9 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр Берлины регионалон парламенты депутат Гуннара Линдерманны фæхуындмæ гæсгæ æрцыд Берлинмæ.

Берлины Медойты Димитр хайад райста мадзæлтты Берлины къул сисыныл 30 азы сæххæсты цытæн. Сæйраг мадзæлттæ уагъд æрцыдысты Бернауэр-штрассы уынджы, цыран ныры онг дæр лæууы къулы фрагменттæй сæ иу.

Германы уæвгæйæ, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр фембæлдзæни Берлины политикон æмæ хъуыддагон минæвæрттимæ.

Ныгуылæневропæйаг бæстæтæм йæ визиты фæлгæтты  план цæуынц мадзæлттæ ирон диаспоратæ æмæ Хуссар Ирыстоны хæлæртты клубты минæвæртты хайадистæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.