Хуыцаубоны, 21-æм октябры Дзæуджыхъæуы завод «Электроцинк»-ы æрцыд зынгсирвæт. Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ æхсæвы 03.30 сахатыл ссыгъд цинкы электролизы цех. Райдианы зынгсирвæзты фæзуат уыд 500 квадратон метры, фæстæдæр ахæлиу 4500 квадратон метры онг.  Бæстыхайы æмбæрзт кæй æркалд, уый фæстиуæгæн фæмард дзæуджыхъæуккаг зынгхуссынгæнæг Александр Ермаков, хъыгдард баййæфтой дыууæ зынгхуыссынгæнæджы. Уæлвæткон уавæрты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзты рæстæджы фæхицæн вæййы донгуыр (водород). Уымæ гæсгæ дæргъвæтин рæстæджы тæссаг уыд срæмыгъдæй.  Æнæхъæн боны дæргъы зынгхуыссынгæнджытæ хуыссын кодтой судзгæ объект. Æххуысмæ сæм фæзындысты балхъайраг зынгхуыссынгæнджытæ дæр. Хуыцаубоны бирæнымæц адæм дзыллонæй цæуын райдыдтой  Дзæуджыхъæуæй, цæрджытæй бирæтæ сæхи æнкъардтой мæгуырау. «Лабораторон иртасæнты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæлдæфы æвзалытуаг газы концентраци фылдæр уыд æхсæз хатты», – фехъусын кодта «Кавказ. Реали».  Фæлæ «Роспотреб-надзор» та фехъусын кодта, зæгъгæ, уæл-дæфы нæй, иууыл фылдæр уæвæн цас ис, уымæй уæлдай тæссаг буарадты кон-центраци.

Хуыцаубон изæр заводы æрæмбырд уæлвæткон уавæрты фæдыл къамис РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймуразы сæргълæудæй, цыран «Роспотребнадзор», «Росп-рироднадзор» æмæ Æхсæнадон палатæйы минæ-вæрттæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Кавказы адæмы цардæн æмæ æнæниздзинадæн ницы тас у.

Завод «Электроцинк»-ы зынгсирвæзты тыххæй фехъусгæйæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ дæр катайы бахаудтой, алчидæр сæ цымыдис кодта хъуыддаг цæуыл фæуыдзæн, уымæ. Цæттæ уыдысты сæ цæгаттаг æфсымæртæн баххуыс кæнынмæ, фæлæ, нæ амондæн, зынгсирвæзт ахуыссын кодтой. Ныртæккæ уагъд цæуынц фæдагурæн куыстытæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.