(Скъуыддзаг монографи “БЕСТАУ”-æй)

Бестау – стыр поэт æмæ стыр адæймагæн йæ цыбыр цард æмæ рæсугъд цардвæндæгтæ æнæхъæнæй баст уыдысты, ирон адæймаг фыдæлтæй фæстæмæ кæуыл рацыд, уыцы æххæл-мæххæл фæндæгтимæ. Уыдонæй сын нæ уыдис фæхицæн.

Æвдисгæ дæр сæ диссаджы ивæнты хуызы кæны: «Фæндæгтæ хæлбурцъ кæнынц кæлмытау»; сæ «тахт – тугдадзинты хъазт»; куы «хохы ныхыл абадынц тæлмытау»; куы «сæрсæфæнтæм асхъиуынц æваст»; сты йæм «Уалдзыгон æрвнæрды тæфæй расыг, Удуæлдай æвзонгадау, ызнæт». Уымæн æмæ сты æгъатыр дугты фæдтæ æмæ æвæдтæ æвдисæг. Адæймагæн сты цинтæ æмæ фыдтæ хæссæг:

Ферттивынц бæллицвæллад зæрдæйы

Дзуарæвæрдæй туджджынты кæрдтау, –

Зæрдæ судзгæ стъæлфæнтæй ысвæййы

Йемыдзаг æхсон дуры къæрттау…

Фæндæгтæ, кæдæм нæ фæччы, уырдæм

Удаист, цымыдисæй тындзынц, –

Уадз, æрхауæнт кæрдæгыл ныхкъуырдæй,

Ахъазæнт сæ сæрты искуы сындз!

 

Фæндæгтæ, æрвæрттывды уидæгтæ, –

Уе ‘гъуыстаг фыдамондыл хъæцут!

Гъæйтт, мæ зæрдæ, удуæлдай фæндæгтæй

Фæсвæндагмæ макуы бон фæцуд!

Фыссæгмæ алы поэтикон амæлттæ – эпитеттæ, метафорæтæ, абарстытæ æмæ æндæр аивадон фæзилæнтæ дарддæр кæнынц сæ кæрæдзи; иу аивадон фæлгонц бæрзонддæр кæны иннæйы, афтæмæй уацмысæн сты пафосдæттæг, миддинамиз æвдисæг. Хъодзаты Æхсар сæ афтæ уымæн зæгъы: «Гиуæргийы «æрвæрттывды уидæгтæ» зынынц фидæнæй, цæуынц зæрдæйæ зæрдæмæ, фæлтæрæй фæлтæрмæ…» Æмдзæвгæйы аллитераци æмæ рифмæты зæлланг ноджы исынц, хæрдмæ кæсын кæмæ æмбæлы, ахæм бæрзæндмæ. Булкъайы-фырт дзы уымæн дзырдта: «Ирыстоны цъус ис, рифмæйыл Бестауты Гиуæргийы бæрц, хæстæ чи сæвæры, ахæм поэттæ æмæ йе ‘мдзæвгæ æнæ уыцы сæйраг цæджындз цæмæй фæцух уыдзæн, уый зын бамбарæн нæу. Йæ мæлæты фæстæ йын мыхуыры цы «Арты æртæхтæ» рацыд («Фæндæгтæ» дæр уырдыгæй у – Хъ. М.), уый сбæлвырд кодта, рифмæ Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæйы базыр æмæ къуымы хæстимæ иумæ хъуыдыйы центры хæс дæр кæй æххæст кæны. Рифмæ йын локатор дæр у, антеннæ дæр, хъахъхъæнæн згъæр дæр æмæ йын æмдзæвгæйæ фæхицæн кæнынæн ницы амал ис». Уыцы хъуыддагæн нæхæдæг æвдисæн стæм ацы æмдзæвгæйы. стæй йæ поэтикон уацмыстæй бирæйæн.

Гиуæрги стыр поэт кæй уыдис, уый мур быцæуаг нæу, фæлæ ацы Шотайы гениалон кадæг нæ мадæлон æвзагмæ афтæ зæрдæбын æмæ цымыдисон тæлмац кæй ракодта, уый тыххæй Бестау йæхæдæг куыд загъта, уымæ ноджыдæр иу хатт куы ‘ркæсæм, уæд нæ фæрæдидзыстæм: “VEPXISTQAOSANI» мæ йæхимæ сæйраджыдæр ныббаста канд йе стыр идейон-аивадон миниуджытæй нæ, фæлæ дзы мæ зæрдæйæн лымæн, иумæйаг кавказаг уд, уый нæ, фæлæ ма ирон культурæйæн, иры кæддæры нæргæ историйæн хицон миниуджытæ кæй федтон, уымæй дæр». Ӕмæ уым дызæрдыггагæй мур дæр ницы ис. “VEPXISTQAOSANI», дам, иронау “раивын æз сæйраджыдæр нымайын мæ нацийæн ахъазы хосыл. Руставелийы гени бирæ хæрзиуджыты бацæудзæн ирон зонд æмæ зæрдæйæн…”

Йæ хъуыдыйыл мур дæр дызæрдыггæнæн нæй. Кадæг ирон зонд æмæ зæрдæйæн ноджы стырдæр æмæ фылдæр хæрзиуджыты бацæудзæн, дзырд Сослан Цæразоны кадæгыл кæй цæуы, уый тагъд куы сбæлвырд уа, уæд. Уымæн та æндæр гæнæн нæй.

Чиныг иронау фыццаг хатт рухс куы федта, уæд Бестаумæ ирон зындгонд романист-романтик Булкъаты Михал æмæ йе ‘фсин ныццавтой тел: “Перевод Руставели – это успех всей осетинской литературы и праздник осетинского художественного слова”.

Уыцы хъуыддагæн æвдисæн уыдысты æмæ ноджы стырдæр бæрæгбонæн æвдисæн уыдзысты не ‘мрæстæгонтæ, бирæтæ йын æнхъæл дæр куыд нæма сты, афтæ.

Нæ Фыдыбæстæ, нæ адæм, рæстæгæй Бестау йæхиуыл стыр хæс æнкъардта. Æмæ дзы никуы æмбæхст. Нæ дзы тарст. Йæ хъаруйæ разы уыдис. Уыдис æй стыр ныфс йе стыр æмæ алыварсон курдиатæй. Алы хатт дæр цæттæ уыд йæ хæс фидынмæ. Фæлæ йын хъысмæты æгъатыр цæфæй, хъыгагæн, нæ бантыст йæ нывæст фæндтæ кæронмæ сæххæст кæнын. Йæ адзалы размæ ацы æнкъард, фæлæ сæрыстыр ныхасы ацы рæнхъыты авторæн катайгæнгæ уымæн дзырдта: «Цæрæнбонты мæхы цæттæ кодтон, аивадон уацмыстæ сфæлдисын кæд базондзынæн, уымæ. Ныр афтæ куы загътон, зæгъгæ, мæ бон цыдæр саразын бауыдзæнис, уæд дын уый мæ митæ». Æвæццæгæн нæ никуы ничи базондзæнис, Хуыцау стыр курдиат кæмæн радты, уыдонæн æй æххæстæй цæмæннæ бауадзы райхæлын. Бирæтæн æй йæ тæккæ райдианы цæмæн фескъуыны.

Йæ аив, романтикон уацмысты цы æнæрцæф, сæрыстыр, æнæнцойзæрдæ, уадтымыгъæмсæр æмæ æрвнæрдау хъомысджын лирикон хъайтары æвдисы, уый алы æмдзæвгæйы дæр у иу адæймаг, – Бестауæн йæхийау рæстдзинадуарз, рæстаг æмæ рухсмæтырнæг, æцæг хурæййас зæрдæйы хицау æппæтхъом уарзæгой адæймаг.

Бестау афтæ кæй уыдис, гениалон Къостайау, уый дæр адæмы раз йæхи хæсджыныл кæй нымадта: «Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хæс» («Ныстуан»), – уый тыххæй нæ ардта удæнцой. Йæ поэзийæ алы хатт дæр чиныгкæсджыты зæрдæтæм кæсын кодта рухсы тын. Цыфæнды зынтæ ма ‘взæрстаид, алы хатт дæр архайда йæ аивадæй адæймаджы зæр-дæйы марг сæппарыныл, сырд дзы амарыныл, адæймагуарзондзинад дзы рай-хъал кæныныл, цæрæг уды раст æмæ бæллиццаг фæндагыл бафтауыныл. Æмæ, куыд уынæм, афтæмæй уыцы стыр, фæрнджын хъуыддаг алы хатт дæр æфтыдис йæ къухы.

Поэтæн йæ аив дзырд, йæ зарæг æцæг уыдис «сау лæгсырдмарæн нæмыг». Афтæ аудгæ, уарзгæ ахаст æм уымæн дардта. Æнарæхст февнæлдæй, зæхмæ æрхауынæй йын уый тыххæй тарстис.

Уый ирон поэзийы фыццаг ахæм фæзынд нæу. Адæймаг, уæлдайдæр, дзырды дæсны хъуамæ йæ ныхасæн æрæвæрæн зона. Ахæм хъуыды Гиуæргийы размæ уыдис, – стæй æрмæст уымæ нæ, – Плиты Грисмæ дæр: «Нæу мын тас уæззау зынты фæлладæй, Амайын дзырдыл, мæсыгау, дзырд – Кæд æмæ рæсугъд хъуыдыты фатæй Амарин лæджы зæрдæйы сырд» («Рай мын, Ир!»).  Дзырдмæ ахæм цæстæй кæй кастысты сæ дыууæ дæр, сæ бон дзы уымæн уыдис уд бавæрын, йемæ удæгас, æмбаргæ, æмзонд адæймагау ныхас кæнын.

Н. Добролюбов дзырдта: «Первая из причин, удерживающих людей от противодействия самадурству, есть – сранно сказать – чувство законности, а вторая – необходимость в материальном обеспечении». Бестауы-фыртмæ та, стæй Грисмæ дæр, хæрзуаг уæвын, зæххыл иууыл стырдæр, хæрзиуæгондæр хъуыддаг аразын – «лæджы зæрдæйы сырд» марыны тыххæй цыдис сæ удтæй.

Афтæ кæй уыдис, поэт зæххыл адæймагуарзты охыл йæхимæ цахæмфæнды зынтæ райсынмæ дæр æппынæдзух цæттæ кæй уыдис, уымæн ирд æвдисæн Гиуæргийæн æндæр æмдзæвгæ «Мæ зарджытæ»:

Талынг æхсæвтæй уæ раскъуыдтон,

Судзгæ цырагъау, мæ зарджытæ,

Гъе, фæлæ, ме ‘нцойæ цас хъуыдтон,

Уымæн уыдзæнис æмбарджытæ.

 

Талынг æхсæвты уæзбын хъуыды

Зонын, уæ тыхæн цы хос фæци:

Бомбæтау уе знæт дæлрæнхъыты

Бамбæхст ныггуыппæввонг рухсмæсидт.

 

Чи уæ цыфæнды дæр ма схона,

Чи уæ нæ фауа цынæ ‘фсæнттæй, –

Хуры мæнг рухс уæ, хъыхъхъаг сойау,

Никуы кæндзæнис æнхъæвзæнтæ!

– Аивады кусæг йæ комкоммæ хæс куы феххæст кæны, уæд алы хатт дæр рухсмæсидæг у. Хъыгагæн æй мах зонд æрæджыйау æрцахсы: «А мы попрежнему ни во что не ставим носителей правды, тех, кого называют совестью нации». Уый тыххæй, нæ бон цас вæййы, уый бæрц йæ фарсмæ æхсарджынæй, æппæтхъомæй рæстæгыл никуы балæууæм. Нæ рухсмæсидджытæн рæстæгыл никуы базонæм æмбæлон кад скæнын. Фæлæ Бестау, куыд уынæм, афтæмæй кæд контрастон «талынг» æмæ «рухсæй» бынтон арæх пайда кодта, уæддæр ацы æмдзæвгæйы йæ зарджытæй æрмæст уый тыххæй нæ зæгъы, ома, «Талынг æхсæвæй уæ раскъуыдтон, Судзгæ цы-рагъау, мæ зарджытæ». Æцæг, диссаджы рæсугъдæй сæмбæлдысты сæ кæрæдзийыл æмæ æрмæст уацмыс нæ ныррæсугъд кодтой, фæлæ чиныг-кæсджыты зæрдæтæ дæр. Уымæн æмæ нæ зæрдыл æрбалæууы поэты æгъуыссæг, «талынг æхсæвты уæзбын хъуыды». Адæймаджы не знæт царды тагъд кæнын куы никуыдæм уал фæхъæуы æмæ йæ дуджы философон сæнт-тæ сæ базыртыл дæртты æмæ æввæхсты куы фæхæссынц, уæд, цыма, цард хуыздæр фенкъары.

Фæлæ поэт æрмæст уый тыххæй нæ зæгъы: «талынг æхсæвæй уæ раскъуыдтон». Поэтикон контрастæй, аивады бæрæг фæдимæ дзы бæлвырдæй зыны царды æгъатыр рæстдзинад дæр. Нæ фысджытæн, хъыгагæн, æцæг сфæлдыстадон куысты рæстæг никуы уыдис æмæ нæй. Никуы сын уыд фадат сæ аивадон фæллæйттæ фæлдисынæн. Кусыны хуыздæр рæстæджы – сæ райсомы фараст сахатæй изæры æхсæз сахатмæ сæ бинонтæн къæбæр амал кæныны тыххæй паддзахады службæйы вæййынц; сæ сæйраг фæллæйттæ – нæ адæмæн сæ аивадон бынтæ та сæ улæфты рæстæг – талынг æхсæвтæй раскъуынынц. Грис ын йе ‘хсæвтæй дыгай сахаттæ уымæн тонын кодта. Æмæ æрмæст Гиуæрги нæ уыдис уыцы уавæры. Нæ фысджытæ иууылдæр Дамоклы карды бын цардысты æмæ цæрынц ахæм цардæй.

Абайты Васо хъуыддагзонгæйæ загъта: «Писательство – это занятие. Но иногда писательство становится подвигом». Æгæрыстæмæй, ахæм удмарæн, адæймаджы дæлдзиныггæнæн уавæрты дæр сæхи дæлæмæ не ‘руадзынц æмæ Ирыстон, адæмы тыххæй свæййынц хъайтартæ.

Бестау дæр, хъыгагæн, нæ фысджыты уыцы хъысмæтæй хызт нæ уыдис. Ныфсфидарæй уымæн загъта: «ме ‘нцойæ цас хъуыдтой, уымæн уыдзæнис æмбарджытæ». Фæлæ, поэт, искуы йæ исчи бамбардзæнис æмæ сраст кæндзæн, уый тыххæй йæхи нæ сайы царды тæнджыты. Хиуарзон тæппудау, йæхицæй нæ исы бæрндзинад. Хъуамæ алы хатт дæр йæ дзырд уа рæстаг, нысанмæздæхт, хъуамæ дзы хуры мæнг рухс, хъыхъхъаг сойау, макуы кæна æнхъæвзæнтæ.

Уый нæ, йæ зарджыты поэты бархъомысæй бомбæтау се «знæт дæлрæнхъыты бамбæхст ныггуыппæввонг рухсмæсидт». Æмæ сæйраг уый у. Уый сын дæтты тохы монц, удуæлдай хъару. Уый фæрцы кæнынц йæ зарджытæ адæмæн рухсхæссæг. Мамиаты Изетæ рæстагæй зæгъы: «Бестаумæ поэзи у царды æндзыг-æнцойад халæг («хæлæн æрмæг» барстæуы иууыл карздæр хотых – бомбæимæ); у ноджы зæрдæвидар сидт – рæстæй цæрынмæ, зонд æмæ уды хæрам сафынмæ».

Уыдонмæ æнæмæнг бафтауын хъæуы, Гиуæрги-иу йæ аив дзырд æцæгæй кæй снывæфтыд кодта рæстдзинадæн. Адæмон сфæлдыстадæй райдай æмæ абоны дзырды дæснытыл фæу, цыдæриддæр уазæй, архитектониконæй æрымысыдысты, нæ поэтæн дзы æцæгæлонæй ницы уыдис, зæлыййонг сæм æвнæлдта арæхстгай, йæ уацмысты сæ «талынг æхсæвты уæзбын хъуыдыимæ» хаста рæгъмæ, налхъуыт-налмасау-иу сæ цæхæртæ скалын кодта, афтæмæй. Алыхуызон эпитеттæ, метафорæтæ, абарстытæ, символикон бынæттæ, уддзыд кæнын æмæ æндæр поэтикон амæлттæй æнæхай нæ уыдыысты йæ аив уацмыстæ. Уыдон æмдзæвгæйæн æрмæст йæ фидыц не сты, фæлæ йæ адæймаджы хъуыды æмæ зæрдæмæ хæссынц нывæфтыдæй. Æниу, йæ кæцы уацмыс нæу ахæм цымыдисон арæзт.

Цымыдисон ма цы у – Бестауты Гиуæргийы романтикон æмдзæвгæтæ цыма иу уацмысы хицæн сæртæ сты. Иу сæ иннæйы дарддæр кæны лæджыхъæд. Адæймаджы ном исынц бæрзонд. Кæсыс сæ æмæ дæ бæттынц сæхиуыл, сæ лирикон хъайтары сын куыд хуыздæр зоныс, афтæ дæ фæнды, йæ удыхъæд ын алыфарсондæрæй куы рафæлгъауис, кæронмæ йын куы ныккæсис йæ денджызæййас зæрдæмæ. Чиныгкæсæджы уыцы фæрныг хъуыды фескъæфы иу æмдзæвгæйæ иннæмæ. Ирон поэзийы Æвзист рæстæг æнæнхъæлæджы нæ систой арвæййонг.

Гиуæрги йæхи хызта хи уды адзалы койæ. Уæддæр-иу æм иумæййагæй æрхаудта йæ кой, кæй зæгъын æй хъæуы. Ӕмæ-иу уым дæр мæлæты кой ракодта лæджыхъæдимæ. Тыхджын, æнæбасæттон адæймагæн куцыд æмбæлы, йæ радтæг дзыллæйæн дзы кад куыд æрхæсса, афтæ.

Фæлæ, хъыгагæн – ахæм стыр поэт-иу, нæ ирон фысджытæй бирæтау, цыма арæх æрлæууыд адзалы къæсæрыл. Сæ тох-иу уыд хъысмæтимæ æнæмæлæт кæй сты, уый охыл. Бестау æнусон тохы фаг хъару, уый тыххæй æнхъæлдта йе уæнгты. Фæлæ йын уæддæр æнæзонгæ нæ уыд: “Исчи уалдзæг куы мæла, – Тугтæригъæд уыдзæни”. Поэтæн æгæрон уыд йæ бæллиц: “Ехх, лæг уалдзæгрæвдыдæй Афтæ ‘нустæм куы цæрид.” Цардæн ницæмæй ис баивæн, кæд, Нигермæ  гæсгæ: “Цард тох у,” – уæддæр.

Хорз зыдта, рæстæг, къуыбылойау, размæ кæй тулы, уыцы тыхтоны хуызæн у йæ цард, фæлæ йæ уый нæ тæрсын кæны. Нæ бады æмæ, кæйдæртау, ставд цæссыг не згъалы:

Фæлæ судзы зæрдæ цинæй арты:

Иунæг уысм мын мин æнусы аргъ у,

Кувын æз хуыцæутты бæсты цардæн:

О, мæ цард, тъымы-тъыма ныддаргъ у…

Искуы йæ уды бæсты хъæз куы ‘рзайа, уæд дæр цæрдзæнис, стæй дзы кæддæр фыййау сараздзæнис уадындз æмæ та диссаджы цард скъобор уыдзæнис дзыхъхъынногæй:

Ӕмæ та мæ зарæг зæлдзæн кæмтты,

Хъугомæй йæм гутондар ныхъхъусдзæн,

Ацæудзæн дыз-дызгæнгæ йæ уæнгты,

Тугдадзинты ‘хсидгæ тугау хъаздзæн.

 

Фескъуындзæн хæххон суадон йæ кадæг, –

Хъусдзæнис æм их-авджы сæстытæй:

Тулдзысты дзыназгæ зæлтæм цадæг

‘Взист цæссыгтæ уарзæтты цæстытæй;

 

Арвастæу йæ базыртæ ныттындздзæн

Хохаг цæргæс – сисдзæн æй уæлтæмæн.

Зарæджы зæл удхосæн ныттæдздзæн

Удисæг цæрæццаджы зæрдæмæ…

Ӕй, дæ бындар фæуай, Бестау, кæд дын сæ дæ зæрдыл та цы лæууын кодта. ахæм поэтикон уацмыстæ кæсгæйæ – зарæджы ахæм зæлтæ цæрæццаджы зæрдæмæ нæ, фæлæ, уæлтæрхæг чи хуысса, уый зæрдæмæ дæр ныттæдздзысты удхосæн. Ахæм уавæры адæймаг куыннæ хъуамæ бафæзма Калоты Хазбийы – “Ӕз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл: “цард цæуы, æхсæрдзæнтæй кæлы”.

Уæддæр нæ цудыдта поэты дурынфидар уд: “Арвырон гуылф-гуылф кæны нæ хъæдты Ӕмæ мын мæлыны бар нæ дæтты” (“Хуры тынтыл мигъпæлæз – бырæгътæ…”). фæлæ æмбисонд йæхи зонд кæны: “Ӕнæмæлæт адæймаг Хуы-цау нæма сфæлдыста”. Бестау дæр йæ низæй куы райдыдта фæлмæцын, уæд ын, мæгуыр, цынæ баууæндгæ уыд йæ адзалыл, фæлæ йæм уыйбæрц хъару уыдис æмæ тъизгæ нæ кодта. Кæд, йæ райстбавæрд зæгъинæгтæ, йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй æнæкондæй баззадысты, уæддæр фидарæй зыдта æмæ, нæ ныхасы райдианы куыд загътам, афтæмæй æрцыд йæ куырыхон дзырд:

Фæци мæ цин,

Ӕрталынг мыл æмбисбон,

Фæлæ уыдзынæн фидæны хуындзау,

Зæххон лæджы уæларвон фыны ‘мбисонд

Мæ фæдонтæн æз дзурдзынæн фыццаг.

Ӕмæ уый, нæ зæрдæтыл нæ къух куы æрæвæрæм, уæд æй хъуамæ дзурæм æргом æмæ сыгъдæгзæрдæйæ. Ӕлборты Хадзы-Умар дзырдта: “Бестауты Гиуæргийы поэтикон уд цæры ирон поэзийы историйы дыууынæм æнусы 50-æм азты дыккаг æрдæджы – 60 – 70-æм азты. Уыцы рæстæджы Ирыстоны литературон царды зынгæдæр хабæрттæм Гиуæргийæн уыд комкоммæ ахаст”. Уыимæ рох кæнын нæ хъæуы, уыцы рæстæджы  Бестау Гиуæрги æцæг æлвæст кардимæ кæй “цыд” йæ куысты дæр æмæ литературæйы дæр. Уымæн æй уыдис бирæ фæзмджытæ. Плиты Грис æй мæнгæй не схуыдта “самый одаренный поэт в послекостаевской осетинской литературе”.

Дугимæ æмдзу кæнын; куы бахъæуа, уæд йæ разæй дæр фæуын – уый литературæйы тынг зын хъуыддаг у. Джыккайты Шамил тынг раст загъта, стæй йын йе сфæлдыстады нæхæдæг федтам: “Бестауы-фырт уыдис нæ дуджы зынгæ поэт. Йæ аивадон бынтæ бæрцæй бирæ не сты, фæлæ æнустæм бæрæг дардзысты ирон литературæйы хæзнадоны. Йæ дæсныйад æмæ йæ лæджыхъæд уыдзысты фæзминаг, йæ ном æмæ йæ фæлгонц – ныфсдæттæг рухс”. Ӕмæ уый æнæдызæрдыгæй уыдзæнис, цалынмæ ирон нывæфтыд литературæ уа, уæдмæ. Уый нæ, нæхи цыфæнды рамбæхс-бамбæхс кæнæм, уæддæр нæ домдзæнис рæстæг, уымæн æмæ Бестауæй нывæфтыддæрæй ничи ма сдзырдта ирон поэтикон æвзагæй.

Цард афтæ ныв кæнын алкæй бон нæ уыд æмæ нæу.

Бестауы бон уыд.

ХАЗИТЫ Мелитон,

Къостайы номыл паддзахадон

премийы лауреат, профессор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.