Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин инæлар-лейтенант Калоты Хасаны снысан кодта Коллективон Æдасдзинады Бадзырды Организацийы иумæйаг штабы хистæры фыццаг хæдивæгæй.

Раздæр ирон инæлар службæ кодта Централон æфсæддон зылды æфсæдтыл командæгæнæджы хæдивæ-гæй. Ныр та йæ дæлбар уыдзæнис коллективон тыхты æфсæдты план кæнын, пайда сæ кæнын æмæ сæ цæттæ кæныны центр.

Калыты Хасан хайад иста Цæгат Кавказы хæстон архайдтыты, дыууæ хатты – Сирийы хæстон архайдтыты, 2015 азы Донбассы куыста уавæр æрбæстон кæнын æмæ хæст æруромыны фæдыл къамисы уæрæсейаг хайы сæргълæууæгæй. Каст фæцис Уæрæсейы Гарзджын тыхты Генералон штабы академийы, хорзæхджын у Æхсардзинады орденæй, Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй орденæй, Жуковы майданæй «ССР Цæдисы Гарзджын тыхты райгуырæн бæстæйæн службæйы тыххæй» æртыккаг къæпхæны орденæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.