Хуссар Ирыстоныл Уæрæсейы Федерацимæ транзитыл рагæй цæуы дзырд. Транзиты пайдайы æмæ зианы тыххæй адæмы ‘хсæн цæуы алыгъуызон ныхæстæ.

Æрæджы политологийы фадыджы æхсæнадæмон экспертты хайадистæй  цы тымбыл фынг ауагъдæуыд, уым дзырд цыд абоны боны геополитикон æмæ экономикон процесстыл, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны территорийыл гæнæнуæвæг транзитыл дæр.

Хуссар Ирыстоны территорийыл транзит куы цæуа, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, иуæй пайда уыдзæн нæ республикæйæн, мах зæххыл цы бæстæты уæзтæ ласт цæудзысты, уыдоны бауырндзæн, кæй ис хæдбар паддзахад Республикæ Хуссар Ирыстон, кæцыйы паддзахаддзинады æмæ интерестæ хъæуы хынцын,  уыимæ ма йын уыдзæн экономикон нысаниуæг дæр, республикæйы бюджетмæ хынцыд цæудзæн фылдæр фæрæзтæ.

О, фæлæ ахъуыды хъæуы фыдракæндтыл дæр. Ома, нæ фæндæгтæ, нæ бæстæ, нæ зæхх æгас дунейæн куы байгом кæнæм, уæд дзы æнæфæтк-халæнтæ нæ уыдзæн. Уый тыххæй та фæкарздæр хъæудзæн æдасдзинады мадзæлттæ.  Уыимæ ма  рох нæ хъæуы нæ экологийы дæр. Абон махæн нæ иууыл стырдæр хъæздыгдзинад у нæ æрдз, нæ уæлдæф, нæ суæрттæ æмæ суадоны дæттæ. Мах нæ æрдз куынæ бахъахъхъæнæм, уæд уыцы хæрзиуджытæй фæцух уыдзыстæм. Транзиты фарстыл дзургæйæ, абарын хъæуы йæ пайда дæр æмæ йæ зиан дæр æмæ йæ афтæмæй хъæуы аскъуыддзаг кæнын.

Ацы тымбыл фынджы хайадисæг, Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы минæвар, политолог, эксперт Джуссойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, «уый у перспективон фадыг. Хуссар Кавказæй цæуы цыппар маршруты, уыдонæй дыууæ цæуы Цæгат Ирыстоныл, дыууæ та – Хуссар Ирыстоныл. Дзырд цæуы энергоресурстыл дæр».

Джуссойы фырт зæрдыл æрлæууын кодта Дзуарыхъæу-Цхинвалы газуадзæн дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй рох нæ хъæуы, Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейæ газ  кæй цæуы, уый дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы маршрутæн дæр ис хорз хъомысад.

Политолог ныхас кодта регионы гео-политикон уавæры тыххæй дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй кæд Америкæйы Иугонд Штаттæ æппæт æгъдауæй дæр æндавынц Гуырдзыстоныл, уæд Евро-цæдисы уæвынад та къаддæрæй къаддæр кæны. Уыимæ иумæ вазыгджын кæны регионы геополитикон уавæр æндæр бæстæты аххосæй.

«Мах хатдзæг сарæзтам, зæгъгæ, Гуырдзыстоны Америкæйы æндæвдад хъуамæ балансгонд цæуа, уымæн æмæ Гуырдзыстоны алыварс ис регионалон хъазджытæ дæр, ахæмтæ куыд Турк æмæ Иран. Куыдфæндыйæ дæр Гуыр-дзыстонæн йæ бон нæ уыдзæн изоляцийы цæрын, æмæ абон уа æви райсом, хынцын райдайдзæн йæ сыхаг бæстæты позици, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны позици дæр», – загъта Джуссойты Алан.

Эксперт банысан кодта Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы ахастытæ дæр. Йæ ных-æстæм гæсгæ, дунеон эксперттæ стыр аргъ кæнынц уыцы ахастытæн æмæ сæ ныфс ис, æддагон бæстæтимæ нæ республикæйы бастдзинæдтæ уæрæхæй уæрæхдæр кæй кæндзысты.

«Уыцы бæстæтæ, гæнæн ис уой Турк, Иран кæнæ Иракы Курдистан. Иракы Курдистан дæр нымад паддзахад нæу, фæлæ йын æнгом бастдзинæдтæ ис Туркимæ. Зæгъæн ис, Ныгуылæны нæ «экспансийæн»  ис хорз фидæн», – банысан кодта политолог.

Джуссойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, цæмæй егъау плæнттæ биноныг æрцæуой, уый тыххæй æппæт дæр  хъуамæ «уынæм» æмæ «хъусæм».

«Раздæр нæ дуне зыдта  фæсхæстон регионæй æмæ хæсты фæстæ фондз азы мах кой ничи кодта. Ныр та нæм ардæм æрцæуынц фæсарæнтæй æмæ мах хъуамæ спайда кæнæм уыцы уавæрæй. Цæмæй нæ дуне хуыздæр  базона, уый тыххæй  мах хъуамæ дзурæм нæхи тыххæй», – загъта уый.

Политолог куыд банысан кодта, афтæмæй дунеон эксперттимæ диалог уыд конструктивон. Куыд бадзырдтой, афтæмæй сын уалдзæджы уыдзæн рауæрæхгонд фембæлд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæ хуыздæрæрдæм кæй фæивта, йæ хуыз кæй скалдта, уый фæстиуæгæн дунеон эксперттæ ацыдысты хорз тæлмæнтимæ.

Осиаты Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.