Æрæджы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон  комитеты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæн радзырдта, 2021 азы Инвестпрограммæйы фæрцы ногæй кæй сырæздзæнис Леуахийы доны сæрты зæронд хиды бынаты ног хид. Ацы хабар социалон сегменты расидт стыр полемикæ. Иутæ разы не сты, цæмæй историон-архитектурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм арæзтадтæ пырх кæной. Иннæтæ та зæгъынц, зæгъгæ, хид саразын хъæуы ногæй, цæмæй фыдбылыз ма æрцæуа.

Мах ныхас кодтам ацы аз Цæгат Ирыстоны университеты Архитектурæйы факультеты рауагъдон, не ‘мбæстаг Джиоты Зæлинæимæ. Уый нын куыд загъта, афтæмæй дипломон куыст дæр хъахъхъæндзæн «Зæронд архитектурон историон нысаниуæгджын арæзтадтæ»-йы темæйыл.

Архитектурон арæзтадтæм иуæй-иутæ уæлæнгай цæстæй кæй кæсынц, уый раст нæу. Архитектурон арæзтадты фæрцы цæстытыл ауайынц бирæ историон факттæ. Уыдон æвдисæн сты горæты æмæ йæ адæмы хиæдтæн, цардуагæн. Зæронд Цхинвалы рæсугъддзинадæн архитектурæйы цæстæнгасæй саргъгæнæн нæй. Йæ уынгтæ, зæронд арæзтадтæ аивадыл хæст адæмæн, нывгæнджытæн сты сæ куыстыты сæйрагдæр хай. Нæ горæтæн ис архитектурон колорит. Алцæмæй дæр у æххæст – централон уынгты арæзтад хауы классикон, эклектикæйы стилмæ. Ис дзы модерн æмæ конструктивизмы стилы арæзтадтæ дæр. Уæлдай зæрдæмæдзæугæ уыдысты зæронд Цхинвалы Леуахийы цæугæдоны былгæрæттæ. Уый уыд дойнаг дурæй амад, хæдзæрттæм æввахс. 2008 азы зындгонд цауты фæстæ нæ горæт ногæй райдыдта æндидзын. Æмæ дзы ныр та цы уынæм!? Ног районты хæццæ-мæццæ арæзтадтæ. Хынцыд дзы нæ цæуынц, раздæр горæт цы фæткмæ гæсгæ уыд нывæст, уыцы эстетикон æмæ композицион-нывæфтыд нормæтæ. Раздæр горæты цæрæн зонæтæ уыдысты экстравертон, ома, цæсты ахадгæ, сæ алфæмблай элементтимæ æмæ кæрæдзимæ æмбаст. Ныр та ног арæзтадтæй бирæтæ сты уынгæй мидæгдæр æмæ горæты иумæйаг архитектурон хуыз афтæмæй хæлы. Ног бæстыхæйттæ хауынц интровертон цæрæн зонæтæм. Æппæт уыдæтты аххосæй мах ныридæгæн сафæм нæ горæты уынгты раст композицион æнкъарæн, уый та у  дисгармони.

Æвзæр уавæры не сты культурон-æхсæнадон бæстыхæйттæ, раст арæзт цæуынц уыдон. Зæгъæм, Джиоты Аланы проспектыл Хицауады хæдзар, Бæстæзонæн музей Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театр, уазæгдон «Ирыстон»-æн та бахъахъхъæд æрцыд се ‘ддаг хуыз. Зæронд арæзтадты æндидзынады ахæм тенденци стыр хæрзиуæг у, уымæн æмæ уыдоныл бындуриуæг кæны горæты историон хуыз. Фæлæ æппæт уыдæтты тыххæй архитектурæйы ногдæр формæтыл нæ къух ма хъуамæ  исæм. Уыдон сты  ивгъуыд афонæй фидæнмæ æвдисæнтæ, æмæ æппæрццагæй ма хъуамæ бандавой, реставрацийы рæстæджы æмбæлон арæзт куынæ æрцæуой, уæд та цалдæр азы фæстæ уыдзысты ногæй аразинаг. Хъуамæ горæты архайа Архи-тектурон совет. Æнæ уый нæй æвналæн  иу историон арæз-тадмæ дæр.  Арæзтады рæстæджы уыдон хъуамæ контроль кæной æмæ барджынæй рæгъмæ хæссой компетентон уынаффæтæ, алы конкретон арæзтады фæдыл дæр. Уæд нал уыдзыстæм æвдисæн, ныртæккæ зæронд хиды тыххæй цы дискусситæ цæуы не ‘хсæнад æмæ Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады ‘хсæн, уыцы архитектурон рæдыдтытæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.