Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин кусæгон æмбырд ауагъта министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ, æруынаффæ кодтой цардархайды алыгъуызон фадгуыты профессионалон кадрты цухдзинады фарстыл.

Банысан кодтой, бахъуыды рæстæджы æххуысмæ кæй æрцæуынц уæрæсейаг специалисттæ, фæлæ республикæйы кæй хъæуы йæхи кадрон хъомысад уæрæхдæр æмæ бæрзонддæр кæнын.

Профессионалтæ нæ фаг кæны: сывæллæтты хирурги, реаниматологи, клиникон фармокологи, зайæгойгуысты, хъармдæттæг энергетикæйы, уазæгуатты объектты сервисы, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ æндæрты. Организацитæ расидтысты конкурс вакантон бынæттæм бирæ хъæугæ дæсныйæдты фæдыл, фæлæ бынæттон кадрты фарста карзæй лæууы.

Хицауады сæрдар бахæс кодта, проблемæмæ кæй хъæуы комплексон ахаст, æмæ бахæс кодта министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæн уæлдай дефицитондæр дæсныйæдты номхыгъд саразын, бацæттæ кæнын фæндæттæ æмæ сæ Хицауадмæ æрбавдисын.

***

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты тыххæй

Хицауады сфидар кодтой 2023 азы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тарифтæ.

Банысан кодтой, æрдзон газ æмæ электроэнергийы фæдыл аргъ кæй баззайдзæн раздæры æмвæзадыл цæрджыты субсиди кæныны хыгъдæй. Уыимæ банысан кæнын хъæуы — газы аргъ бæрæг сырæзт. Уазал дон æмæ канализацийы тарифтæ кæй фæфылдæр сты, уый баст у 2023 азы эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцæудзысты ног канализацион хæххытæ æмæ сыгъдæггæнæн агъуыстытæ.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Южная Осетия»-йы электроэнергийы лæггæдты фæдыл тарифтæ:

цæрджытæн, кæцытæ ифтонг сты æрдзон газæй (бафтаугæ аргъмæ хъалон хыгъдæй) — 3,0 сомы/кВт;

цæрджытæн, кæцытæ ифтонг не сты æрдзон газæй (бафтаугæ аргъмæ хъалон хыгъдæй) — 2, 37 сомы/кВт;

экономикон æгъдауæй бындурон тарифы бæрц (бафтаугæ аргъмæ хъалон æнæ хынцгæйæ) — 3,87 сомы/кВт.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Южная Осетия»-йы газы тарифтæ:

цæрджытæн (бафтаугæ аргъмæ хъалон хынцгæйæ) — 4,51 сомы;

экономикон æгъдауæй бындурон тарифы бæрц (бафтаугæ аргъмæ хъалон æнæ хынцгæйæ) — 5,90 сомы.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы уазал доны тарифтæ:

цæрджытæн (бафтаугæ аргъмæ хъалон хынцгæйæ) — 2,75 сомы;

экономикон æгъдауæй бындурон тарифы бæрц (бафтаугæ аргъмæ хъалон æнæ хынцгæйæ) — 9,74 сомы.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы канализацийы тарифтæ:

цæрджытæн (бафтаугæ аргъмæ хъалон хынцгæйæ) — 2,75 сомы;

экономикон æгъдауæй бындурон тарифы бæрц (бафтаугæ аргъмæ хъалон æнæ хынцгæйæ) — 13,90 сомы.