Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты уагъд æрцыд зонадон конференци зынгæ ирон поэт æмæ драматург Беджызаты Дауыты фырт Чермены райгуырдыл 125 азы сæххæсты цытæн.

Конференцимæ æрбацыдысты Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан, скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ зонадон кусджытæ.

ХИЗИИ-йы директор, профессор Гаглойты Роберт банысан кодта, зæгъгæ, абоны мадзалæн егъау нысаниуæг ис, уый баст у, йæ цард Ирыстоны рæсугъд хъысмæты тыххæй нывондæн чи æрхаста, ахæм адæймагимæ. «Ахæм куырыхон æмæ хъæбатыр адæймаг алы адæмыхаттмæ нæ вæййы. Паддзахы рæстæгæй суанг йæ амæлæты онг Чермен иунæгæй цы хъуыддæгтæ сарæзта, уый абон цалдæр адæймагæй дæр нæ бантыстаид. Кæд 39 азы йеддæмæ нæ фæцард, уæддæр ын бирæ бантыст саразын йæ райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн. Уымæ гæсгæ дзы ирон адæм сты сæрыстыр», – загъта Гаглойты Роберт.

Уый конференцимæ æрбацæуджытæн фехъусын кодта, йæ фæндон, зæгъгæ, хорз уаид æмæ Хуссар Ирыстоны искæцы уынг кæнæ культурæйы хæдзар йæ номыл куы схониккам, цæмæй йын уымæй йæ ном сæнусон кæнæм. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы хъуыдыйыл дарддæр дæр куыст цæудзæн.

Зонад-иртасæн институты ирон литературæйы хайады хистæр, филологон зонæдты кандидат Хъазиты Мелитон йæ доклад «Беджызаты Чермен – нывæфтыд дзырды зæрингуырд»-ы æрдзырдта фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл. Советон дуджы иууыл стырдæр æмæ хуыздæр фысджытæй сæ иу уыд Беджызаты Чермен. Уый уыдис поэт, прозаик, драматург æмæ публицист. «Чермен кæддæриддæр цæттæ уыдис ирон адæмы сæрыл тох кæнынмæ æмæ йæ амæлæты онг дæр уыд афтæ. Уый адæмы фæдзæхста, фыста, зæгъгæ, «20-æм аз кæмæй фæуа рохы, уый не ‘хсæн æлгъыстаг фæуæт фæлтау». Ацы ныхæстæ алкæмæн дæр хъуыдыйаг уыдысты раздæр дæр æмæ ныр дæр. Æппынæдзух ног цардарæзтад бæрзонд кæй иста, уымæйдæр æй аив дзырдæй кæй иста, уымæн æй хонæм ирон литературон æвзаджы зæрингуырд дæр. Кæддæриддæр дзырдта комкоммæ æмæ рæстдзинадыл æмæ йæ æфхæргæ дæр уымæн кодтой», – загъта Хъазиты Мелитон.

«Символизм Беджызаты Чермены радзырд «Уад асаста гæдыбæлас»-ы тыххæй цымыдисон доклад бакаст ХИЗИИ-йы ирон литературæйы хайады хистæр зонадон кусæг, филологон зонæдты кандидат Биазырты Аллæ. Уый йæ раныхасы лæмбынæг æрдзырдта радзырды сюжеты тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, фыссæг символизмы традицийæ пайда кæны йæ радзырд «Уад асаста гæдыбæлас»,-ы. «Символы æууæлтæй хайджын у радзырд йæ райдианæй йæ кæронмæ. «Уад» у сæрибардзинад, ног царды сæрыл тохы символы фæлгондз. «Уад», «гæдыбæлас», «аргъуан», «зæронд ус» – сты зæронд царды æвдисæнтæ. «Сабитæ» æмæ «фæз» – ног царды æвдисæнтæ. Радзырд ныффыста 1936 азы. БулкъатыМихалы хъуыдымæ гæсгæ Чермен кæд революцийы хъузон нæу, йæ радзырд та у революцийы ирони, уæддæр тырны ног, рæсугъд цардмæ. Зæронд æмæ ног, хæлар æмæ хæрам, фыдæх æмæ хæрзиуæгы ныхмæвæрд у радзырды нывæзт», – загъта Биазырты Аллæ.

Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ирон литературæйы хайады зонадон кусæг Плиты Серго йæ доклад «Фæдуадзæн зондахаст»-ы радзырдта зынгæ фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Беджызаты Чермены хуызæн фысджытæ, патриоттæ гæнæн ис æнгуылдзтыл ранымайын. Уымæн æмæ цалдæр йеддæмæ не сты тохы быдыр æмæ сфæлдыстадон куыстыл æмхуызонæй чи рацыди, уыдон. «Чермен ирон литературæмæ фæуазæг дзадджын хуындзауæй. Йæ уацмыстæ «Мæсгуытæ дзурынц», «Уад асаста гæдыбæлас», «Бирæгътæ» æмæ æндæрты равдыста йæ дуджы реалон цардар.  Фыдæлтæй абонмæ абарста цардыуаг йæ ивындзинæдтимæ, истори æмæ æрдзон дугивæнтимæ. Черменæн йæхи сæрмагонд архайд баиу йæ уацмысты комулæфтимæ. Мæскуыйы журналистикæйы ахуырдзинад ын ахъаз фæцис зонындзинæдты хъæздыгдæр æвæрæнтæм бавналынæн. Раргом сты йæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ, фæрсæрдыгæй лыстæггай иртасы æппæт аххосæгтæ æмæ ныхдурты фæзынд. Бæлвырд кæны аналитикон цæстæнгасæй фидæны æрцæуинаг хабæртты, прогнозтæ æмæ сæйраджыдæр та йæ архайд нымайы уды сæйраг домындзинадыл. Чермены сфæлдыстад æнæхъæнæй у 14 азы – 1920-1934 азтæ. Куыста бирæ бæрнон бынæтты, журнал «Фидиуæг» æмæ газет «Хурзæрин»-ы редактортæй, паддзахадон рауагъдады директорæй, фысджыты цæдисы сæрдарæй», – йæ ныхасы банысан кодта Плиты Серго.

Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан стыр бузныг загъта ахуыргæнджытæ æмæ зонадон кусджытæн ирон фысджыты кад афтæ бæрзонд кæй исынц æмæ сæ кæстæр фæлтæрæн рох кæнын кæй нæ уадзынц, уый тыххæй. «Рæстæг бирæбæрцæй кæй фæивта, уымæ гæсгæ архайын хъæуы, цæмæй нæ фæсивæдимæ ноджы фылдæр куыст цæуа. Цæмæй зоной сæ ивгъуыд, ирон адæмы разагъта фыртты тыххæй. Фæнды мæ бахатын зонадон кусджытæм ахæм фæндонимæ, цæмæй Ирон скъола бакæнæм Хуссар Ирыстоны дæр, Алайнаг гимназ Цæгат Ирыстоны куыд уæвынад кæны, афтæ. Æмæ уый тыххæй ноджы лæмбынæгдæр æрдзурдзыстæм æввахс рæстæджы», – банасан кодта министр.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.