Анахарсисы номыл национ библиотекæмæ æрбацыд бирæ адæм. Се ‘хсæн уыд Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, фысджытæ, нывгæнджытæ, ахуырад æмæ культурæйы кусджытæ.  Уыдон ардæм æрбацыдысты, цæмæй банысан кæной фыссæг, поэт, публицист, Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны 70 азы юбилей.

Цалынмæ мадзал нæ райдыдта, уæдмæ экраныл Хъазиты Мелитоны цард æмæ архайды фæдыл æвдыст æрцыдис документалон киноныв.

Хуссар Ирыстоны университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго мадзалы хайадисджытæн раарфæ кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты,  сылгоймæгты дунеон боны цытæн æмæ йæ ныхас адарддæр кодта Хъазиты Мелитоны цард, архайд æмæ сфæлдыстады тыххæй. Йæ ныхас чысыл фæуромыны фæстæ залы айзæлыд музыкæ. Сæххæст æй кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Айзæлд»-ы коллектив сæ аивадон къухдариуæггæнæг Уалыты Нинæйы хайадистæй.

– Куыд ахуыргонд, афтæ абон Мелитоны зонадон куыстытыл нæ дзурдзынæн, – зæгъы Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт. – Уымæн æмæ сын хъæуы бирæ рæстæг. Цалдæр ныхасы зæгъдзынæн йæ сфæлдыстадон куыстыты тыххæй. Кæд се ‘ппæтимæ нæ, уæддæр Мелитон цы чингуытæ ныффыста æмæ мыхуырæй рауагъта, уыдонæй бæстон зонгæ дæн сæ фылдæримæ. Сæ мидис, хъомыладон зондамындтытæ, рæстдзинад æмæ мæ æрмæст сæ патриотикондзинад не ‘ппарынц дисы, фæлæ ма Мелитоны куыстхъомдзинад дæр. Йæ чингуытыл адæймаг цæст куы ахæссы, уæд бирæ хатт уырнгæ дæр нæ фæкæны, иу адæймагæн уыйбæрц кæй æнтысы, уый.  Мелитон йæ фæдыл цы арф фæд уадзы, уый зындзæнис бирæ æнусты дæргъы.

Колыты Аксойы номыл паддзахадон лицейы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абон мæнмæ æрхаудта кадджын хæс сæххæст кæныны рад. Афтæ уымæн дзурын, æмæ Мелитоны тыххæй дзурын у кады хæс. Уыцы хъуыдытæ та мæм сæвзæрд уымæн, æмæ Мелитоны куыстытæм куы æркæсæм, уæд иууылдæр сты цымыдисон. Йæ уацмыстæй нын алкæцы дæр хъæздыг кæны нæ удыхъæд.

– Хуыцау зæгъæт æмæ Ирыстон арæхдæр аразæт Мелитоны хуызæн аккаг æмбæстæгты гуырæнбонтæ, зæгъы университеты ирон æвзаджы кафедрæйы доцент, профессор Дзабиты Зарбег. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Мелитонмæ цы стыр куыстхъомдзинад ис, цы бирæнымæц уацмыстæ сфæлдыста, уыдон   се ‘ппæт дæр фыст сты Ирыстон æмæ ирон адæмы сæрвæлтау. Йæ уацмыстæ уарзын кæнынц фыдыбæстæ, куыст æмæ рæстагæй цæрын. Гуырдзыйы ныхмæ хæсты рæстæджы Мелитон йæ сисы фæрцы хъæбатырæй тох кодта знæгты ныхмæ. Ныффыста къорд уацмысы, кæцыты сидт знаджы ныхмæ тохмæ, уырныдта йæ æмæ дзырдта, Ирыстон æппæт зынтæй дæр кæй ссæрибар уыдзæнис æмæ йæ сомбон тæхудиаг кæй уыдзæнис, уый тыххæй.

Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Годжыцаты Нелли та банысан кодта, зæгъгæ, айразмæ мын æндæр бæстæйы минæвæрттимæ бацайдагъ ныхас. Уыдон дзырдтой, зæгъгæ, Ирыстоны нæй цæмæй раппæла. Уæд сын æз нымайын райдыдтон, Ирыстон æмæ сæ адæм бирæ æндæр адæмтæн бафæзминаг кæй сты, уый тыххæй. Кæй кой ракодтон, уыдон ‘хсæн уыд Хъазиты Мелитон дæр. Уымæн æмæ Мелитоны зонын рагæй. Алы фембæлды рæстæджы дæр æнæрахатгæ нæ фæвæййын, йæ хъуыдытæ, фæндтæ æмæ бæллицтæ йæ адæм æмæ бæстæйы тыххæй кæй вæййынц, уый. Мелитоны хорздзинæдтæй иу у, кæй ауды æрыгон фæлтæрыл. Студенты рæстæджы дæр мын кодта цæстуарзон æххуыс. Мæ дипломон куыстæн та равзæрстон йæ чиныг «Алмас»-ы. Мелитонæн цъус нæ бантыст. Уырны мæ, нырæй фæстæмæ дæр ын кæй бантысдзæнис дзæвгар.

– Ацы мадзал абон 27 февралы арæзт кæй æрцыдис, уый тыххæй йæ аразджытæн зæгъын уæлдай бузныг, – банысан кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Уымæн æмæ ма абон у æндæр зындгонд адæймаг – Джусойты Нафийы гуырæнбон дæр. Дарддæр Эрик загъта, зæгъгæ, Мелитон æрмæст хорз фыссæг æмæ ахуыргонд нæу, фæлæ ма у иттæг хорз æмгар дæр. Ууыл дзурæг у уый, æмæ абон ардæм йе ‘мгæрттæй цалдæр кæй æрбацыд.  Уыцы нымæцы мæхæдæг дæр.

Мадзалы ма раныхас кодтой 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ æмæ Мелитоны хорз æмгар Тадтаты Хетæг.

Кæронбæттæны Хъазиты Мелитон бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта залы уæвджытæн æмæ та ногæй айзæлыдысты, зæрдæйæн æхцондзинад чи хаста, уыцы музыкæйы зæлтæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.