Фыдыбӕстӕмӕ уарзт ныхасӕй нӕ, фӕлӕ лӕгдзинадӕй ӕмӕ арф зонындзинӕдтӕй чи ӕвдисы, йӕ хистӕрты ӕмӕ Ирыстоны намысылаууон ӕппарын чи нӕ уадзы, уыдонӕй иу у дӕлбулкъон, техникон наукӕты кандидат ДЖИОТЫ Андрей. Ӕфсадимӕ дӕ цард цӕмӕ гӕсгӕ сбастай, зӕгъгӕ йӕ куы бафарстон, уӕд мын ахӕм дзуапп радта: «Ӕз ирон лӕджы фырт дӕн. Мӕ фыд Зауырбег ӕмӕ мæ дада Аршак дӕр уыдысты ӕфсӕддонтӕ, службӕ кодтой алы рӕстӕджыты Хуссар Ирыстоны граждайнаг хъахъхъӕнынады органты. Нӕ хӕдзары уыдтон ирон ӕгъдау, мӕ хистӕрты царды фӕндагӕй мын дӕнцӕг райсын, ӕнӕмӕнг,  кӕй ӕмбӕлы, уыцы хатдзӕгмӕ раджы ӕрцыдтӕн».

Адӕймаг йӕ ныхасӕн хицау уӕвын йе ‘взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ куы са-хуыр уа, уӕд ын йӕ ны-санмӕ цӕуын дӕр вӕййы ӕнцон. Йе уӕнджы ӕмӕ зӕрдӕйы ӕрцӕры, ба-зыртӕ йыл чи фӕсадзы, размӕ йӕ чи фӕхоны, ахӕм рухсхӕссӕг ныфс. Афтӕ зӕгъӕн ис Андрейы тыххӕй дӕр.

Каст фӕцис Цхинвалы фӕндзӕм астӕуккаг скъола. Афӕдзы фӕстӕ дарддӕр ахуыр кӕнынмӕ бацыд Бетъырбухы М. И. Фрунзейы номыл ӕфсӕнвӕндаджы ӕфсӕддон училищемӕ. Ам рабӕрӕг сты йӕ ныфсхастдзинады ӕмӕ лӕджыхъӕды фӕзминаг миниуджытӕ: бӕрнондзинад, хистӕр ӕфсӕддон разамынды бардзырдтӕ раст ӕмӕ бӕлвырдӕй ӕххӕст кӕнын, ӕмбӕлттыл иузӕрдион уӕвын.

Йӕ уды хорзӕхтӕ йын фадат радтой ӕфсӕддон хъуыддаджы ноджы арфдӕр ӕмӕ бӕлвырддӕр зонындзинӕдтӕ райсынӕн. Фӕстӕдӕр йӕ ахуыр адарддӕр кодта Бетъырбухы Фӕсчъылдымы ӕмӕ транспорты академийы. Уым ын йӕ аналитикон ӕмӕ арф хъуыдыкӕнынадмӕ сӕ хъус ӕрдардтой ӕфсӕддон уӕлдӕр скъолайы разамонджытӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ. Ӕмӕ йӕ ныууагътой лекторӕй. Уыцы рӕстӕджы Андрей сфӕнд кодта ӕфсӕддон-техникон хъуыддаджы бӕлвырд фарсты фӕдыл наукон куыст ныффыссын. Ӕмӕ 2011 азы ӕнтыстджынӕй бахъахъхъӕдта техникон зонӕдты кандидаты дис-сертаци. Бӕлвырд дзы равзӕрста ӕфсӕддон- денджызон техникӕ иу бынатӕй иннӕмӕ ден-джызы сӕрты куыд хуыз-дӕр ласӕн ис, уыцы фарст. Йӕ зонды ӕмӕ уды цӕхӕрӕй нывӕст зонадон хъӕппӕ-ристӕн, йӕ раст ӕмӕ бӕлвырд хатдзӕгтӕн академийы ахуыргӕндтӕ скодтой стыр аргъ. Ӕмӕ Андрей 2017 азы нысангонд ӕрцыд инӕлар Хрулевы номыл материалон-техникон академийы ӕфсады фӕткон иртасӕнты институты хистӕр зонадон ку-сӕгӕй. Ам йӕ наукон архайдӕй хорз сахадыдта институты иумӕйаг куыстхъомдзинад ӕмӕ кадыл. Наукон форумты ӕмӕ конференциты-иу Андрей цы докладтӕ скодта, уыдонӕй-иу дисы бафтыдта ӕфсӕддон наукӕйы амӕй ай хуыздӕр минӕвӕртты.

Хорз лӕджы зонд ӕмӕ уды хорзӕх канд иу ран нӕ бахъӕуынц, тулгӕ дурыл хъуына нӕ хӕцы, зӕгъы фыдӕлты ӕмбисонд. Андрей дӕр йӕ зонды хорзӕхӕй канд материалон-техникон академийӕн, наукон институтӕн хорзы нӕ бацыд, фӕлӕ ма йӕ зонадон куыст кӕнынмӕ, лекцитӕ кӕсынмӕ ӕрбахуыдтой адмирал С. О. Макаровы номыл денджызон ӕмӕ цӕугӕдӕтты флоты паддзахадон университетмӕ. Уым ӕй снысан кодтой кафедрӕйы доцентӕй. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ дзы бафӕллой кодта афӕдзӕй фылдӕр.

Андрей ӕфсадӕй куы рацыд, уӕддӕр ӕнцад бадын йӕ сӕрмӕ не ‘рхаста. Уыд компаниты къорд «Взлет»-ы разамонджытӕй иу. Ныффыста 50 наукон уацӕй фылдӕр. Сӕ фылдӕр мыхуыры рацыдысты нӕ бӕстæйы уӕлдӕр аттестацион къамисы зонадон журналты ӕмӕ хицӕн ӕмбырдгӕндты. Ӕрӕджы та йын мыхуыры рацыд монографи «Денджызыл уӕзӕгтӕ ласыны уаг куыд ис фенцондӕргӕнӕн». Андрей у цыппар ахуыргӕнӕн чиныджы ӕмавтор, ис ӕм иу патент.

Ирон ӕвзыгъд лӕппуйы зондӕн ӕмӕ ӕфсӕддон-денджызон хъуыддаджы йӕ арӕхстдзинадӕн аргъгонд ӕрцыд бирӕ хорзӕхтӕй ӕмӕ кадджын цинтӕй.

– Андрей, кӕд Ирыстоны нӕ цӕры, уӕддӕр дзы йӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ, уӕздандзинады ӕмӕ ӕфсармы миниуджытӕ рох не сты. У ӕцӕг ирон лӕг. Бахъуаджы рӕстӕг кӕддӕриддӕр у ӕххуысмӕ цӕттӕ, – дзырдта мын Бетъырбухы цӕрӕг, педагогон наукӕты кандидат Цхуырбаты Алан. – Уый хуызӕттӕ сты, канд Ирыстонӕн нӕ, фӕлӕ нӕ бӕстӕйы ӕфсады ӕмӕ дзыллӕйы кадыл фарн чи ӕфтауы, ахӕм фендджын ӕмӕ фӕрнджын лӕгтӕ.

ГАСАНТЫ Валери,

газ. «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.