Ацы бонты Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыдысты Женевæйы дунеон дискусситы æмсæрдæрттæ Евроцæдисæй, ЕÆÆО-йæ æмæ ИНО-йæ. Балцы нысан уыд, дискусситы радон раунды боны фæткы фарстытыл æруынаффæ кæнын. Дунеон дискусситы минæвæрттæ фембæлдысты хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтимæ. Фембæлд уагъта Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин. Хуссар Ирыстонæй дзы хайад райстой Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Коцты Егор æмæ Адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл Президенты цур Æххæстбарджын минæвар Тасойты Инал.

Женевæйы дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы ныртæккæйы сæргълæууæг Коцты Константин дискусситы æмсæрдæрттæн æгасцуай зæгъыны фæстæ банысан кодта, ацы фембæлд кæй у фæстаг фембæлд ацы аз. Фæлæ йæ нысан у, дискусситы радон раунды боны фæткы фарстатыл  æруынаффæ кæнын.

Уый æхсызгонæй банысан кодта, ныртæккæ коронавирусы пандемийы рæстæ-джы алкæй дæр æнæнизæй кæй уыны, уыцы хъуыддаг.

Дискусситы радон раунды фарстыты æхсæн сæйраг цы фарст ис, уый у Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад ифтонг кæныны фарст, уый фæстæ та Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы æмбæстæгтæй исты бæрæг базонын æмæ æндæр гуманитарон фарстытыл æруынаффæ кæнын.

Коцты Константины ныхæстæм гæсгæ Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты фæстаг фембæлды рæстæджы дæр дзырд цыд бирæ актуалон фарстытыл.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар дæр бузныджы ныхæстæ загъта хъарм райсты тыххæй æмæ фæндондзинад равдыста дискусситы радон раунды дзырд цы фарстытыл цæудзæн, уыдоныл æруынаффæ кæнын.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Анника Седер йæ рады хъусдард аздæхта механизмты фæлгæтты фæстаг фембæлдмæ, зæгъгæ, ацы форматы куыст у æнтыстджын, пайдаджын æмæ хъæуæг. Банысан кодта, лæмбынæг хъусдард кæй здахынц уавæрмæ, Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæнынмæ æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон «административон хаххмæ». (Цæмæдæр гæсгæ ЕÆÆО-йы минæвар дыууæ бæстæйы æхсæн паддзахадон арæнты рахуыдта административон хахх).

ИНО-йæ æмсæрдар Джихан Султаноглу дæр банысан кодта, цæттæ кæй сты æнтыстджын куыстмæ æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, механизмты фæстаг фембæлды дыууæ сылгоймаг-æмсæрдары кæй сæрдариуæгад кодтой. Ахæм хъуыддаг хынцыд æрцыд фыццаг хатт æмæ йæ банымадта историон цауыл.

Коцты Константины ныхæстæм гæсгæ, уый нысани-уæгджын у, ахæм ахсджиаг фембæлды сылгоймæгтæ раздзогтæ куы уой, уый. Уый нысан кæны афтæ, æмæ уавæр æдас æмæ сабыр кæй у.

Женевæйы дунеон дискусситы радон раундмæ цæттæгæнæн куыст традицимæ гæсгæ адарддæр æхгæд дуæртты, æнæ информацион минæвæртты хайадистæй.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.