын не сты, ахæм лидертæ сын кæй ис. Уыдон равзарынц кандидаттæй, кæцыты раразмæ кæнынц олигархтæ. Ома хъæздыджытæ кæй фæстæ фæлæууынц, æрмæстдæр ахæмты бауадзынц æвзæрстытæм. Фактон æгъдауæй уый нысан кæны, ацы бæстæты кæй нæй демократи.

Афтæ зæгъæн нæй æмæ уыйбæрц æнæцот политиктæ æнæнхъæлæджы бахаудтой ахæм бæрнон бынæттæм. Аналитиктæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй АИШ рагæй уадзы сæрмагонд политикæ Европæйы континенты, цæмæй сæ лидертæ фыццаджыдæр уой æнæбындар. Ахæмтæ нæ фæхъуыды кæнынц сæ сомбоныл, сæ адæмы фидæныл, райгуырæн бæстæмæ хуымæтæгдæр цæстæй фæкæсынц, нæ фæтырнынц сæ паддзахад стыхджын кæнынмæ, нæ фæхъуыды кæнынц кæстæр фæлтæрты рæсугъд сомбоныл. Уымæн æвдисæн сты европæйаг политикты къухдзæфтæ дæр, кæцытæ, фыццаджыдæр, зиан хæссынц сæхи æмбæстæгтæн, куынæг кæнынц сæ бæстæты экономикæ. Уæлдай сын у, цæхæм уавæры уыдзæнис сом сæ паддзахад, куыд цæрдзысты се ‘мбæстæгтæ. Ома уæ мах фæстæ зæй дæр фæласæд.

Ацы хъуыддагимæ баст сты иннæ проблемæтæ дæр. Зæгъæм, ЛГБТ, педофили, алыгъуызон сектæтæ æмæ æндæр ахæм зианхæссæг къордтæ. Ӕмбаргæ адæмы ницыуал ныфс ис сæ къухдариуæггæнджытæй, сæ сывæллæтты сомбон сæм кæсы мæгуырау, сæ традицитæ сын ныры къухдариуæгад сæ къæхты бын ныссæстой. Фæлæ та радон æвзæрстыты уæддæр рамбулынц æгуыдзæгтæ, кæцытæн хъæлæс тынг цъусæй раттынц. Уымæн æмæ ныры европæйаг политиктæ сты уæйгæнджытæ, англосаксты фæндиаг фæкодтой сæ бæстæты æмæ алы æвзæрстыты дæр фальсификаци саразыны фæстиуæгæн фæстæмæ къухдариуæггæнджытæй æрбадынц. Хуымæтæг адæмæн та сæ ныхмæ ницы у сæ бон сдзурын – сæ азмæлæнтæ ахæстонæй хъауджы не сты.

Ам сæйраг ролы хъазынц АИШ-ы хъомысджын политиктæ æмæ олигархтæ. Европæ рагæй фæстæмæ ис вассалы бынаты АИШ-æн. Фæстаг хатт ма сæ «хицауы» ныхмæ сдзырдтой 1965 азы – Францы президент Шарль де Голль æрдомдта АИШ-æй, цæмæй йын йæ сызгъæрин фæстæмæ радтой. Дыккаг дунеон хæсты  рæстæджы АИШ бирæ бæстæты фæсайдта – сæ сызгъæрин сын йæхимæ аласта, ома уын махмæ æдас ран æвæрд уыдзысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæсты фæстæ АИШ-ы территорийæ йæ сызгъæрин ничиуал раласта, кæд æмæ сæ бирæтæ куырдтой, уæддæр. Сызгъæрины ныхмæ сын дæттой доллартæ, ома гæххæттытæ. Франц йæ сызгъæрин куы æрдомдта, уæд АИШ-ы къухдариуæгад сусæгæй райдыдтой змæнтын французаг æхсæнады, уагъд дзы цыдысты масштабон митингтæ де Голлы ныхмæ æмæ йæ æртæ азы æмгъуыдмæ ссæрибар кодтой бæстæйы сæргълæууæджы бынатæй. Уый уыд фыццаг хуызджын революци АИШ-æн.

АИШ-æн тыхджын, хъомысджын Европæ пайда никуы уыд. Уымæн æмæ геополитикæйы дæр æмæ экономикæйы дæр у сæ конкурент. Уымæ гæсгæ æппынæдзух архайдтой европæйаг бæстæты æрлæмæгъ кæныныл æмæ сын æнтыстытæ дæр ис. Райдайæм уал уымæй æмæ абоны бон Европæйæн нæй йæхи хæдбар гарзджын тыхтæ – сарæзтой сын НАТО æмæ сæ фосау уырдæм батардтой. Æмæ йæ алчидæр зоны, НАТО-йы «паддзах» чи у, уый. АИШ-ы йæхи исты саразын куы бафæнды, уæд æй æнæ НАТО-йы æххуысæй дæр ацаразы. Кæд ын исты пайда вæййынц НАТО-йы уæнгтæ, комкоммæ зæгъгæйæ та, европæйаг æфсад, уæд сæ йæхи фæндиаг спайда кæны. Фæлæ Европæйæн æнæ АИШ-ы бардзырдæй иу къахдзæф саразæн дæр нæй. Æрмæст Германы территорийыл цал америкæйаг æфсæддон базæйы ис, уымæй дæр саразæн ис хатдзæг, Германæн оккупации кæй сарæзтой.

Де Голлы рæстæджы европæйаг лидертæ хорз æмбæрстой, Советон Цæдис сын стыр пайда кæй хæссы сæ экономикæйæн æмæ тырныдтой æнгомдæр ахастытæ аразынмæ. Фæлæ АИШ-æн уæд йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтаиккой – дунейы «паддзах» суæвын æй фæндыд. Æмæ европæйаг бæрзондтехнологон экономикæ Уæрæсейы æрдзон хъæздыгдзинæдтимæ куы баиу уыдаид, уæд иумæ суыдаиккой иууыл хъомысджындæр падзахадтæ. Уымæ гæсгæ се ппæт тыхтæ радтой, цæмæй Европæйæн æнæуынон скæной æппæт Советон Цæдисы цæрджыты, аскъуыной экономикон бастдзинæдтæ æмæ ма уыимæ иумæ сæ дæлбар æрбакæной европæйаг æнæбон бæстæты. Уæрæсейæ æрдзон газ æмæ нефть кæй нал æлхæнынц, уый дæр рагон америкæйаг политикæ у, кæцы фароны онг сæ къухты нæ бафтыд. Æмæ сын уый нырма ницы у Европæйæн. Ныридæгæн бæрæг у, АИШ сæ кæй разæнград кæны Уæрæсеимæ схæцынмæ. Æмæ йæ куыд уынæм, афтæмæй Прибалтикæ æмæ Польшæ уыцы хъуыддагмæ цæттæ сты абон, æрмæст ма сын «ссс» зæгъын хъæуы Украинæйау.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.