УФ-йы Федерацийы Совет йæ радон æмбырды сфидар кодта Дыккаг дунеон хæсты фæуды бон бæрæг кæнын 2 сентябрæй 3 сентябрьмæ раивыны фæдыл закъоны проект. Уыимæ дыууæ сенаторы схъæлæс кодтой амынд закъоны проекты ныхмæ. Уыдоны нымæцы – ФАДЗАЙТЫ Арсен дæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ахæм закъоны проект УФ-йы Паддзахадон Думæмæ балæвæрдта депутатты хъæппæрисджын къорд хъахъхъæнынады хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Владимир Шамановы разамындæй. Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, ССР Цæдисы Сæйраг Совет 1945 азы цы Указ сфидар кодта, уымæй 3 сентябрь нымад æрцыд Японыл уæ-лахизы бон æмæ æппæтадæмон бæрæгбоныл. Фæлæ фæстæдæр уыцы бæрæгбон аивтой. 2005 азы та, куыд зонæм, афтæмæй 3 сентябрь Уæрæсейы нымад æрцыд Террористон фыдракæндты амæттæгты номарæн боныл.

Æмæ ныр бирæ æхсæнадон организацитæ не сразы сты, цæмæй хæстон намыс æмæ номарæн бонтæ бæрæггонд цæуой уыцы иу бон. Уыдонимæ – “Беслæны мадæлты” комитет дæр.

Федерацийы Советы пленарон æмбырды 17 мартъы раныхас кодта Советы уæнг Цæгат Ирыстонæй Фадзайты Арсен. Уый сенаторты зæрдыл ногæй æрлæууын кодта, уыцы дыу-уæ бонæн баиукæнæн кæй нæй, уый.

“Ма рох кæнут, 3 сентябрь æппæт Ирыстонæн дæр саударæн бон кæй у, уый. Куыд баиукæнæн ис хæстон намысы бæрæгбон æмæ саударæн бон? Боны фыццаг æмбисы саударæн мадзæлттæ æххæст кæндзыстæм, фæссихор та – бæрæгбоны мадзæлттæ?”, – загъта Фадзайы фырт.

Цæгат Ирыстоны минæваримæ сразы сенатор Юрий Важенин дæр. Сенаторы хъуыдымæ гæсгæ, Дыккаг дунеон хæсты уæлахизы бонæн æмæ Беслæны цауты номарæн бонæн иугæнæн нæй.

“Нæ, махæй рох ницы у. Беслæны фыццæгæм скъолайы æвирхъау цаутæ куы ‘рцыдысты, уæд æз уыдтæн Бетъырбухы губернатор. Æнæ цæссыгæй нæй дзурæн уыцы бонты цауты тыххæй. 3 сентябрь фестивалы бон нæу. Уый у, террористон фыдракæнды чи бабын, уыцы адæмы номарæн бон. Уымæй уæлдай уый у Сырх Æфсады уæлахизæн кадгæнæн бон дæр”, – йæ раныхасы фæбæрæг кодта Федерацийы Советы Сæрдар Валентина  Матвиенко.

Афтæмæй сенатортæ схъæлæс кодтой закъоны проектыл, йæ ныхмæ уыдысты дыууæйæ – Фадзайты Арсен æмæ Юрий Важенин.

Куыд рабæрæг, афтæмæй Цæгат Ирыстоны æхсæнадон организациты минæвæрттæ фæнд кæнынц сæрмагонд курдиат арвитын УФ-йы Президент Владимир Путинмæ, цæмæй закъон ма сфидар кæна.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.