Нæ горæты цы ног цалцæг уынгтæ ис, уыдонæй иуæй-иутыл арæх фæзыны дзыхъхъытæ. Фæндаджы проблемон бынæттæ афтæ вæййынц къуыригай, хатт мæйгæйтты дæр.

Плиты Ароны уынгæй БАМ-ы микрорайонмæ уынг ивгъуыд аз арæзт æрцыд. Аз дæр нæма рацыд, афтæмæй уынджы астæу, канализацийы люк кæм ис, уым асфальт ныххауд бынмæ. Цæмæй трассæйыл цæуæг машинæтæй дзыхъхъы мачи аирвæза, уый тыххæй дзы чидæр пыхсытæ æркалдта, ома йæ шофыртæ дардмæ уыной. Афтæмæй лæууы ныр мæйы бæрц.

Ахæм нывтæ бирæ ног цалцæг уынгтыл фенæн ис ноджыдæр. Советон уынджы тæккæ астæу дæр ис уæрæх дзыхъхъ. Рагæй афтæ лæууы уый дæр. Шофырты фæндаг къахт кæм у, уым дзыхъхъы иувæрсты бахъæуы арæхстгай скъæрын. Æвзæр уавæры ис 8-æм июны уынджы æмæ Владимир Путины (Мæскуыйы) уынджы фæзилæн дæр. Ам та иу бынаты асфальт дзыхъхъ рауад æмæ къæвда куы рауары, уæд донæй байдзаг вæййы. Фистæгæйцæуджытæн дзы ахизæн нæ вæййы. Джиоты Аланы проспект æмæ Тæболты Сергейы уынг кæм иу кæнынц, уым дæр къæвдадон афтæ ныббады. Уыцы проблемæйы фæдыл, дам, горæты администрацимæ арæх фехъусын кæнæм, фæлæ се ‘фсон у, фæндагаразджытæ сæ рæстæджы къуыхцытæ кæй æруагътой, уый.

Мах дæр цымыдис кодтам, ацы  згъуыдтæ аиуварс кæнын кæй хæс у æмæ сын дзуапп чи хъуамæ дæтта. Уый фæдыл горæты администрацийы цалцæггæнæн-арæзтадон хайады сæргълæууæг Гæззаты Инал ныфс бавæрдта, горæты уынгты æппæт дзыхъхъытæ дæр 15-æм августмæ æмбæлон уагмæ кæй æркæндзысты: «Ацы проблемæтимæ зонгæ стæм. Асфальтуадзæн заводтæ кæй нæ куыстой, уый аххосæй фæкъуылымпы ис нæ куыст. Фæлæ, ацы бонты Ирыхъæуы цы асфальтон минизавод ис, уый райдайдзæн асфальт уадзын æмæ мах дæр бавналдзыстæм куыстмæ. Иуварс æрцæудзысты, горæты уынгтыл цы згъуыдтæ ис, уыдон. Цалцæггæнæн куыстытæй дарддæр ма æрæвналдзыстæм бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ асфальт кæнынмæ дæр. Ацы аз уал нын нывæсты ис, Вокзалгæрон уынджы цы кæртытæ ис, уыдон. Уый фæстæ цадæггай асфальт æрцæудзысты иннæ районты бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ дæр».

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.