Куыд алы рæстаг ирон лæгæн, афтæ Коцойты Арсенæн дæр йæ рæстæджы царды иууыл æнæуынондæр уыдысты, адæмæн стыр зиан æмæ бæллæхтæ чи хаста, уыцы фыдæлтæй баззайгæ æгъдæуттæ. Ирæд, тугисын, фидис, æфхæрд æфхæрдæй исын хурмæ рахаста йæ радзырдты «Сæумæрайсом», «Фынддæс азы», «Афтæ дæр вæййы», «Ханиффæ»-йы.

Хъæвдын, Саукуыдз, Саугуди ӕмӕ Тега сæ архайд æмæ æнæразыдзинадæй æвдисынц реакцион æгъдæутты æцæг цæсгом, сæ зианхæссæг тых æмæ фыддзинад. Адæмы æмбаргæдæрты фæрцы Арсен чиныгкæсæгæн базонын кæны фыдæгъдæутты антигуманон мидис, фæриссын ын кæны йæ зæрдæ, фесафы йын йе ‘нцойад, афтæмæй йæ фыдæгъдæутты ныхмæ саразы. Арсенмæ гæсгæ адæймаг цы æхсæнады цæры, уым пассивон архайæг хъуамæ ма уа, фæлæ рисса йæ хъыгтыл, цин кæна йæ хорздзинæдтæ æмæ æнтыстытыл. Йæ радзырдты геройтæй ахæмтыл банымайæн ис фыдæгъдæутты хурмæ хæсджыты. Стыр зиан хаста адæмæн тугисын. Мæнæ куыд фыста Калоты Барис дæр: «Из патриархально-родовых порядков, сохранившихся в быту осетин, наиболее прочно держался обычай кровной мести».

Тынг хорз ын зыдта Арсен дæр йæ зианхæссæг тых æмæ йыл уымæн дзуры йе сфæлдыстады. 1901 азы газет «Кавказы»-ы уырыссагау мыхуыры рацыд Арсены радзырд «Фидис». Фæстæдæр æм ивындзинæдтæ бахаста æмæ йæ схуыдта «Сæумæрайсом». «Раст зæгъгæйæ, уыцы ном (ома «Фидис») аивдæр фидауы. «Сæумæрайсом» æгæр нейтралон у, радзырды мидисимæ дæрдтыл зилгæйæ баст у æрмæстдæр»,- фыссы Джусойты Нафи. Фæлæ Арсен, æвæццæгæн, дзæгъæлы нæ аивтаид йæ радзырды сæргонд. Афтæ мæм кæсы æмæ ацы номимæ баст у уацмысы сæйраг хъуыды, йæ идейæ. Мæнæ нæ разы сæумæрайсом рæсугъд æрдз, «царды бæллиццаг афон» æмæ тугныккалд. Фыссæг сæ кæрæдзийы ныхмæ æвæры æмæ сæ кæцыйы фарс у, уый зыны йæ радзырды сæргондæй дæр. Фондз азы размæ Таймуразæн Куыдзиаты Батрадз амардта йæ хистæр лæппуйы. Уæдæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ рухсы цъыртт нал кæсы. Зæронд лæг фылдæр хъыг æмæ æрдиаг кæны, йæ фырты туг ист кæй нæма у, ууыл, йæ зæрдæйы нырма арф æвæрд у фыдæлтæй баззайгæ æгъдау «туг тугæй æхсадæуы». Мæнæ куыд фыста уый тыххæй Ф. И. Леонтович: «Каждый родственник убитого обязывается священным долгом мстить смертью убийце и его родственникам. Не исполнивший этого подвергается жесточайшему бесчестию, а семейство и даже родственники его – возможным обидам». Арсенæн йæ радзырдæй нæ базонæм Таймуразы лæппуйы мæлæты аххосаг. Царды ныв алывæрсыгæй равдисын Арсен-рухстауæг йæ хæсыл нæ нымадта. Сæйрагдæр ын уыд царды фæзындæн йæ трагикон фæстиуджытæ, йе ‘гъатыр цæсгом равдисын, æмæ йын йæ ныхмæ исты æрхъуыды кæнын. Уымæ гæсгæ равзæрста йæ уацмысы тугисджытæн дæр фидыды фæндаг, уæззау æмæ вазыгджын фæндаг:

 «Сыстадысты хъæубæсты хорз лæгтæ, хъæубæсты цытджын зæрæдтæ. Загътой: «Æнæбафидаугæ нал ис Биганатæ æмæ Куыдзиатæн». Дыууæ мыггаджы дæр, цы бæллæхтæ сын æрхæсдзæн тугисыны фæндаг, уый æмбарынц æмæ разы кæнынц фидауыныл. «Осетин, хотя и свято выполнял обычай кровной мести, но в то же время он тяжело переносил его жестокость и нестерпимый гнет»,- кæсæм Н.Ф. Дубровинмæ дæр. Фидыды фæндагыл бирæ алыхуызон цæлхдуртæ кæй уыдзæн, уый нæ фыссæг хорз зыдта, фæлæ йæм уый иууыл растдæр касти. Бафæраздзæн фыдæлты æгъдæуттыл фидархæцæг, «тыхст æмæ фæллад» Таймураз ахæм цæлхдурты сæрты ахизын? Кæмдæр фидауыны æмæ цардыл хъуыдытæ фæйлыдтой йæ сæры уыцы рæстæджы. Фæлæ йын мæнæ иуахæмы бацайдагъ быцæу ныхас йæ сыхагимæ: – Кæимæ дзурыс, хæрæджы фырт? – фæхъæр кодта сыхаг. – Куыд уæндыс ды Ныхасмæ цæуын? Куыд уæндыс ды мемæ дзурын? Дæ фырты Куыдзиаты Батрадз фысау аргæвста… Райстай йын, мыййаг, йæ туг? Фидис бамынæг кодта, Таймуразы зæрдæйы цы «рухсы цъыртт» уыдис, уый, тугисыны мондаг ыл фæуæлахиз. Чи уыд уыцы рухсы цъыртты бамынæджы аххосджын? Фыдæгъдауы фарсхæцджытæй иу – сыхаг, уый йын бафидис кодта, мæрдджын иууыл тынгдæр цæмæй тарсти, уый. Кæд æмæ æмбæрста, фидауыны фæндагыл ныллæууæгмæ ахæм æвзагæй сдзурын тæссаг хъуыддаг у, уый, уæддæр. Æвзæр æвзаг, дам, дур дæр халы, мæнгæй нæ фæзæгъынц. Фæлæ цымæ Таймураз йæхæдæг ницæмæй у азымаг? Фидауыны фæндагыл чи ныллæууыд, уый йæхи афтæ хъуамæ дардтаид? Тынг хорз зыдта, цы æхсæнады цæры, уый цæстæнгас тугисынмæ. Цæуылнæ хызта йæхи тызмæг ныхас æмæ æнæхъуаджы уайдзæфтæй? Ирмæ фидис фыдбылызæн кæй баззад, уый дзы ферох? Цæмæн бацыд быцæуы æмæ ма хъал ныхас дæр кодта!..

 Радзырды ацы эпизодæй нын Арсен равдисынмæ хъавы, фыдæгъдауыл цы æхсæнад хæцы, Таймураз дæр уыдонæй кæй у. Йæ маст йæ тæккæ тынгыл куы уыди, уæд нæ фæци йæ фарсмæ ныфсæвæрæг дæр. Йæ ус та йæм уæндгæ нæ бакодта: зыдта, ахæм сахат йемæ дзурæн кæй нæй. Уый дæр дзурæг у йæ тызмæг характерыл. Уæдæ æрмæст фидис нæ уыд Таймуразы ног масты аххосаг. Хъæвдыны хуызæн сæрыстыр æмæ æнæрцæф лæппу дæр ма йын фынддæс азы бафæрæзта («Фынддæс азы»). Æрмæст Хъæвдын йæхи маст исынмæ цæттæ кодта, фæлæ Таймураз та зæронд кæй у, уымæ гæсгæ йын æнхъæлмæ кæсæн нæ уыд. Афтæмæй уый дæр фыссæг нымайы фыдæгъдауы амæттагыл. Уæлæмæ скæсын æй нал бауагътой фидис æмæ туграйсыны хъуыды. Ам Таймураз æвдыст цæуы, фыдæгъдауы хуызæн тызмæг æмæ гуымирийæ. Тæссаг фæндагыл йæхæдæг нæ цæуы, фæлæ йыл æрвиты, «фæстæзад æгъдæутты маргæй йæ уд кæмæн нæ фæхъæстæ, уыцы цардбæллон лæппуйы» (Джыккайты Ш.). Уый та ноджы трагикондæр кæны тугисын. Афтæмæй Таймуразы хуызæтты руаджы тугисын фæлтæрæй – фæлтæрмæ цыд, аскъуыйæн ын нæ уыд. Радзырд «Сæумæрайсом»-ы кæй фæлгонцæй равдисынмæ хъавыд Арсен йæ зæрдиаг хъуыдытæ фыдæгъдауы ныхмæ? Нæ разынд зæронд Таймураз йæ идеалтæ æххæстгæнæг. Йе ‘нахъом лæппу Саукуыдзы зæрдæйæн цы «масты æнхъизæн» цæттæ кодта, уый йын иуахæмы йæ хай фæкодта: фынддæсаздзыд лæппуйы фæраст кодта тугисыны фæндагыл. «Æнæ уый дæр мæ зæхх йæхимæ ласта, фæлæ уæдæй фæстæмæ иудадзыг асасти мæ зæрдæ, мæ хъару. Ныр де ‘намонд æфсымæры алы æхсæв дæр мæ фыны уынын… Мæ ныхæстæ дæ зæрдæйыл бадар… Уый зон, мæ иунæг, æмæ ма мæ къæхтыл куы слæууон, уæддæр мын уыцы фидисы фæстæ адæмы астæумæ цæуæн нал ис!…» – зæгъы Таймураз йæ лæппуйæн. Куыд нæ хъуамæ бадардтаид йæ зæрдыл фыды ныхæстæ ирон æгъдæуттыл хъомылгонд Саукуыдз, кæд ын зæрдæйы фæндон нæ уыдысты, уæддæр. Саукуыдзы характеристикæйыл лæмбынæг æрлæууыд Арсен. Хайджын æй кæны ирон нæлгоймаджы хуыздæр миниуджытæй: бæрзонд, уæнгджын, хъæддых, кусаг, фæразон. Лæппу кæд бирæ мæт æмæ зындзинæдтæ бавзæрста гыццылæй фæстæмæ, цæсгом æмæ цæстæнгасæй кæд ас лæджы хуызæн зынди, уæддæр йæ «чысыл цæссыгтæ» ферттывтой, йæ фыд æй цы фæндагыл æрвиты, уый куы базыдта, уæд. Уый уыди фæлмæнзæрдæ лæппуйæн йæ фыццаг дзуапп тугисыны ныхмæ. Нæ бацыд йæ бон нæ зæгъын йæ фыды ныхмæ. Нæ йæ фæци уромæг дæр. Мад йæ ныфс нæ бахаста, «хæдзары сæр» кæй хуыдта, уый ныхмæ сдзурын. Арсенæн идеалон цы герой у, уый æрвиты тугисыны фæндагыл. Уымæй тынгдæр агайын кæны чиныгкæсæджы зæрдæ, æнæуынон ын кæны фыдæгъдауы. Саукуыдзы цæстæнгас тугисынмæ тынгдæр æвдыст æрцыд мæнæ ацы нывы: «Сæумæрайсом, царды бæллиццаг афон. Бирæ хæттыты уыди  Саукуыдз хъæды, фæлæ йæм нырæй рæсугъддæр дуне никуы фæкаст. Хъуыста мæргъты зардмæ, фæлгæсыди, арвы хъулæттæ фылдæрæй-фылдæр куыд кодтой…»Цæй хорз у дунейы цард» – уайтагъд та-иу сдзырдта хинымæр… Йæ зæрдæ афтæ рухс уыди, афтæ дзаг уыди циндзинадæй, æмæ хъавыди мæргъты зардыл йæхи зард дæр бафтауынмæ». Радзырдмæ гæсгæ æвзонг лæппуйæ айрох, марынмæ кæй рацыд, уый. Йæ цардбæллон уд схъазыд æрдзы рæсугъддзинадæй. Фæлæ, цымæ, хатыд Саукуыдз уыцы рæстæг æрдзы рæсугъддзинад? Адæймагæн йæ конд афтæ у æмæ маст, тыхст уавæрты нæ хаты нæдæр æрдзы рæсугъддзинад, нæдæр йæ алыварс цытæ цæуы, уыдон. Уæд йæ астæуыл хъама, йæ уæрджытыл цæхгæрмæ æвæрд топп бердан цы æвзонг лæппуйæн уыд, уый куыд ферох кодта, æрдзы рæсугъддзинадмæ кæсгæйæ, марынмæ кæй рацыд, уый. Арсен тынг хорз æмбæрста ацы хъуыддаг, фæлæ йæ фæндыд йæ идеалтæ æххæстгæнæгæн размæ акъахдзæф кæнын бацамонын, йæ геройы бæрзонддæр сисын, афтæмæй фыдæгъдауæн ныхкъуырд раттын. «Царды ад æмæ æрдзы рæсугъд æмбарынæн, уæлдайдæр ахæм уавæры, хъæуы стыр удыхъæд», – уымæн афтæ зæгъы Саукуыдзæй Джыккайты Шамил дæр. Арсен Саукуыдзы фæлгонцæй чыныгкæсæджы æууæндын кæны, æрдзы рæсугъддзинад афтæ тынг чи æнкъары, цардыл афтæ цин чи кæны, уый фыддзинæдтæн нæ, фæлæ цæрынæн кæй райгуырд. Цы фæндагыл рацыд, уый рæстæгмæ кæй айрох кодта, уый та ууыл дзурæг у æмæ йын зæрдæйы фæндон кæй нæ уыд. Фæлæ йын йæ цардбæллон уд аскъуыдтой фыдæгъдау æмæ йæ фарсхæцджытæ, сарæзтой дзы лæгмар. Саукуыдз йæхи æмæ иннæ æнæ аххос лæппуты мæлæтæй адæмы æркæсын кодта, йæ рæзгæ цард цы тугисыны тыххæй аскъуыд, уымæ, хъуыдытыл сæ фæкодта. Амардта Саукуыдз йæ туджджын Батрадзы дыууæ æфсымæры. Æнахъом лæппу нал фæцарæхст йе ‘фсымæры марæгмæ æмæ йæ къухæй фæмард, йæ хуыссæны йæ мæлæт ссардта Таймураз дæр. Адæмыл айхъуыст зæрдæхалæн хабар. Арсен æй хорз бахъарын кодта хъæубæстæм стырæй – чысылæй, хъуыдытыл сæ фæкодта: «Урсзачъе зæрæдтæ æнкъардæй мæрдджынты дуæрттæм лæууынц, æрдиаг кæнынц фыдбылызыл… Суанг сывæллæттæн дæр сæ зæрдæ нал ради хъазынмæ – иудадзыг уыцы фыдбылызы кой кодтой». «Хъуыддæгтæ аразæг хуыцау у… Табу йæхицæн!» – радзырды ацы рæнхъытæй Арсен зæгъынмæ хъавы адæмæн сæхи кæй хъæуы хъуыды кæнын, архайын, цæмæй æнæхъуаджы туг мауал кæла. Уымæ гæсгæ нæй сразы уæвæн Епхиты Тæтæрийы мæнæ ацы рæнхъытимæ: «Хъуыддæгтæ хуыцауæй кæнгæ сты, зæгъгæ… автор уыцы рæстæджы ацы хъуыдыйæ йæхæдæг дæр дард нæ лæууыд». Уæдæ Арсен – рухстауæг йæ радзырды сæйрагдæр равдыста тугисыны æвирхъаудзинад, рахаста йын тæрхон, рацыдис уыцы æгъдауы ныхмæ, 10 адæмы зæрдæтæ бакъуырдта уыцы æгъдауы фæстиуджыты трагикон нывтæй æмæ уымæй ахъаз фæци фыдæгъдау фесафыны хъуыддаджы.

Уалыты Татьянæ,

доцент, педагогон зонæдты кандидат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.