10-æм апрелæй цæрджытæн октанон нымæц «92» автомобилон бензины иу литры аргъ фæфылдæр уыдзæн 40 сомы онг, æмæ паддзахадон органтæ, организацитæ æмæ уагдæттæн та суыдзæн 41 сомы. Дизелон æртагæн  баззайдзæн йæ раздæры аргъ. Уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, уыимæ банысан кодта, зæгъгæ, цæрджытæн бензины аргъ фидар æрцыд нефтепродукты хиаргъы æмвæзадыл.

«Фыццаг рады мæ фæнды банысан кæнын уый, æмæ Экономикон рæзты министрад цы æргъты политикæ уадзы, уый у социалон æгъдауæй ориентацигонд. Махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй максималонæй сифтонг кæнæм цæрджыты фидынхъомдзинад æмæ куыстуатæн æфтиаг райсыны ‘хсæн баланс. Абоны бон автомобилон бензины аргъ  фидаргонд у цæрджытæн 36 сомы æмæ паддзахадон органтæ, организацитæ æмæ уагдæттæн та – 37 сомы æмвæзадыл. Дизелон æртаг у цæрджытæн 42 сомы æмæ паддзахадон органтæ, организацитæ æмæ уагдæттæн та – 43 сомы æмвæзадыл.

Ацы æргътæ ивд нæ цыдысты 2019 азæй фæстæмæ, кæцыйæн ахъаз кодта абаргæйæ фидар историон волатилондзинад Уæрæсейы нефтепродукты фондон базары. 2021 азы райдианæй мах нысан кæнæм Уæрæсейы Федерацийы уадзæн æргъты ивындзинад, цыран фиппайдæуы рæзты фидар тенденци. 2021 азы марты мæйæ «Югосетнефтепродукт»-ы куыстуат нефты продукттæ реализаци кæны йæхи аргъыл. Уыимæ, нæ республикæйы бирæ хисæрмагонд  бензинкæнæн станцтæ практиконæй уайтагъд среакци кодтой Уæрæсейы уадзæн æргъты рæзтмæ æмæ автомобилон бензины аргъ фæфылдæр кодтой.

2021 азы апрелæй фæстæмæ Уæрæсейы уадзæн æргътæ фæфылдæр сты радон хатт æмæ «Югоснефтепродукт»-ы паддзахадон куыстуатæн дарддæр фадат нал уыдзæн раздæры æргътæм бензин уæй кæнынæн. Уымæ гæсгæ 10-æм апрелæй скъуыддзаг æрцыд, цæмæй цæрджытæн октанон нымæц «92» автомобилон бензины иу литры аргъ фидаргонд æрцæуа 40 сомы æмæ паддзахадон органтæ, организацитæ æмæ уагдæттæн та – 41 сомы æмвæзадыл.

Зæгъдзынæн уый дæр, æмæ цæрджытæн ацы аргъ фидар кæй æрцыд хиаргъы æмвæзадыл, ома, куыстуат цы бензин реализаци кæна, уымæй æфтиаг нæ исдзæн», – банысан кодта Тадтаты Дзамболат.

Зонынæн, Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы федералон зылды алыгъуызон регионты октанон нымæц «92» автомобилон бензины иу литры аргъ кæй у 43,25 сомæй 46, 24 сомы онг. Дзæуджыхъæуы ацы бензины аргъ у 45, 50 сомы.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм уый, æмæ 2016 азы 19 майы Хицауады Уынаффæмæ гæсгæ республикæйы экономикон рæзты министрад кæй фидар кæны æрмæстдæр æртагсæрдæн æрмæджыты аргъ, кæцыты реализаци кæнынц паддзахадон куыстуæттæ.

Абоны бон иунæг паддзахадон куыстуат, кæцы реализаци кæны бензин у паддзахадон унитарон куыстуат «Югоснефтепродукт».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.