Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы фæсивæдон политикæйы куратор Оттаты Андрей радзырдта фæсивæдимæ куысты тыххæй, фæсивæдон политикæйы фадыджы сæйраг проектты тыххæй æмæ Æппæтдунеон фæсивæдон фестивалы тыххæй. Ацы фестивалы хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр.

Оттаты Андрейы ныхæстæм гæсгæ, Президенты Администраци къухдариуæг кæны æмæ сæ фарсмæ балæууы Хуссар Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæн, цы фарстаты тыххæй йæм бахатынц, уым сын баххуыс кæны сæ аскъуыддзаг кæныны  хъуыддаджы.

«Фестивалы сæйраг нысан у фæсивæды æрбаиу кæнын, фæсивæдон баиугæндтæ, организацитæ æмæ къордтæ саразын. Ахсджиаг хъуыддаг у, цæмæй фæсивæды минæвæрттæ тырной ахуырад райсынмæ, сæ зонындзинæдтæ хуыздæр кæнынмæ, нысаниуæгджын проекттæ аразын æмæ сæ реализаци кæнынмæ. Уыцы зонындзинæдтимæ уыдонæн сæ бон уыдзæн Уæрæсейы территорийыл  грантон конкурсты архайын, цæмæй сæ бæллиц  релон суа, уый тыххæй», – загъта уый.

Оттаты Андрей ма банысан кодта, зæгъгæ, Президенты Администраци кусы æвзонг лидерты хъомыл кæныныл, цæмæй бизнесы фадыджы размæ цæуой æвзонг адæймæгтæ, уый тыххæй сын æххуыс кæны.

«Зæгъæм, æрæджы бакодтой дыууæ чысыл компанийы теле-фонтæ цалцæг кæныны æмæ кофейы компани. Сæйраг у, цæмæй фæсивæдмæ уа размæ цæуыны, аразыны тырнынад. Уыцы тырнынад сæм куы уа, уæд сын кæддæриддæр баххуыс кæндзыстæм æмæ сæ раст фæндагыл бафтаудзыстæм», – загъта уый.

Президенты Администрацийы разамынады бын фæсивæды  архайды тыххæй, дзургæйæ, Оттаты Андрей банысан кодта, зæгъгæ, бæстæйы æвзонг минæвæрттæ онлайн-курсыты ахуыр кæнынц социалон æмæ экономикон инженери.

«Тагъд фæнд кæнæм чысыл бизнесæн æххуыс кæныны проекты реализаци æмæ ма фæси-вæдæй волонтерты проекттæ кæй цымыдис кæнынц, уыдоны фарс рахæцын. Кусынц «Донорон змæлды» проектыл дæр. Марданты Батрадзы къухдариуæгадæй кусынц ноджы иу цымыдисон æмæ ахсджиаг – «Кадрты куырдадз»-ы, проектыл. Проекты нысан у æмбæстæгтæн профессионалон ахуырад райсынæн æмæ сæ куыстæй сифтонг кæнынæн баххуыс кæнын. «Кадрты куырдадз» алыварсонæй æххуыс кæндзæн, уыцы организацимæ чи бахата стажировкæйы, курсыты, ахуырæн бафидыны тыххæй, уыдонæн», – загъта уый. 

Оттаты Андрей банысан кодта цалдæр ахсджиаг проекты: «Фæлтæрты бастдзинад». Йæ къухдариуæггæнæг Тедеты Дианæ; «Социалон æгъдауæй хъахъхъæд чи нæ у, цæрджыты уыцы фæлтæрæн æххуыс кæнын, æрхъуыды йæ кодта Уалыты Алыксандр.

«Мах активонæй кусæм республикон политикон парти «Ныхас»-ы фæсивæдон къабазимæ. Уым æрæмбырд инициативон æмæ идейон фæсивæд. Уыдон реализаци кæнынц сæхи сæрмагонд проекттæ, уымæй дарддæр æмгуыст кæнынц фæсивæдон æхсæнадон змæлд «Феникс»-имæ. Йæ сæрдар у Гæджиты Арсен.

Æрæджы сарæзтой Фæсивæдон дискуссион клуб. Йæ къухдариуæггæнæг у активист Джиоты Азæмæт. Клубы нысан у, æвзонг адæймæгты цы цымыдис кæны, уый базонын, фæсивæды цы проблемæ тыхсын кæны, уый тыххæй радзурын, æруынаффæ йыл кæнын æмæ йæ аскъуыддзаг кæныныл бацархайын. Кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у дискуссион клубмæ бацæуын. Æмбырдтæ сын вæййы мæй дыууæ хатты.

Ныридæгæн йæхи чи равдыста, уыцы «Эко-десант»-ыл куыстой парти «Ныхас»-ы фæсивæдон къабазимæ иумæ æмæ фæсивæдон æхсæнадон змæлд «Феникс»-имæ. Фæсивæд уадзынц сабатбонтæ, сæ хъус дарынц сæ чысыл Райгуырæн бæстæйы фæтк æмæ сыгъдæгдзинадмæ.

Цхуырбаты Димитр у фæсивæдон змæлд «Феникс»-ы минæвар, кусы фæсивæды ‘хсæн ирон æвзаджы популяризацийыл. Æрæджы Ногдзауты парчы фæзынд стрит-арт – «Не ‘взаг – нæ сомбон». Горæты ма ис, нæ республикæйы паддзахадон хæдбардзинад цы бæстæтæ банымадтой, уыдонæн бузныджы нысанæн стрит-арт», – загъта уый.

Президенты Администрацийы фæсивæдон политикæйы куратор банысан кодта, зæгъгæ, фæсивæдон проектты реализацийæн финансон æххуыс кæны Президент Гаглойты Алан æмæ Парламен-ы депутат, политикон парти «Ныхас»-ы сæрдар Бесаты Зитæ.

«Мах кусæм фæсивæды бирæнымæц минæвæрттимæ æмæ сæ алкæмæй дæр бузныг стæм,  сæ разылæууæг хæстæм сын  бæрнон ахаст кæй ис, æмæ зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, сæ нысæнттæ сæ къухы кæй бафтынц, уый тыххæй. Активон æмæ инициативон фæсивæд дидинæфтаугæ паддзахады фидæн у», – загъта уый.

Дарддæр Оттаты Андрей радзырдта Фæсивæды æппæтдунеон фестивалы тыххæй дæр. Куыд загъта, афтæмæй уым хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр.

«Фæсивæды æппæтдунеон фестиваль 2024 азы иууыл стырдæр цау у. Хайад дзы райсдзысты фæсивæды 20000 активион минæвары. Фестиваль ауадзынц фондз аз иу хатт. Хайад дзы райсынц Зæххы алы къуымтæй фæсивæд. Хуссар Ирыстонæй дзы хайад райсдзысты 120 адæймаджы.

Фестивалмæ кандидаттæ равзарынæн уадзынц мастер-къластæ. Уыдон ныридæгæн балæвæрдтой куырдиæттæ, сæххæст кодтой конкурсон хæслæвæрдтæ æмæ равзæрстой, фестивалы здæхтытæй сæ хайад райсын кæцыйы фæнды, уый.

Хуссар Ирыстоны æвзонг адæймæгтæ 2024 азы масштабон цауы сæ культурæ æмæ традицитæ аккагæй кæй равдисдзысты, уый дызæрдыггаг нæу.

Равдысты уыдзысты хъæдæй зырнæйзылд мигæнæнтæ æмæ хисæрмагонд арæзт сæн», – загъта уый.

Оттаты Андрей йæ хъуыдытæ раргом кодта, дæс азы фæстæ Хуссар Ирыстоны фæсивæд цахæм уыдзæн, уый фæдыл.

«Уырны мæ, нæ фæсивæд уыдзæн ахуыргонд, æнгом, энергион æмæ æппæт фарстаты дæр размæдзыд. Ацы дæс азы дæргъы мах нæ тыхтæ хъуамæ радтæм, цæмæй нæ фæсивæд баиу уой, конфликтон уавæртæ ма аразой, инициативæ æвдисой, æргом диалогмæ уой цæттæ. Иууыл сæйрагдæр та у мадæлон æвзаг æмæ чысыл, фæлæ иттæгаив Райгуырæн бæстæ  нæ рох кæнын», – бахахх кодта Оттаты Андрей.

 РХИ-йы Президенты Администрацийы сайт

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.