Хицауады Сæрдар Джуссойты Конс-тантин ауагъта 2023 азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæ реализаци кæныны контролы фæдыл штабы æмбырд.

Æмбырды райдиан Джуссойты Константин загъта:

«Абон махæн ис оперативон штабы фыццаг рабадт. Уымæ гæсгæ уæ курæг дæн, арæзтадон куыстытæ афтæ сорганизаци кæнат, цæмæй куыстыты темп, æрмæджытæй ифтонгад æнæкъуылымпыйæ æмæ æдасæй цæуой.  «Сымахæн хъуамæ уа куысты техникон фæд-фæдылондзинады æмбарынад. Ацы хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ уын хъуамæ уа егъау бæрндзинад æмæ удуæлдайдзинад».

Зæгъойты Эдуард Хицауады Сæрдарæн фехъусын кодта арæзтадон объектты  куыстытæ æмæ проектон-сметæйон документты цæттæдзинады тыххæй.

Æдæппæтæй 2023 азы Инвестпрограммæмæ хаст æрцыд 18 объекты, уыдонæй фондз ахызтысты иу азæй иннæмæ, ома, фарон сæ райдыдтой аразын.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард куыд фехъусын кодта, цæугæдон Леуахийыл ног хиды арæзтады фæдыл уагъд цæуынц бындурæвæрæн куыстытæ. Объекты кусы 8 адæймаджы онг æмæ техникæйы 4 иуæджы. Æндæр азмæ цы объекттæ ахиздзæн, уыдонæй сæ иу у Знауыры поселочы æртыккаг 18-хатæнон хæдзар, цыран уагъд цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ. Объект «Эрцо-Синагур»-ы куыстытæ урæд æрцыдысты боныгъæды уавæртæм гæсгæ. Дзауы районы Мзиугомы хъæуы пионерон лагеры та уагъд цæуынц мидæггагон куыстытæ. Аразджытæ куыстытæ фæтагъдæр кæныны тыххæй сæвæрдтой хъармгæнæн пушкæтæ. Ми-дæггагон куыстытæ фæуд кæнынц Ирæтты уынджы 75-хатæнон хæдзары – кусынц ыл 35 адæймаджы.

13 объекты фæдыл цæттæ проектон-сметæйон документаци ис экспертизæйы, æмæ хатдзæгтæ лæвæрд æрцæудзысты марты мæйы кæрон.

Хатдзæгтæ аразгæйæ, Джуссойты Константин банысан кодта, зæгъгæ, æппæт æрæмбырдуæвджытæ æмхуызон бæрндзинад хæссынц 2023 азы Инвестицион программæ æнтыстджынæй среализаци кæныны фæдыл.

 

————————————————

 

Фæфæстæ кодтой æргъты схызт

Цардуагон-коммуналон лæггæдты тарифтæ сфидар кæныны тыххæй 2022 азы 7 декабры уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарст уынаффæ кæнынмæ рахаста экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат Хицауады æмбырды. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Президент Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ, Экономикон рæзты министрад нæ фæфылдæр кодта энергоресурсты æргътæ ацы азы фыццаг кварталæй, цæмæй зымæгон рæстæджы цæрджытæн сæ финансон  хæрдзтæ ма фæфылдæр уой, уый тыххæй.

Тадтаты Дзамболат куыд загъта, афтæмæй республикæйы цæрджытæн тарифтæ фæфылдæр уыдзысты 2023 азы фыццæгæм июлæй.

«Тарифтæ сфидар кæнынц иу календарон азæн, фæлæ форс-мажорон уавæры сæм бахæссæн вæййы ивындзинæдтæ», – загъта Тадтаты Дзамболат.

Иу квт-ы аргъыл бафтдзæн 30 капеччы. Кæд раздæр 2,50 сомы уыдис, уæд схиздзæн 2,80 соммæ. Дарддæр энергоресурстæй ифтонггæнæг уæрæсейаг организацитæ уадзынц æппæт процедурæтæ тарифон æргътæ саразыны хъуыддаджы.

Тадтайы фырты ныхæстæм гæсгæ, 2023 азы 1-æм мартæй фидар æрцæудзæн электроэнергийы аргъ æмæ уыдзæн 4,23 сомы.

Экономикон æгъдауæй тарифтæ кæй сырæзтысты, уый тыххæй энергоресурсты æргътæ фæфылдæр уыдзысты цæрджытæн дæр. Æрдзон газæй чи пайда кæны, уыдонæн электроэнергийы аргъ уыдзæн 3,36 сомы.

Æрдзон газæй чи нæ пайда кæны, уыдонæн кæд раздæр рухсы аргъ 2,37 сомы уыд, уæд ныр та схиздзæн 2,65 соммæ

Тадтаты Дзамболат куыд бамбарын кодта, афтæмæй инфляци 11,9 процентмæ  кæй схызт, уый аххосæй хизынц тарифтæ цæрджытæн дæр.

Афтæ уыдзæн газы хъуыддаг дæр.

Экономикон æгъдауæй биноныггонд газы тариф фыццаг мартæй уыдзæн 6,33 сомы. Цæрджытæн та 4,51 сомæй схиздзæн 5,05 соммæ.

Цæрджытæн газы аргъ фæфылдæр уыдзæн 2023 азы фыццæгæм июнæй.

Энергоресурсты æргъты фæфылдæр кæнын баст у, уыцы ресурстæй республикæйы цы уæ-рæсейаг организацитæ ифтонг кæнынц, уыдоны уынаффæимæ. Уымæн æмæ уыцы организацитæ электроэнерги æмæ газы æргътæ фæфылдæр кодтой 2022 азы декабрæй, Уæрæсейы Федерацийы экономикæйы цы инфляцион процесстæ цæуы, уый аххосæй. Экономикон æгъдауæй ахъуыдыгонд  хатдзæгтæм гæсгæ, нæ республикæйы электроэнерги æмæ газы æргътæ фæфылдæр уыдзысты

                  ОСИАТЫ Индирæ

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.