7-æм ноябры Æвзæнгты республикон библиотекæйы уыд поэт, прозаик, драматург, публицист, тæлмацгæнæг, литературон критик, литературæиртасæг, æхсæнадон архайæг, профессор Хъазиты Мелитоны юбилейон сфæлдыстадон изæр. Курдиатджын, æвæллайгæ фыссæгыл райсом, 10-æм ноябры æххæст кæны 75 азы.

Юбилярæн зæрдæбын арфæтæ ракодтой фыссæг Гæбæраты Юри, РХИ-йы Культурæйы министрады минæвæрттæ, се ‘хсæн библиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Тедеты Мери, нæ горæты 6-æм, 12-æм, 1-æм астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ сæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ, Гасситы Дуся æмæ Коцты Галинæйы сæргълæудæй, активон чиныгкæсджытæ æмæ æндæр уазджытæ.

Библиотекæйы директор Дриаты Нателæ байгом кодта изæр: «Зынгæ фыссæг Хъазиты Мелитоныл 10-æм ноябры æххæст кæны 75 азы. Уый цытæн нæ зæрдиагæй бафæндыд юбилейон сфæлдыстадон изæр ауадзын.  Мах ын кæнæм стыр кад. Уæлдай бузныг та дзы уый тыххæй стæм, æмæ йæ чингуытæ кæй балæвар кæны куыд республикæйы библиотекæтæн, афтæ скъолатæн дæр. Фехъусын уын кæндзынæн дыууæ хорз цауы тыххæй – Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры директор Цыбырты Алексейы хъæппæрисæй хуссарирыстойнаг историкты арвыстой Сомихстонмæ, цæмæй сахуыр кæной сомихаг æвзаг æмæ уый фæстæ базонгæ уой  ацы бæстæйы Матенадараны музейы ирон адæмы рагфыдæлты тыххæй æрмæджыты. Уыдон хурмæ ракалдзысты нæ фыдæлтæ – алантæм хауæг бирæнымæц фарстатæ. Алантæ сæ фæд ныууагътой канд кавказаг адæмты историйы нæ, фæлæ ма Европæ æмæ Азийы адæмты историйы дæр.

Иннæ хорздзинад та у уый, æмæ журнал «Дружба народов»-ы ныммыхуыр кодтой Мелитоны уацау «Алмас». Авторы схуыдтой ирон литературæйы классик. Телефоны йæм фæдзырдта журнал «Дружба народов»-ы сæйраг редактор  Надеев æмæ йын фехъусын кодта – ацы аз, дам, журналы  номыры ныммыхуыр кæндзыстæм дæ уацау «Алмас» æнæхъæнæй æмæ, дам, уый номырæн уыдзæнис йæ «гвоздь», ома сæйраг уацмыс, иннæтæ, дам, ауыгъд уыдзысты, ууыл. Чиныгæй та, дам, дын рацæудзæнис «Дружба народов»-ы библиотекæйы. Ирон фысджытæй ахæм æнтыст никæмæн ма уыд – йæ уацмыс ын журналы ныммыхуыр кæн, стæй йæ ахæм библиотекæмæ бахæсс, уый стыр кады хъуыддаг у!

Хъазийы фырт бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста. Куыста газет «Советон Ирыстон»-ы уацхæссæгæй, тæлмацгæнæгæй, рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй, РХИ-йы паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы фыццаг директорæй. Уыд РХИ-йы Парламенты депутат. Абон та у Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар, ХИПУ-йы ахуыргæнæг, профессор. Бирæ бакуыста, цæмæй дыууæ Ирыстоны фысджыты цæдис баиу уыдаид. Йæ фыццаг чиныг мыхуыры рацыд 1971 азы æмæ уæдæй фæстæмæ йæ чингуыты нымæц  схызт сæдæйы онг.«Алмас»-ы хуызæн зæрдиагæй ницы ма бакастæн. Фыццаг хатт æй бакастæн уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй. Æвдыст дзы цæуы, зæгъгæ,  царды сæмбæлæм  ахæм адæймæгтыл, кæцытæ цæрæгойтæй æвзæрдæр вæййынц. Ахæм уацау – «Старик и море» ма ныффыста Эрнест Хемингуей дæр», – загъта Дриаты Нателæ.

Фыссæг, журналист, Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдары хæдивæг Гæбæраты Юрийæн радтой ныхасы бар: «Мелитоны сфæлдыстад æмæ адæймагдзинадыл куы дзурæм, уæд нын æвæццæгæн цалдæр боны дæр не сфаг уыдзысты. Алы ирон хæдзарæн йæ дзуарыбон стыр бæрæгбон куыд у, афтæ нын хъуамæ уа Мелитон дæр. Худ исын кæй разы æмбæлы, уый у Мелитон. Ирдæй зыны курдиатджын фыссæджы юбилейон изæрмæ сывæллæттæ куыд райзæрдæйæ æрбацыдысты, уый. Уымæн æмæ Мелитоны алчидæр зоны. Хъазийы фырт цас монографитæ ныффыста, уыйбæрц никæйы къухты бафтыд. Йæ царды нысан у, цæмæй Ирыстон уа æмæ дзы амондджынæй хъомыл кæной ирон сывæллæттæ», – загъта Гæбæраты Юри.

Поэты фыст æмдзæвгæтæ бакастысты скъоладзаутæ. Дыууæ æмдзæвгæйы – «Тугвæд» æмæ «Мæ Республикæ» тынг хорз бакаст 1-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Остъаты Илонæ. Æмдзæвгæ «Тугвæд» фыст у Беслæны æвирхъау трагедийыл Мелитон уæд æргом фыстæг ныффыста РЦИ-Аланийы президент  Дзассохты Александрмæ, зæгъгæ, Беслæны 1-æм скъолайы амынæтты-сывæллæтты бæсты Хуссар Ирыстоны фысджытæ цæттæ сты, цæмæй сæ сывæллæттыл баивой. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Мелитон Ирыстоны кæй никуы дих кодта æмæ кæны Хуссар æмæ Цæгатыл. Ирыстоны рис æмæ цин ын сты  иугъуызон.

6-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ аив бакастысты поэты фыст æмдзæвгæтæ «Ир», «Ирон зæрдæ», «Чъреба», «Зæдбадæн» æмæ æндæртæ. Гимназ «Рухс»-ы ахуырдзаутæ та бакастысты «Ныфс» æмæ «Дзурæм иронау».

Зынгæ фыссæджы юбилейы цытæн – сфæлдыстадон изæр

Юбилярæн арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Дыгъуызты Лианæ: «Мелитон Резойы фырты сфæлдыстадыл тынг бирæ дзурæн ис. Нæ уроктыл арæх кæнæм йæ кой. Йæ монографитæ сты тынг пайда студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн. Арæх ахъуыды кæнын, уыйбæрц сфæлдисын ын куыд æнтысы. Тыбылты Леониды загъдау, æвæццæгæн, æхсæв фынæй дæр нæ фæкæны.  Фæлдисы æмæ фæлдисы йæ диссаджы уацмыстæ. Стыр бузныг дын нæ кадджын, куырыхон хистæр. Бирæ нын фæцæр».

Поэтæн раарфæ кодта 1-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Коцты Галинæ: «Стыр бузныг кæй нын дæ, уый тыххæй. Бузныг де стыр фæллæйттæй. Ноджы ма хуынтæ цы æрбахæссай ирон литературæйы къæбицмæ, уыцы амонд дын Стыр хуыцауы цæст бауарзæд».

Хъазийы фырты раздæры студент Папашвили Александр (Пухаты хæрæфырт) дæр зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загъта йæ зондамонæг лекторæн. «Мелитон Резойы фырты хуызæн фысджытæ нæм бирæ нæй. Бузныг дын зæгъын студентты номæй. Дæ лекцитæм дын цыдыстæм райзæрдæйæ æмæ сæм цымыдисæй хъуыстам, дæ фæрцы райстам æмбæлон зонындзинæдтæ. Дæ чингуытæй бирæ бакастæн. Студентты цардыл кæй ныффыстай, уыцы чиныг тынг цымыдисон у. Мидисджын у аст томæй дын чи рацыд дæ уыцы чиныг – «Нæ ис, Нæ бис». Иу адæймаг уыйбæрц сараза, уый стыр диссаг у».

ХИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг Плиты Сергей Мелитоныл ныффыста чиныг «Зонады уадындз», зæгъгæ. Дриаты Нателæ дзы бакаст ахæм рæнхъытæ:

«Ирыстоны номдзыд фырттæ Хетæгкаты Къоста, Абайты Васо, Плиты Иссæ æмæ ноджы æндæрты нæмттæ фехъусгæйæ алчи дæр йæ риуыдзаг сулæфы, йæ уды æхцонад банкъары. Коцты Бега, Томайты Мæхæмæт, Дриаты Антон æмæ æндæрты номæй алчидæр йæхи хъайтары фæдонæй рахаты. Афтæ Мелитоны ном фехъусгæйæ алчидæр йæхи хаты Ирыстоны сæрыстырæй, æмбары мадæлон æвзаджы нысан, йæ разы æвзæры фыдæлты тох, æгъдау æмæ уæздандзинад. Æппæт ацы æнкъарæнтæ æмæ миниуджытæ æмбаст сты Хъазиты Мелитоны номимæ. Мелитоны сфæлдыстадон æргъæмттыл уæз кæнынц, Гафезыл кæй ныффыста, уыцы монографи «Ир æмæ ироны кадæг», Джусойты Нафийы цард æмæ сфæлдыстадыл фыст монографитæ «Нафи», «Песню оставить потомкам». Йæ бирæ чингуытимæ сты Ходы Камалы нывæст «Поэты дуне», Æлборты Хадзы-Умарыл фыст «Йæ зæрдæйы хуызтæ», Джыккайты Шамилы  цард æмæ сфæлдыстадыл – «Æрвон комулæфтимæ», Булкъаты Михалы цард æмæ сфæлдыстадыл фыст «Историйы азхынцæг» æмæ бирæ æндæр, зæрдæ кæмæй рухс кæны, ирон адæймаг сæрыстыр кæмæй у, ахæм æндæр монографитæ нæ фысджыты хуыздæртыл».

Дриаты Нателæ загъта, зæгъгæ, куыд фыссæг æмæ куыд адæймаг афтæ дæр у йæ радтæг адæмы аккаг фырт. 2008 азы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта, уæд, дам, гал аргæвста æмæ стыр фынгтæ равæрдта Тæболты Сергейы уынджы йæ корпусы раз.  Æрхуыдта бирæ адæмы, уыцы нымæцы  хæстон лæппуты дæр æмæ, дам, иумæ фæцин кодтой нæ хæдбардзинадыл.

12-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гасситы Дуся банысан кодта, зæгъгæ, йæ сывæллæттæ куы базыдтой Хъазиты Мелитоны сфæлдыстадон изæрмæ цæуынц, уæд бацин кодтой, уымæн æмæ йын уарзынц йе сфæлдыстад. Ахуыр æй кодтой 5-6-æм кълæсты æмæ сæ зæрдæмæ фæцыд. Æмæ, дам, сæ ныр бафæндыд фыссæгимæ фембæлын. Иумæйагæй мадзалы хайад райстой 50 скъоладзауæй фылдæр. Æвзæнгты библиотекæйы кусæг Хъуылымбегты Заирæ та Мелитоныл ныффыста æмдзæвгæ.

Æрæмбырдуæвджытæ æмæ сфæлдыстадон изæры организатортæн раарфæ кодта юбиляр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, мын æй æппæлынмæ мачи айсæт, фæлæ, зæгъ, дунейы стыр литературæтæ кæмæн ис, уыдонæн дæр нæй монографитæ æмæ, зæгъ, æз та сарæзтон «Ирон монографиты истори». Радзырдта йæ царды æрцæугæ бирæ   цымыдисон цауты тыххæй.

Йæ юбилеймæ дæр та афтид къухæй не ‘рбацыд, æрбахаста чингуытæ æмæ сæ балæвар кодта скъоладзаутæн, æрхонгæ уазджытæн.

Хъазийы фыртыл бирæ хъарм ныхæстæ загъдæуыд, фæлæ сыл иу уацы æрдзурæн нæй бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ. Ирон адæм сæрыстыр хъуамæ уой Мелитоны хуызæн фысджытæ нæм кæй ис, уымæй.

Мелитон, дæ алы гуырæн бон дæр дыл хъæлдзæг æмæ æнæмастæй цæуæд. Бирæ нын фæцæр!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.