Украинæйы сæрмагонд хæстон операци райдианæй фæстæмæ йæ фарсхæцджытæ æрбаиу сты ирд символты бын. Уыдон сты георгиаг лентæтæ æмæ триколортæ, контексты сфидаргонд латинаг дамгъæтæ æмæ урс бæттæнтæ салдатты уæнгтыл. Уыцы символтæм ма апрелы мæйы бафтыд ног фæлгондз – зæронд ус сырх тырысаимæ. Оригиналон видеойы æвдыст цæуынц ацæргæ æмкъæйттæ, Харьковы областы Дмитриевкайы хъæуæй.

Украинæйаг  хъæбатыр ацæргæ сылгоймаджы истории ныр зоны æнæхъæн Уæрæсе. 7-æм апрелы Интернеты фæзынд видео, цыран зæронд ус, йæ къухы Стыр Уæлахизы тырыса, афтæмæй рахызт украинæйаг хæстонтыл сæмбæлынмæ, уæрæсейаг æфсады салдаттимæ сæ фæхæццæ кæнгæйæ. Уый афтæ фенхъæлдта, зæгъгæ, территори рахызт Уæрæсейы контролы бынмæ æмæ уымæн рахаста йæ хæдзарæй Советон Цæдисы Стыр тырыса. Украинæйаг салдаттæ кæд сæхи экипировкæйы уыдысты, уæддæр уайтагъд нæ загътой сылгоймагæн Уæрæсейæ кæй не сты, уый. Ацæргæ сылгоймаг сын загъта, зæгъгæ, уæрæсейаг æфсæддонтæм «æнхъæлмæ кастысты, куывтой уыдоны, Путины æмæ æнæхъæн адæмы тыххæй». Украинæйы гарзджын тыхты салдаттæ йын радтой продукттимæ пакет, сылгоймаджы къухтæй стыдтой тырысайы æмæ йæ сæ къæхты бын ныссæстой цъыфы. Дзуаппæн,  чысыл, уæздæттæконд ацæргæ сылгоймаг нæ фæтарст хотыхджын украинæйаг салдаттæй æмæ бафæлвæрдта тырыса фæстæмæ раздахынмæ.

Уый фæстæ сылгоймаг фæстæмæ салдатты раз æрæппæрста продуктты пакет æмæ сын загъта, зæгъгæ, кæцы тырыса фæкодтат уæ къæхты бын, уый тыххæй хæцыдысты мæ ныййарджытæ фашисттимæ.

Фæстæдæр хызæгты фæзындысты цалдæр роликы оригиналон видео адарддæр кæнгæйæ. Зæронд ус рахъаст кодта æппынæдзух æхстытæй æмæ фæстаг дыууæ мæйы пенси кæй нæ райста, уый тыххæй, æппæт уыдæттæй Зеленскийы фæаххосджын кæнгæйæ, кæцытæ не ссардтой иумиаг æвзаг Путинимæ. Украинæйаг салдаттæ нал раздæхтой сылгоймагæн тырыса æмæ йæ, æвæццæгæн семæ ахастой. Уæрæсейаг дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ, райдианы видео фæзынд украинæйаг сайттыл, ома Харьковы область нырма ис Украинæйы гарзджын тыхты къухты, æмæ бынæттон æфсæддонтæ та цæттæ сты алкæмæндæр баххуыс кæнынмæ, æгæрыстæмæй, Уæрæсейы архайдтыты фарс чи хæцы, уыдонæн дæр. Фæлæ уæрæсейаг дзыллон информацийы фæрæзтæ сюжетæн радтой ног нысаниуæг.

9-æм апрелы тырысаимæ ацæргæ сылгоймаджы равдыстой уæрæсейаг 1-аг каналы. Апрелы æмбисы та сырх тырысаимæ ацæргæ сылгоймаджы истори бахæццæ ИНО-йы Æдасдзинады Советы онг. Рабадтытæй сæ иуы уæрæсейаг дипломат Дмитрий Полянский ацы цауы æрхаста бæлвырдгæнæны хуызы, зæгъгæ, Украинæйы адæм æнхъæлмæ кæсынц нацисттæй сæ кæд ссæрибар кæндзысты, уымæ æмæ сылгоймаджы архайдтытæ схуыдта сгуыхтдзинад.

Сылгоймагæн хызæгты æрхъуыды кодтой ног ном «Бабушка Победы»., зæгъгæ. Абон йæ нывтæ фæзындысты Уæрæсейы бирæ горæтты, уыцы нымæцы Цæгат Ирыстоны Мæздæджы дæр тырысаимæ сылгоймадлжы ныв  фæзынд кинотеатры бæстыхайы къултæй сæ иуыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.